9-æм февралы Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры радон уазджытæ уыдысты Уæрæсейы зонадон академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры скифаг-алайнаг иртасынæдты центры къухдариуæггæнæг Цыбырты Алексей æмæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æмæ иумиаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг, филологон зонæдты кандидат Дзиццойты Юри, кæцытæн сæрмагондæй сæ ныхасы сæр уыдис Центры æмæ æппæтдунеон зонадон журнал «Нартамонгæ»-йы куыст æмæ архайды, афтæ ма йæ разы цы хæстæ æвæры, æппæт уыдоныл.

Пресс-конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта информацион агентад «Рес»-ы сæйраг редактор Уазæгты Юри æмæ банысан кодта абон ирон адæмы историйыл канд Ирыстоны адæм æмæ æхсæнад нæ дзурынц, фæлæ ма йæм лæмбынæг хъусдард здахынц Ирыстонæн æдтейæ дæр. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, бæлвырд у бирæтæ кæй архайынц ууыл, цæмæй нын нæ истори, аланты бынтæ, нарты эпос бакæной сæхи.

Цыбырты Алексей банысан кодта скифаг-алайнаг центр арæзт кæй æрцыд 2001 азы не ʻмзæххон, зонадон дунейы зындгонд стыр ахуыргонд, иранист Абайты Васойы æххуысæй. Уымæн фыццаг къухдариуæгад кодта Васойы ахуыргæнинаг, ирон ахуыргонд Гусалты Витали. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы аз Центр Францы иууыл рагондæр институттæй сæ иу Иналькоимæ (ИНАЛКО) сæ къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл, цæ-мæй мыхуыры уагътаиккой æппæтадæмон, æрвылазон, зонадон журнал «Нартамонгæ».

«Журналы фыццаг номыр, нымад цæуы архивоныл. Ацы номырæн презентацитæ арæзт æрцыд Парижы æмæ Миланы. Уый рацыд 2002-æм азы æмæ йæ редактор та французæгты ʻрдыгæй уыд Франсуа Корнелие. Йæ фæрстыл мыхуыр цыдысты дунейы æппæт ахуыргонд-аланзонджыты зонадон уацтæ æмæ йын уыдис стыр ахадындзинад.

2004-æм азы Гусалты Витали кæй фæзиан, уый тыххæй скифаг-алайнаг иртасынæдты центры къухдариуæггæнæгæй снысан кодтой стыр ахуыргонд, археолог Тъехты Баграты.

Дзиццойты Юри йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, журнал саразыны хъуыдыйыл ныхас цыдис Центры сырæзтæй фондз азы раздæр. «Журналы сырæзтыл ныхас куы цыдис, уæд уыцы ран хайад иста Абайты Васо æмæ зæрдиагæй ралæууыд хъуыддаджы фарс», – загъта уый. Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ журнал «Нартамонгæ» æххæст кæны ахсджиаг хæс – иу кæны иранистты, æппæт дунейы скифты æмæ аланты проблемон фарстытæ чи ахуыр кæнынц, æппæт уыдоны. «Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ баиу кæна ирон адæмы истори, афтæ ма культурæ, æвзаг æмæ фольклоры истори чи ахуыр кæны, уыдоны дæр. Æз мæхæдæг хайад истон журналæн Парижы презентацийы. Ардæм уæд æрæмбырд сты Францийы æппæт зындгонд иранисттæ æмæ аланзонджытæ æмæ стыр аргъ скодтой «Нартамонгæ»-йы фыццаг номырæн», – зæгъы Дзиццойты Юри. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй журнал стыр цымыдис сæвзæрын кодта æппæт дунейы иранисттæ, скифологтæ æмæ аланзонджытæм,  æмæ  йæ  сæйраг   хъуыды дæр æнцой кодта раст ацы хъуыддагыл. «Уыдонæй бирæтæ сæрмагондæй уацтæ фыстой ацы зонадон мыхуыры органæн, иннæтæ та-иу æрæрвыстой мыхуыры-иу чи рацыдысты, сæ уыцы æрмæджы-тæ. Ацы зонадон æрмæджытимæ зонгæ кодтой Уæрæсейы æмæ Ирыстоны ахуыргæндтæ. Тынг бирæ публикацитæ «Нартамонгæ»-йы фæрстыл бакæсæн ис Александр Лубоцкойæн, кæцы нымад цæуы дунейы иууыл хуыздæр индологыл. Уый ма у ирайнаг æвзæгты дæсны дæр. Тынг хорз зоны ирон æвзаджы истори æмæ зæрдиагæй æмгуыст кæны зонадон журналимæ», – радзырдта ахуыргонд. Дзиццойты Юрийы фидарæй уырны «Нартамонгæ» кæй æрцахсдзæнис æндæр зындгонд зонадон журналты æхсæн йæхи æмбæлон бынат, уый.

