Фæстаг рæстæджы хынцыд цæуы, грипп æмæ æндæр вирусон хæцгæ низтæй рынчынты нымæц кæй фæфылдæр. Уымæ гæсгæ бирæ скъолаты æмæ сабидæтты знонæй фæстæмæ баконд æрцыд карантин дæс боны æмгъуыдмæ.

Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнын æмæ цæрджыты хæрзвадатдзинады фадыгмæ  хъусдарды фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ахуырадон уагдæтты æрвылбон бæрæг кæныны рæстæджы рабæрæг, скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндон-цæхæрадæтты, иумиагæй сисгæйæ, кæй цух кодтой ахуыргæнинæгты 20 проценты.

Уымæ гæсгæ уынаффæ ист æрцыд, цæмæй урæд æрцæуа ахуырадон процесс горæт Цхинвалы цалдæр скъолайы – 1, 2, 5, 10, скъола-интернат, Аивæдты лицей æмæ сывæллæтты иуæй-иу рæвдауæндон-цæхæра-дæтты. Цхинвал, Дзау æмæ Знауыры районты цалдæр хъæуы карантин ба-конд æрцыд цалдæр скъола æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæтты. Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ районты чысылкомплектон скъолатæ кæй ис, уымæ гæсгæ дзы дыууæ кæнæ фылдæр ахуыргæнинаджы куы фæрынчын уа, уæддæр хъæуы ахуырадон уагдоны карантин бакæнын. Дарддæр дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуырадон уагдæттæм стыр хъусдард здæхт цæудзæн, уавæрмæ нæ кæсгæйæ, æмæ ист цæудзæн æмбæлон мадзæлттæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ грипп æмæ æндæр вирусон хæцгæ нызтæй рынчынты нымæц фылдæр кæнын райдайы январы мæйы дыккаг къуырийæ фæстæмæ.

«Ивгъуыд азтæм абаргæйæ, нæй зæгъæн афтæ, æмæ рынчынты нымæц фылдæр у. 6 январæй фæстæмæ республикæйы хосгæнæн-профилактикон уагдæттæм бахатыдысты 400 фылдæр гриппæй рынчынтæ, уыдонæй 300 фылдæр сты, 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ.

Бæстæйы сæйраг санитарон дохтыр сиды æмбæстæгтæм, цæмæй рынчын адæймаг хæдзары ма хос кæна, фæлæ бадзура фадыгон дохтырмæ, науæд «тагъд æххуысы» станцмæ. Уыдон бынаты скъуыддзаг кæндзысты, амбулаторон æххуыс кæнын хъæуы рынчынæн æви йæ рынчындоны схуыссын кæнын хъæуы. Уый ма рынчынты фылдæр кæныны хъуыддаг бабаста, зымæг йæ бартæ кæронмæ кæй нæ райста, æмæ æгæр хъарм кæй у, уыимæ. Уымæн æмæ æмбæстæгтæ боныгъæдмæ гæсгæ сæхи хъарм нæ дарынц æмæ рынчын кæнынц.

Йæ ныхæстæм ма бафтыдта, зæгъгæ, ацы аз хынцыд æрцыд пневмонийæ фараст æмбæстаджы кæй фæрынчын сты, уый. Уыдонæй дыууæйæн сæ уавæр фæуæззау гриппы фæстæ.

Сæвзæргæ уавæры фæстиуæгæн бæстæйы санитарон-эпидемиологон службæ æрвылбон бæрæг кæндзысты, ахуырадон уагдæтты æмæ медицинон, уагдæттæм æмбæстæгтæ куыд хатынц, уыцы хъуыддаг.

Иумиагæй сисгæйæ, æрвылаз дæр хынцыд цæуы ацы уавæр, уазалдзыд, гриппæй æмæ æндæр вирусон хæцгæ низтæй рынчынты нымæц кæй нæ фылдæр кæны. Абоны рынчынты нымæц хынцгæйæ, сæйраг санитарон дохтыры ныхæстæм гæсгæ, нæй зæгъæн æмæ фæдисхъæр кæнæм.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.