69 азы размæ 28-æм июны æрбайгом ис «Бæгъиатæ»-йы суаруадзæн завод æмæ уæдæй нырмæ кусы адæмы хæрзиуæгæн.

Заводмæ хæстæг æдæппæт ис 16 суаргуырæны, уыдонæй алкæмæн дæр ис хицæн æмæ хицæн хиæдтæ, йæхи химикон сконд. Хъыгагæн, алкæмæй сæ завод нæ пайда кæны. Бæргæ сæ куы пайда кæнид, уæд стыр ахъаз уаид уый канд заводæн нæ, фæлæ ма æгас республикæйæн дæр. Куыд зонæм, афтæмæй ахæм фарста комкоммæ баст вæййы финансон фæрæзтимæ.

Не ‘мбæстæгтæй бирæтæй ис фехъусæн, ома, минералон дон хæрыны содæимæ хæццæ вæййы æмæ хатт йæ ад дæр вæййы æндæр. Заводы къухдариуæгад уый нымайы хахуырыл. Уымæн æмæ «Бæгъиатæ»-йы уый сæр æппындæр нæ хъæуы. Суар уыйбæрц гуырахстæй цæуы, æмæ йæ фылдæр æмбис кæлы цæугæдонмæ. Доныл та æвзалытуаг газ хæццæ цæуы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ хиæдтæ фæхуыздæр уой. Цы пропорциты йæ схæццæ кæнынц, уый та адæймаджы æнæниздзинадæн ницы зиан хæссы. Суаргуырæнтæй сæ иуы фарсмæ ис æрдзон æвзалытуаг газ дæр, фæлæ уый комкоммæ баиу кæнынæн хъæуы сæрмагонд ифтонгад.

1989-90 азты ирон-гуырдзиаг хъаугъа куы райдыдта, уæд «Бæгъиатæ»-йы завод дæр уæззау уавæры бахауд. Базæронд æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрхауд заводы сæйраг кондадон хахх. Уæддæр дзæнæттаг Хуыбылты Валерийы æххуысæй, цыдæр амæлттæй 1990 азы заводы агъуыст цалцæг æрцыд, самал кодта уæды азты барæнтæм гæсгæ ног суаруадзæн хахх, æрласта йæ Италийæ.

Хуыбылты Валери сæрмагондæй йæхæдæг контроль кодта куыстытыл, цæмæй æвæстиатæй скуса æмæ уадза, Хуссар Ирыстон рагæй фæстæмæ хъуыстгонд цы минералон донæй уыд, уый. Растдæр уæдæй фæстæмæ завод райдыдта уадзын 1,5 литруат донгарзы «Бæгъиатæ»-йы дон.

Нырма дæр æй хорз хъуыды кæнæм, гуырдзыстоны неформалты аххосæй горæты цæрджытæ доны блокадæйы куыд бахаудтой, уый. Нæ доны хæтæлтæ-иу нын рæстæгæй-рæстæгмæ куыд ныххуынчъытæ кодтой, цæмæй горæтмæ дон мауал хæццæ кæна. Æмæ-иу уæд нæ иунæг ирвæзынгæнæг ссис «Бæгъиатæ»-йы дон.

Бирæ зын фæндæгтыл рацыд уæдæй нырмæ завод, рæстæгæй-рæстæгмæ иу йæ куыст æрлæууыд, куы – иу, куы æндæр æфсæнттæй.

Завод банкротыл банымайын кæй фæндыд, ахæм чинов-никтæ дæр нæм уыдис. Ома, дам, йæ хæрдзтæ не ‘мбæрзы. Ахæм схемæйы фæрцы фæнд кодтой, цæмæй паддзахадæй балхæдтаиккой завод æмæ дзы хисæрмагонд куыстуат сарæзтаиккой. Фæлæ табу Хуыцауæн! Завод абон дæр у паддзахадон.

Бирæ курдиатджын разамонджытæ уыд, фæлæ се’ппæтæй фæлтæрддæр уыд Тедеты Роланд. Йæ фæрцы завод размæ рацыд. 2012 азы уымæн бантыст Инвестпрограммæйы фæлгæтты заводæн ног ифтонгадтæ балхæнын. Ног суаруадзæн хахх мæйы мидæг уадзын райдыдта 400 000 литры бæрц суар. «Бæгъиатæ»-йы донæй дарддæр ма уагъта «Дзау»-ы дон дæр. Ацы донгуырæн дæр иттæг хъæздыг у алыгъуызон минералтæй, кæцытæ адæймаджы æнæниздзинадæн ахъаз сты.

Заводы директор ныртæккæ у Тыбылты Андрей. Уый куыд загъта, афтæмæй «Бæгъиатæ»-йы продукци сæйраджыдæр реализаци цæуы республикæйы.

1,5 литры пластикон мигæнæны минералон донæн йæ оптон аргъ у 20 сомы. Æцæг, ахæм аргъмæ йæ горæты магазинты нæ балхæндзынæ, уымæн æмæ йæ сæрмагонд амалиуæггæнджытæ уæй кæнынц 25 соммæ. Тыбылты лæппу куыд зæгъы, афтæмæй завод «Бæгъиатæ»-йы дон цы аргъмæ уæй кæны, уырдæм хауынц донгарзы калькуляци, транспортон хæрдзтæ, электроэнерги æмæ куыстмызды хæрдзтæ. Æцæгæй та ацы донæй пайда исы амалиуæггæнæг, кæцы йæ æлхæны заводæй.

Абон «Бæгъиатæ»-йы завод йæ 69 азыл æмбæлы цæрдхъомæй, æххæст хъомысадæй, æнæкъуылымпыйæ чи кусы, нымад у ахæм куыстуатыл. Нымад у Ирыстоны сæйраг брендыл. Йæ кусджытæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.