Цыбырты Алексейы ныхæстæм гæсгæ сæм ис стыр плæнттæ   журнал æмæ Скифаг-алайнаг центры куыст райтынг кæныны хъуыддаджы. «Дыууæ азы размæ мæм бахатыд Дзæуджыхъæуы зонады центры сæрдар Къусраты Анатоли, цæмæй слæууыдаин ацы Центры сæргълæууæгæй æмæ æрæвнæлдтаин журналы куыстмæ. Ацы фарсты фæдыл æз фæхъуыды кодтон æмæ  сразы дæн. Журнал ногæй рауадзыны нын баххуыс кодтой Дзиццойты Юри æмæ нæ коллегæтæй бирæтæ, кæцытæ кусынц Центры. Хъуыдис нæ ногæй бастдзинæдтæ саразын, раздæр æмгуыст кæимæ кодтам, уыдонимæ, фæлæ, хъыгагæн, куыд рабæрæг ис, афтæмæй уыдонæй бирæтæ удæгас дæр нал сты. Иннæтæ та цæттæ сты дарддæр дæр журналы кусынмæ», – зæгъы Цыбырты Алексей. Йæ ныхæстæм гæсгæ, журнал «Нартамонгæ»-йы кусын кæй фæнды, ахæмтæ сты Франсуа Бардер, Александр Любоцкий, Антонио Панаино, Адриано Росси æмæ æндæр зындгонд ахуыргæндтæ. Уымæй дарддæр ма ам кусынц ирон ахуыргæндтæ Гаглойты Юри, Дзиццойты Юри æмæ Сæлбиты Тамерлан, кæцытæн фæстаг номыры рацыдысты сæ уацтæ. Уымæй дарддæр ма журналмæ   кусынмæ фæхуыдтой французаг ахуыргонд, Жорж Дюмезилы ахуыргæнинаг Жоэль Грисварды.

Цыбырты Алексей нын куыд загъта, афтæмæй æрмæджытæ журналы мыхуыргонд цæуынц цыппар æвзагыл – уырыссаг, французаг, немыцаг æмæ англисаг æвзæгтыл, уымæн æмæ æппæт дунейы ахуыргæндтæй,  зонадон куыст чи кæны, уыдон зонынц ацы фæсарæйнаг æвзæгтæ. Уый та стыр ахъаз у, цæмæй журналæн йæ авналæнтæ уой уæрæхдæр æмæ дардыл, æппæт дуне йæ куыд базоной, афтæ.

Цыбырты Алексей ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, сын æрмæджытæ мыхуыр кæнгæйæ, ахсджиаг у авторон бартæ хъахъхъæнын.  Мах фæнд кæнæм, цæмæй журнал ахъаз кæна иранисттæ æмæ ирон æвзагиртасджыты æмархайдæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн ахсджиаг у дунеон бастдзинæдтæ аразын», – банысан кодта Цыбырты Алексей.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.