Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бон кад æмæ цытимæ банысан кæныны сæраппонд, Республикæ Хуссар Ирыстоны цалдæр боны уагъд цыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Стыр бæрæгбон цытджын æгъдауæй банысан кодтой Дзауы районы дæр.

7-æм майы Дзауы поселочы «Кады аллея»-йы цытджын æгъдауæй байгом не ‘мзæххон хъæбатыр хæстон, советон-япойнаг арæныл конфликты хайадисæг, Граждайнаг æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты ветеран, инæлар-майор Сланты Лентойы мемориалон фæйнæг. Уыцы бон ма ам сæвæрдтой «Мысæн арты» лампадæ, кæцыйы ссыгътой æмæ йæ æрхастой Мæскуыйæ «Æбæрæг салдаты ингæн»-ыл цы «Æнусон арт» судзы, уырдыгæй. Хуссар Ирыстонмæ цытджын æгъдауæй «Æнусон арт»-æй хай æрхастой Æппæуæрæсейаг адæмон фронты централон штабы уæнгтæ, волонтертæ Павел Бережанский æмæ Татьяна Парафина.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, «Россотрудничество»-йы минæвар Сергей Скворцов, Сланты мыггаджы минæвæрттæ, районы цæрджытæ æмæ скъоладзау фæсивæд.

Мадзалы райдиан Дзауы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Стыр Уæлахизы бæрæгбоны сæраппонд æмæ банысан кодта, стыр æхсызгонæй кæй æмбæлынц ацы стыр боныл. Сланты Лентойы ном, цæмæй адæмæй рохуаты ма аззайа æмæ йæ кæстæр фæлтæр зоной, уый тыххæй стыр ахъаз сты ахæм мемориалон фæйнæджытæ, цыртдзæвæнтæ æмæ мысæн мадзæлттæ уадзын. «Зынаргъ адæм, мах кæддæриддæр сæрыстырæй банысан кæнæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бæрæгбон, уымæн æмæ фашизмы ныхмæ тохы, уыцы æгъатыр хæсты ирон туг дæр ныккалд. Ныккалд уый тыххæй, цæмæйдæриддæр куынæг æрцыдаит фашизм æмæ адæмæн уыдаид сæрибар æмæ хорз цард. Бирæ, тынг бирæ цардбæллон фырттæ фæцыд гитлерон фашистты ныхмæ хæцынмæ, сæ фылдæр нал æрыздæхтысты хæсты быдырæй, зынаргъæй бафтыд Стыр Уæлахиз нæ къухты æмæ мах абон хъуамæ зонæм æмæ хъуыды кæнæм нæ истори æмæ нæ хъайтарты, кад сын кæнæм стырæй чысылæй», – банысан кодта Джиоты Андрей æмæ уый фæстæ цытджын æгъдауæй байгом кодтой Сланты Лентойы мемориалон фæйнæг. Хъæбатыр хæстоны мемориалон фæйнæджы раз æмæ «Кады аллея»-йы уæлахизхæссæг хæстонты номарæн цырты раз дæр Сланты мыггаджы минæвæрттæ æмæ æрымбырдуæвджытæ сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн скъоладзау фæсивæд та аив бакастысты æмдзæвгæтæ.

Цытджын мадзал адарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Уый, сæйраджыдæр банысан кодта Стыр Уæлахизы бæрæгбоны нысаниуæг нæ республикæйы алкæцы цæрæгæн дæр кæй у ахсджиаг æмæ зынаргъ. Министр ма банысан кодта, зæгъгæ, ирон адæмы кад бæрзонд чи хаста æмæ хæстон архайдтыты аккагæй йæхи чи равдыста, уыцы Сланты фырты мемориалон фæйнæг бакæныны церемони стыр ахсджиаг хъуыддаг кæй у не ‘мбæстæгтæй алкæмæн дæр æмæ бузныг загъта, ацы хъуыддаг чи срæвдз кодта, æппæт уыдонæн. «Абон мах цы мадзалы хайад исæм, уый у Цæгат Ирыстоны хæсты æмæ куысты ветеранты республикон советы архайды руаджы. Ацы мемориалон фæйнæг Дзауы районмæ æрхæццæ фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны раздæры командæгæнæг Фриты Хъазбеджы фæрцы æмæ мæ фæнды уыдонæн бузныджы ныхæстæ зæгъын, ахæм хæрзиуæгон æмæ историон хъуыддаджы тыххæй. Сланты Лентойы царды историимæ, кæд мыййаг, исчи зонгæ нæу, уæд уæ курæг дæн алкæмæйдæр, цæмæйдæриддæр ын бацымыдис кæнат йæ царды фæндæгтæм. Уый рацыд æртæ хæстыл, зын фæндæгтыл æмæ уыимæ æппæтдæр сарæзта, цæмæйдæриддæр ын йæхи æмæ йæ нацийы ном дзурой кад æмæ сæрыстырæй. Абон мæн фæнды бахатын нæ зынаргъ ахуыргæнджытæм, цæмæй ахуыргæнинæгтæн хъайтардзинады уроктæ уадзой ацы мемориалон фæйнæджы раз æмæ хъомыл кæной патриотизмы æнкъарæнтыл», – банысан кодта министр.

Цытджын мадзалы кæрон зарæггæнæг Къæбысты Маир сæххæст кодта хæстон темæйыл фыст зарæг «Журавли», æмæ уый фæстæ Æдасдзинады Федералон службæйы Арæнгæрон управленийы службæгæнджыты иу къорд æрæмбырдуæвджыты фæхуыдтой быдырон къæбицмæ. Районы цæрджытæ æмæ уазджытæ ацаходыдтой фысымты æфсæддон касæй.

Уæрæсейаг волонтертæ Дзауы районæй Театралон фæзуатмæ бæрæгбонон мадзæлттæм аластой Мæскуыйæ хаст «Мысæн арты» лампадæ, кæцыйыл цытджын æгъдауæй сæмбæлдысты горæты цæрджытæ дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.