Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Таймураз Гогинов УФ-йы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустинæн радзырдта экспозицийы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйæн бантыст экспорты продукци фæфыл-æр кæнын, хицауад та йæ хъус æрдардзæн æрдзон фæсауæрцтæм.

«2021 азимæ абаргæйæ, 2022 азы Хуссар Ирыстон 40 проценты фæфылдæр кодта Уæрæсемæ экспорт. Экспорты сæйраг статьятæ сты «БТК Групп» – кусæн дарæс хуыйæн куыстуат, цыран сарæзтæуыд 500 фылдæр кусæгон бынаты. Продукци æрвитынц Уæрæсйы Федерацимæ. Афтæ ма сæнаразæн-коньякон куыстуат «Винодельная ИРОН СÆН» 2022 азы уæрæсейаг базармæ арвыста 4 милуан авджы бæрц бæрзондгъæдджын продукци.

Хъæууон хæдзарады фадыджы æнтыстджынæй реализаци æрцыд «Южный сад»-ы куыстуаты проект. Ивгъуыд аз куыстуат Уæрæсейы базармæ экспортмæ арвыста иу мин тоннæйæ фылдæр фæткъуытæ.

Равдысты ис базальты заводы рауадзгæ продукци дæр. Паддзахады ‘рдыгæй хъусдард здæхт цæуы  Хуссар Ирыстоны æрдзон фæсауæрцтæм дæр. Экспозицийы сты зынаргъ дуры мыггæгтæ», – радзырдта уый.

Михаил Мишустин банысан кодта Хуссар Ирыстонæй экспорт фæфылдæр кæныны æвæрццаг динамикæ æмæ бæстæйы дарддæры рæзты перс-пективæ.

«Президенты хæслæвæрд бахынцгæйæ, бæстæйы инфраструктурæйы рæзт у приоритетон. Арæзтадтæ цæуынц алы регионы дæр æмæ Уæ-рæсейы Федерацимæ Хуссар Ирыстонæй экспорт фæфылдæр кæнынæн уый хорз бындур у.

Фæнды мæ сымахæн æнтыстыты фæндиæгтæ зæгъын, уæ фæндтæ се ‘ппæт дæр сæххæст уæнт», – загъта УФ-йы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.