22-æм ноябрæй 29-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис фондз фыдракæнды æмæ дзы цыппар раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 5 фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой цыппар адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 242 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 9 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытæ баурæдтой 27-аздзыд горæт-таг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Горæт Цхинвалы милицийы фæдагуырды кусджытæ та баурæдтой 24-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы фæткхалджытæ раздæр дæр фæйнæ дыууæ хатты урæд кæй æрцыдысты наркотиктæй спайда кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма Цхинвалы районы милицийы фæдагуырды кусджытæ дæр баурæдтой Знауыры районы Циндары 34-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ.

21-æм ноябры Дзауы районы Хæрдысæры хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ баурæдтой 31-аздзыд гуырдзыстойнаг æмбæстаджы. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы фæткхалæг цæры горæт Чиатурайы æмæ арæны сæрты Хуссар Ирыстоны территоримæ æрбахызт æнæзакъонæй.

Ленингоры районы, арæн патруль кæнгæйæ, арæнхъахъхъæнджытæм Цъубены хъæуы 45-аздзыд цæрæг  барвæндонæй радта цуанон æхсæнгарз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.