Ног азы хæдразмæ Бибылты Анатоли кусæгон балцы уыд Ленингоры районы. Ам уымæн уыд æхсæнады минæвæрттимæ фембæлд, фæлæ ма уымæй дарддæр Президент бабæрæг кодта Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты. Сывæллæтты хæдзары директор Гæбæраты Дзерассæ Президенты базонгæ кодта, ам цы 25 сывæллоны цæры, уыдоны царды æмæ ахуыры уавæртимæ, ахуырæй сæ сæрибар рæстæг  куыд æрвитынц, уыдæттимæ. Цы æрмадз сын ис, уым  хъæдæрмæгæй цы музейон экспозицитæ арæзт æрцыд, уыдон тынг фæцыдысты Президенты зæрдæмæ. Уæд Президент ныфс бавæрдта, сабиты хъæуæг æрмæджытæ æмæ инструменттæй сифтонг кæны-нæй сын кæй баххуыс кæндзæн.

 Уый ма бабæрæг кодта Сывæллæтты хæдзары хæрæндон æмæ сын ныфс бавæрдта, уазалгæнæн блок сын кæй самал кæндзæнис, цæмæй дыргътæ æмæ халсæрттæ ма сæфой.

Бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд Ленингоры Сывæллæтты хæдзары: Президент йæ ныхас сæххæст кодта. 20-æм январы сывæллæттæ райстой сæ æрмадзæн инструменттæ æмæ канцелярон æрмæджыты комплекттæ. Ныр сабитæй алкæмæн дæр уыдзæн, сæрмагондæй йæхæдæг кæмæй архайа, ахæм кусæнгæрзтæ. Къæбицæн та уыдзæн ног уазалгæнæн блок.

Йæ кусæгон балцы рæстæджы ма Президент ныфс бавæрдта, рынчындоны кæй сифтонг кæн-дзæнис тагъд æххуысы машинæтæй. Дыууæ «Уаз» маркæйы машинæтæ уыдзæн рынчындо-нæн. Машинæтæй иу лæггад кæндзæн, Цъинагары зонæйы цы хъæутæ ис, уыцы цæрджытæн. Дыккаг та, Ленингормæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдонæн. «Нива» маркæйы машинæ та лæвæрд æрцыд Ленингоры районы администрацийæн.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали бузныгæй баззад Президентæй: «Тынг бузныг стæм Бибылты Анатолийæ йæ лæвæртты тыххæй. Сывæллæтты хæдзары кæд уазалгæнæн блок рагæй хъуыд, уæддæр директор æмæ хъомылгæнджытæ Президентæй ницы куырдтой. Уый йæхæдæг бамбæрста, куы аракæс-бакæс кодта, уæд, æмæ нын мæнæ ныр нæ зæрдæтæ барухс кодта. Рынчындоны автопаркы дæр рагæй хъуыдысты тагъд æххуысы машинæтæ æмæ ныр уыдонæй дæр баххæст стæм. Дæрддзæф хъæутæм рынчынтæм цæуын проблемон уыд тагъд æххуысæн. Фæндæгты æдзæллаг уавæр, уæлдайдæр та – зымæгон бонты, зындзинæдтæ æвзарын кодта канд рынчынтæн нæ, фæлæ ма сæ хиуæттæн дæр. Ныр сæрибарæй, оперативонæй баххуысгæнæн уыдзæнис дæрддаг хъæуты рынчынтæн дæр».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.