Раздӕры Советон Цӕдисы ӕппӕт территорийыл цыдӕриддӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыл дзурӕг цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдоны зындгонддӕртӕй иу у Цӕгат Ирыстоны, Куырттаты комы ӕвӕрд цыртдзӕвӕн «Хъынцъымгӕнӕг бӕх». Фӕлӕ махӕй алчи дӕр хъуыды кодта ӕмӕ кӕны, цыма уый дзурӕг у ӕрмӕстдӕр курдиатджын скульпторы фантази ӕмӕ ӕрмдзӕфыл, ӕндӕр дзы цымыдисагӕй ницы ис. Афтӕмӕй та ацы зындгонд цыртдзӕвӕнӕн ис, сӕрмагонд, цымыдисаг истори.

1942 азы ӕбӕрӕг сӕфт фӕуӕг хъӕбатыр хӕстон Барӕзгаты Хъазантемыр райгуырд ӕмӕ цард Хӕххон Дзуарыхъӕуы, куыстуарзаг, ӕмуд ӕмӕ бирӕнымӕц бинонты ‘хсӕн.

Иу заманы йын балӕвар кодтой байраг, кӕцымӕ зылд ӕмӕ йӕ схъомыл  кодта йӕхӕдӕг. Бӕхӕн йӕ ном хуынд «Цӕргӕс». Æмӕ кӕмфӕнды, цыфӕнды дард ран ма уыдаид Хъазантемыр, алы хатт дӕр-иу йӕ фыццаг фӕсидтмӕ бӕх уадидӕгӕн йӕ уӕлхъус алӕууыд. Уыцы бӕхы ӕнӕхъӕн комбӕсты зыдта ӕмӕ уарзта алчи дӕр.

Бӕхы ном хуынди Цӕргӕс

1941 азы тугуарӕн хӕст куы райдыдта, уӕд Хъазантемыр дӕр, куыд бирӕ йе ‘мкарӕнтӕ, афтӕ барвӕндонӕй фӕцыд тохы быдырмӕ.

Æмӕ фӕмард… Бирӕ азты дӕргъы йӕ нымадтой ӕбӕрӕг сӕфтыл. Хъазантемыры йе ‘фсымӕр Темырсолтан агуырдта, фыста иу инстанцийӕ иннӕмӕ, фӕлӕ-иу райста дзуапп: никуы дӕр удӕгӕсты ‘хсӕн зыны, никуы дӕр – мӕрдты.

Хъазантемырӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ бӕх Цӕргӕсы дӕр хорз чи зыдта, уый – Гуыриаты Умар, адӕмы тӕрхонмӕ рахаста, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Куырттаты комӕй цы фӕсивӕд бабын, уыдонӕн, хӕстӕй ӕнӕбарӕгӕй чи ӕрыздӕхт ӕмӕ сӕркъулӕй чи лӕууы, ахӕм бӕхы фӕлгонцимӕ цыртдзӕвӕн сӕвӕрыны фӕндон.

Уыцы идейа йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ уӕгъд нал суагъта ирон скульптор Цорӕты Дауырбег. Æмӕ уӕхскуӕзӕй ӕрӕвнӕлдта йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Бынатӕн ын ӕвзӕрст ӕрцыд Уӕллаг Фиагдонмӕ хӕстӕг фӕндаджы былыл уӕлвонг бынат. Цыртдзӕвӕн сцӕттӕ ӕмӕ цытджын ӕгъдауӕй байгом 1971 азы 9 майы. «Хъынцъымгӕнӕг бӕх» цыбыр ӕмгъуыдмӕ йӕхимӕ раздӕхта ӕппӕтцӕдисон хъусдард. Иу бакастӕй – хуымӕтӕджы фӕлгонц, фӕлӕ уый ӕмрӕстӕджы, йӕ зӕрдӕйы рӕбынтӕм агайӕг мидисы фӕрцы нымад ӕрцыд ӕнӕхъӕн Кавказы иууыл хуыздӕр цыртдзӕвӕныл.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.