«ВАЙНАХ» – республикæйы сæйраг театры сценæйыл

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл Цæцæны республикæйы кафты паддзахадон академион ансамбль «Вайнах» цымыдисон концерттæ равдыста 10-æм æмæ 11-æм марты. Легендарон хореографион коллектив Цхинвалмæ гастролон балцы æрцыдис проект «Обменные культурные мероприятия России и Южной Осетии»-йы программæйы фæлгæтты.

Ансамблы хъазтизæры хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн презентацигонд цыдис Цæцæны Республикæ документалон кинойы руаджы. Видеоæрмæджы æвдыст цыдысты, республикæ фæсхæст цы уавæры уыд æмæ стæй куыд æндидзыдта, абон æй цы диссаджы уагмæ æркодтой, цавæр культурæ æмæ традицитыл хæст сты цæцæйнæгтæ, æппæт уыцы кадртæ. Цæцæны республикæйы райрæзты хъуыддаджы егъау хайбавæрд бахаста сæ раздæры президент, Уæрæсейы хъайтар Ахмат Кадыров æмæ ныр уымæн йæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ дарддæр кæны йæ фырт, Цæцæны Республикæйы ныртæккæйы аккаг сæргълæууæг Рамзан Кадыров.

Цæцæйнаг ансамблы артисттæ театры сценæйыл цы бирæ хореографион æмæ вокалон номыртæ сæххæст кодтой, уыдон дзурæг уыдысты сæ хъæздыг культурæ æмæ традицитыл. Сценæмæкæсджытæ стыр цымыдиси-мæ кастысты сыхаг республикæйы артистты арæхстдзинадмæ, тыхджын къухæмдзæгъдимæ-иу сыстадысты сæ бынæттæй, науæд та-иу лæугæйæ кæронмæ бакастысты иу кæнæ иннæ кафтмæ. Адæмы дисы бафтыдта, «Вайнах» ирон адæмон кафт «Хонгæ» куы ракафыд, уæд. Уымæй равдыстой сæ хæларадон ахаст ирон адæммæ. Уый фæстæ та Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы артисттæ сæххæст кодтой цæцæйнаг кафт. Ирон æмæ цæцæйнаг артисттæ раст цыма кæрæдзийæн арфæ кодтой сæ кæфтытæй, афтæ рауад æмæ адæмы цины хъæртæ сытынг сты. Концертон программæйы ма Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы сгуыхт артисткæ Саппиаты Залинæ, Цæцæн æмæ Мæхъæлы республикæйы адæмон артист, композитор Рамзан Паскаевимæ иумæ фæндыртыл ацагътой музыкалон композици. Ацы номыр дæр рауадис цымыдисон æмæ хъæлдзæг. «Вайнах»-ы репертуары ма уыдис хæххон поэмæмæ гæсгæ æвæрд кафт «Тугисæг» æмæ цалдæр зарæджы, сæ иуы Ахмат Кадыровы рухс ном арынæн сæххæст кодта Цæцæны Республикæйы адæмон артист Мурад Байкаев. Зал ацы зарæгмæ байхъуыстой лæугæйæ.

Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны

Кæронбæттæны зæлыдысты арфæйы ныхæстæ номдзыд ансамблы адресыл. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов стыр аргъ скодта ансамблы артистты арæхстдзинадæн æмæ сын арфæ ракодта.

«Мах не ‘ппæт дæр стыр цымыдисимæ кастыстæм, сценæйыл цы диссаджы архайд цыдис, уымæ. Федтам артистты егъау куыст, сæхиуыл æдзухдæр кæй кусынц, уый зыны сæ аивады. Ам банысан кæнын хъæуы ансамблы аивадон къухдариуæггæнæджы стыр курдиат æмæ коллективы курдиат дæр. Цæцæйнæгтæ се сфæлдыстады руаджы равдыстой сæ культурæ, афтæ ма алкæцы адæймаджы зæрдæйы цы æнкъарæнтæ ис, уый», – загъта Марат Кулахметов.

