19 февралы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры ауагъдæуыд брифинг, цыран хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Медойты Димитр æмæ Масис Маилян. Мадзал ауагъд æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæлгæтты.

Дипломаттæ журналисттæн радзырдтой дыууæ бæстæйы æддагполитикон ведомствоты бастдзинæдты тыххæй, кæцытæ ноджыдæр фенгомдæр уыдзысты ног сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынæй.

Мадзалы райдиан Масис Маилян куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн сразыдзинадыл къухтæ кæй æрфыстæуыд, уый фæахъаз уыдзæн æхсæнведомствойон, политикон консультацитæн, æхсæндунеон æмæ регионалон проблемæты фæдыл фæндæттæ кæрæдзийæн хъусын кæнынæн.

«Мах абон радон къахдзæф сарæзтам дыууæ паддзахады ‘хсæн æмгуысткæнынады хъуыддаджы. Проектты иумиаг реализаци нын фидæны фадат ратдзæн президентты æмвæзадыл æхсæнпаддзахадон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыныл ахъуыды кæнынæн», – загъта Масис Маилян æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ныридæгæн дыууæ фарсы хъуыды кæнынц æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады фарстыл дæр.

Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хъуыдымæ гæсгæ, æмгуыстгæнæн ис ахуырад  æмæ культурæйы фадгуыты, афтæ ма банысан кодта, ацы аз цы проекттæ реализаци кæнын фæнд кæнынц, уыдон дæр.

Йæ  рады  Хуссар  Ирыстоны  фæсарæйнаг  хъуыддæгты министр Медойты Димитр дæр банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ республикæйы æд-дагполитикон ведомствоты ‘хсæн сразыдзинадыл къухтæ кæй æрфыстæуыд, уый у рæстæджы домæн, уымæн æмæ 2001 азы къухтæ цы суагъæйыл æрфыстæуыд, уый хъæуы сног кæнын.

«Нæ республикæты мидæг дæр æмæ сæ алыварс дæр къорд ивындзинæдтæ æрцыд. Уыдон нæ республикæты æддагполитикон ведомствоты æркодтой ноджы масштабондæр, фылдæр ахсджиагдæр аспекттыл чи анхъæвза, ахæм сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны æнæмæнг-хъæуындзинадмæ. Дыууæ республикæ дæр фæнд кæнынц политикон, культурон, гуманитарон, экономикон фадгуытыл хорзæрдæм чи бандава, ахæм æмахастытæ рауæрæх кæнын. Мах ахъуыды кæндзыстæм нæ республикæты ‘хсæн экономикон ахастытæ саразыныл дæр. Уынаффæ ма цыд дыууæ фарсы базарадон минæварадты баконды æнæмæнгхъæуындзинады фарстыл дæр. Экономикон æмгуысткæнынад райрæзын кæнынæн уый уаид хорз фæзуат», – загъта Медойты Димитр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, боны фæткы ис цытджын консулты куыст райдайыны фарст дæр.

Министртæ радзырдтой æмгуысткæнынады сæйраг формæты тыххæй дæр.

Масис Маилян куыд радзырдта, афтæмæй æддагполитикон ведомствоты æмвæзадыл æмгуысткæнынад раджы райдыдта. «2001 азы нæ министрадты ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй къухтæ æрфыстæуыд суагъæйыл. Ныр та нæ фæнды нæ ахастытæ фенгомдæр кæнын, ногдæр æмвæзадмæ сæ сисын».

Республикæ Арца-хы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр радзырдта хæстон конфликты уавæрты сæ республикæйы размæцыды тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Арцахæн æдасдзинады фарст нырма æхгæд нæу, уый абоны бон нырма фыццаградон у.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæстон конфликты уавæрты размæ цæуынц Арцахы цардархайды æппæт фадгуытæ дæр, бæ-рæгæй зыны экономикæйы динамикон рæзт, хæрзифтонг цæуы республикæйы инфраструктурæ, хæцæнгæрзтæй ифтонг цæуынц йæ гарзджын тыхтæ.

