Тынг тыхстысты, Плиты Харитоны уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæ. Къæвдаты рæстæджы-иу азмæлæнтæ нал уыд цæрæн хæдзæртты рæзты. «Нæ уынг дыууын азæй фылдæр арæзт никуы уыдис. Нæхи тыхтæй-иу ыл æр­калдтам хуыр, барæстытæ-иу æй кодтам, фæлæ-иу уый бирæ рæстæг нæ ахаста. Къæвдаты рæстæджы-иу уайтагъд фехæлдис æмæ къахæй цæуджытæ нæ, фæлæ машинæтæн дæр зын ахизæн уыдис. Æппынфæстаг махæн дæр нæ уынг рафидаудзæнис!   Къæвдабонты цъыфæй нал тыхсдзыстæм, хурбонты та – рыгæй», – зæгъы ацы уынджы цæрæг.

Хæдзæртты раз зæххыбын коммуникацитæ цалдæр азы размæ раивтой. Раивтой, хæдзæрттæм бахизæнты цы электрохæххытæ цыд, уыдоны дæр. Ныр та кусджытæ сисдзысты зæххы уæлцъар æмæ йыл уый фæстæ ныккалдзысты хуыр. Ацы куыстытæ кæнынц «Комавтодор»-ы кусджытæ нæ бæстæйы Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ.

«Куыддæр уыцы куыстытæ фæуой, афтæ та æрæвналдзыстæм асфальты фыццаг цъар сæвæрынмæ. Зæххыбын коммуникацитæ уагъд æрцыдысты схемæмæ гæсгæ. Техникæ æмæ нын кусджытимæ проблемæтæ нæй.  Бынаты ссарæн цы арæзтадон æрмæджытæн нæ уыд, уыдон та самал кодтам республикæйæн æддейæ. Æрмæст нæ чысыл къуылымпы кæнынц, цæрджытæн уынджы цы æфсæн гаражтæ æвæрд ис, уыдон. Мах сæ иу мæйы размæ бафæдзæхстам, цæмæй сæ айсой, фæлæ абон дæр уыдон уым лæууынц. Махæй кæнгæ цы у, уый кæронмæ бакæндзыстæм, сæвæрдзыстæм асфальты дыууæ цъар дæр, бордюртæ æмæ ма иннæ бакæнинаг куыстытæ дæр нæ ныддаргъ уыдзысты», – зæгъынц ацы уынджы кусджытæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.