Нæ бæстæйы Культурæйы министр Зæгъойты Рада банысан кодта, зæгъгæ, йæ республикæйы ном дардыл чи айхъуысын кодта, уыцы легендарон ансамбль «Вайнах»-æй цы æнхъæл уыдысты, уымæй ноджы хуыздæр æмæ цы-мыдисондæр рауадис сæ концерт.

«Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæны Республикæйы культурæйы архайджытæ сæ культурæтæ райрæзын кæныны тыххæй сæ куыст кодтой уæззау рæстæджыты. Ныртæккæ та маст кæнæм, Донбассы зæххыл цы цаутæ цæуы, уыдоныл. Цалдæр боны дæргъы нæ сыхаг паддзахады цы политикон хъæзтытæ цæуы, уыдон дæр адæмыл æндавынц, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр архайæм культурæйы рæзтыл, цæмæй æнгомдæр кæной адæмтæ. Абон дæр культурæйы руаджы æрбаиу сты ирон æмæ цæцæйнаг адæмтæ. Уадз æмæ Ирыстон, Цæцæн æмæ Стыр Уæрæсейы музæтæ кæрæдзимæ хъуысæд æмæ зæх-хыл та уæд сабырад», – банысан кодта министр æмæ РХИ-йы Культурæйы министрады номæй Цæцæны Республикæйы Культурæйы министрадæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны

Ныхас сценæйыл адарддæр кодта Цæцæны Республикæйы Культурæйы министры фыццаг хæдивæг Марет Байсарова æмæ арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ хорз ахасты тыххæй цæцæйнæгтæм.

Мадзалы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ Цæцæны Республикæйы культурæйы министр Айшат Кадырова хорзæхджын æрцыд «Хæлардзинады Орден»-æй. «Айшат Рамзаны чызг у ацы хорзæхы аккаг. Абон регионты æхсæн хæларадон ахастытæ райтынг кæныны хъуыддаг у иууыл сæйрагдæр æмæ уый æфты нæ министры къухты», – загъта Марет Байсарова.Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдар Джуссойты Константин банысан кодта, Цæцæны культурæйы бонтæ банысан кæнын кæй у ахсджиаг, уый.

«Театралон æмæ музыкалон аивадæн чи табу кæны, уыцы адæмæн æртæ боны уыдзысты бæрæгбонтæ. Фæнды мæ раарфæ кæнын Цæцæны Республикæйы къухдариуæгад æмæ сæ Культурæйы министрадæн æхсæнрегионалон культурон баст-дзинады райрæзты хъуыддаджы тыххæй», – загъта РХИ-йы Хицауады сæрдар.

Мадзалы фæлгæтты ансамбль «Вайнах»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Ахматов Рамзан æмæ артисттæй цалдæрæн лæвæрд æрцыдис «Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы ном. Республи-кæйы æндæр кадджын хорзæхтæй ма хорзæхджын æрцыдысты театры артисттæ æмæ Цæцæны Республикæйы Культурæйы министрады минæвæрттæ. РХИ-йы Кады грамотæйæ та хорзæхджын æрцыд Марет Байсарова. Уазджытæ сæхæдæг та РХИ-йы Культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ министрады цалдæр кусæгæн радтой арфæйы фыстæджытæ.

Рамзан Кадыров нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланы номыл цы арфæйы фыстæг æрæрвыста, уый дæр фехъусын кодтой æмæ йæ бакастысты.

Ансамбль «Вайнах» у Цæцæны Республикæйы раззагондæр сфæлдыстадон коллективтæй сæ иу æмæ парахат кæны бæстæйы хъæздыг культурæ æмæ традицитæ. У Цæцæны Республикæйы фыццаг президенты номыл Ордены кавалер, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады премийы лауреат, æхсæнадæмон конкурсты æмæ фестивалты Гран-Прийы хицау æмæ афтæ дарддæр. Ансамблы истори райдыдта 1939 азæй, Грознæйы кафт æмæ зарды профессионалон ансамбль куы сырæзт, уæдæй.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.