Зарæг!.. Уый уды рæсугъд фарн у. Дæсны зарæггæнæг зарды аивадæй улæфы, йæ дадзинты алы æртауæй дæр  зæрдиагæй куы бакусы зарæджы текст  æмæ мелодийыл, уæд дзы рауайы зæрдæмæхъаргæ, композицион æгъдауæй чысыл сюжет-спектакль. Уыдон адæймаджы зæрдæйы кæнынц рæсугъд, цардмонц, уарзтæй дзаг, удфидардæр.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Любæйы дуэты альбом бацæттæ кæндзæн зындгонд ирон зарæггæнæг Mat-rang-ы аранжировкæгæнæг. Дыууæ чызджы альбоммæ бацæудзысты 8 зарæджы, уыдонæй дыууæ – дуэ-тæй.

Чызджытæ альбом рауадзын сфæнд кодтой ивгъуыд аз, сæ фæндтæ сæххæст кæнын сын къуылымпы кодта финансон фарст. Январы кæрон сын Президент Бибылты Анатоли  æххуысы ныфс радта.

“Ивгъуыд аз декабры ныффыстон Президентмæ. Студентты бон æмæ   мæ райгуырæн бон нæм фæуазæг æмæ ныфс радта альбом ныффыссыны хæрдзтæ бамбæрзынæй. Альбом цæттæ цæудзæн Дзæуджыхъæуы ирон зарæггæнæг Mat-rang-ы аранжировкæгæнæгмæ”, – загъта Джиоты Любæ.

“Тынг бирæ хорз æрмæг фыссы Хъодалаты Мария, сæ равзарын дæр нын уыд зын. Фæйнæ æртæ зарæджы сæххæст кæндзыстæм, уыдонæн сæ фылдæр бæрц мадæлон æвзагыл, къорд Би-2-йы стилы ‘нгæс. Ноджы ма дыууæ зарæг та уыдзысты дуэтæй “Радзур” æмæ “Руки твои”, дыккагæн фæнд кæнæм сисын клип дæр”, – бафтыдта йæ ныхасмæ зарæггæнæг.

Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Любæ сты ХИПУ-йы студенттæ. Мария ныридæгæн йæхицæн равзæрста сфæлдыстадон фæсномыг Шанти, фыссы æмдзæвгæтæ æмæ музыкæ. Ивгъуыд аз бацæттæ кодта йæ фыццаг клип зарæг “Ӕз бузныг дæн”-мæ гæсгæ.

Хъодалаты Мария, æрыгон уæвгæйæ, Ирыстонæн йæхи бауарзын кодта йæ зарджытæй. Уый æрмæст уникалон хъæлæсы хицау нæу, фæлæ ма у цæвиттойнаг хæрзæгъдауы миниуджытыл хæст дæр.

Куыд ахадгæ, хъомысджын æмæ зæрдæмæ-хъаргæ сты Марияйы зарджытæ!.. Цавæрдæр хъармдзинад бауадзынц адæймаджы зæрдæйы. Чызг зары куыд йæ мадæлон æвзагыл, афтæ  англисагау æмæ уырыссагау дæр.

Джиоты Любæйы ном Ирыстоны дыууæ хайы дæр айхъуыст телеканал “Осетия-Ирыстон”-ы вокалон проекты уæлахизы фæстæ. Любæ у ХИПУ-йы жур-налистикæйы факультеты студенткæ, “ЮОГУ-ТВ”-йы кусæг. Чызг æрæджы рамбылдта Цӕгат Ирыстоны на-цион телеуынынад “Осетия-Ирыстон”-ы вокалон кон-курс “АЗАР МА”. Хъæлæсæппæрсты хатдзæгтæм гæс-гæ Джиоты Любæ райста иууыл фылдæр хъæлæстæ æмæ фæхайджын ис “Приз зрительских симпатий”-йæ. Уый фæстæ цыбыр æмгъуыдмæ йæ конкурсон зарджытæ  систы Ирыстоны дыууæ хайы дæр уарзон – зæлынц радиойæ, машинæтæй, телефонтæй.

Ныртæккæ, хъыгагæн, зарæджы текстты мидисмæ зарæггæнджытæ уадиссаг сæ хъус нал дарынц. Æрмæст музыкæ зæрдæмæ хъуысæд, уый йедтæмæ, зæгъгæ, ныхæстæн ницы нысаниуæг ис. Æмæ фылдæр зарæггæнджытæ цыдæр далум-уалумтæ æрымысынц. Нæдæр сæ хъуыды вæййы, нæдæр – рифмæ, нæдæр дзырдтæ  кæрæдзийыл баст вæййынц …

Ацы чызджыты зарджытæ сты æндæр æмæ æндæр темæтыл – бирæвæрсыг, эмоционалон, цард-мæ разæнгардгæнæг, зæрдæскъæф  сты сæ хъæздыг нывтæй, сæ ирд сурæттæй, цыбыр сюжеттæй æмæ мелодийы æххæстдзинадæй.

Уæдæ сын мах цæст дæр уарзы, цæмæй кæддæриддæр цæуой стыр аивады уæлахизы фæндæгтыл, уа сын ноджы фылдæр сфæлдыстадон æнтыстытæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.