«Æргомдзинад æмæ рацарæзты дуджы Арцахы адæм хæдуагæвæрды тыххæй сæ бартыл кæй сдзырдтой, уый сын Азербайджанимæ расайдта конфликт. Арцахы конфликт рацыд йæ рæзты алыгъуызон фазæйы. Мах размæ цæуæм конфликты уавæрты, кæцы ныддаргъ бирæ азты, Республикæ Азербайджан дунейы политикон картæйыл куы фæзынд, уæдæй нырмæ. Арцах, Азербайджан æмæ Сомихстоны æфсæддон къухдариуæгадты ‘хсæн рæстæгмæ фидыды тыххæй сразыдзинадыл къухтæ куы æрфыстæуыд, уый фæстæ конфликт рахызт «æндзыджы» фазæмæ – нæдæр – хæст, нæдæр – фидыдады уавæрмæ. Ацы уавæр аххæссыд 22 азы бæрц», – банысан кодта Масис Маилян.

Арцахаг дипломат куыд рыдзырдта, афтæмæй та 2016 азы апрелы Арцахы адæм бавзæрстой ног агресси Азербайджаны ‘рдыгæй, фæлæ сæ къухы бафтыд йе ‘рсабыр кæнын.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы хъуыддаджы Хуссар Ирыстоны уавæр хуыздæр у.

«Уæ республикæ нымад паддзахад кæй у, уый фæстиуæгæн ын ис йæхи æдасдзинад сифтонг кæныны фæрæз, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй дæр, кæцы фыццаг банымадта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад», – банысан кодта Масис Маилян.

Мадзалы дзырд цыд куыд сомихæгты, афтæ хуссайраг ирæтты геноцид банымайыны темæйыл дæр.

Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы паддзахадты рæзтæн æмхуызон истори æмæ трагикон цаутæ ис.

Дыууæ адæмæн дæр сæ сыхаг бæстæтæ сарæзтой геноцид, фæлæ кæд Турчы ‘рдыгæй сомихæгты геноцид нымад æрцыд, уæд хуссайраг ирæтты геноцид нæма банымадтой дунейы бæстæтæ.

«Геноциды темæйы фæдыл мах кусæм республикæйы къухдариуæгадимæ. Ацы проблемæ раразмæ кæнæм алыгъуызон фæзуæттыл. Иууыл актуалондæр та у, гуырдзиаг политиктæ цы куырдиæттæ раразмæ кæнынц, уый фоныл. Уыдон нæ æфсымæртæ куы фæхонынц, уæд уый вæййы цинизмы ирддæр хуыз», – загъта хуссарирыстойнаг министр.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй абоны онг иунæг гуырдзиаг политик дæр нырма хатыр нæ ракуырдта Хуссар Ирыстонæй, хуссарирыстойнаг адæмæн цы фыдракæндтæ сарæзтой, уый тыххæй.

Республикæ Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маилян журналисттæн радзырдта,  сомихаг адæмы геноцид банымайыны тыххæй сомихаг диаспорæты хъазуатон куысты тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «сомихаг диаспоратæ дæр фæзындысты, 1915 азы Ныгуылæн Сомихстоны Осмайнаг империйы æрдыгæй сомихаг адæмы геноциды фæстиуæгæн. Ныртæккæ Ныгуылæн Сомихстоны территори у Турчы. Уæдæй фæстæмæ диаспорæтæ хъазуатон куыст кæнынц, цæмæй сомихæгты геноцид нымад æрцыдаид, уый тыххæй. Ныр та диаспорæтæ кусынц, цæмæй нымад æрцæуа Республикæ Арцахы хæдбардзинад», – банысан кодта Масис Маилян.

«Махæн Америкæйы Иугонд Штатты хорз фæстиуджытæ ис. Нæ хæдбардзинад нын банымадтой 8 штаты, уыцы нымæцы ахæм стыр штат, куыд Калифорния, уымæй дарддæр ма нын ис горæттæ-æфсымæртæ куыд Европæйы, афтæ Æввахс Скæсæны бæстæты дæр», – загъта Арцахы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.