Журналы ацы номыр байгом «Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды барамындæй.

Хетæгкаты Къостайы номыл преми лæвæрд æрцыд Плиты Гацыр, Бигъуылаты Иринæ, Кокойты Теймураз, Тедеты Заирæ æмæ Хъодалаты Хансиатæн, мыхуыр æрцыдысты сæ къамтæ дæр.

Калоты Хазбийы райгуырдыл 95 азы сæххæсты цытæн журналы мыхуыр æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ: «Царды фæндаг», «Уадз мæ», «Ахст цъиумæ», «Фæдзæхст» æмæ æндæртæ. Мыхуыр ма æрцыд Цгъойты Хазбийы уац «Йæ зарæг ирбæстæн ныууагъта».

Поэзийы жанрæй мыхуыр æрцыдысты Хъодалаты Герсаны æмдзæвгæ «Фын», Харебаты Леониды æмдзæвгæтæ: «Ирыстон», «Мад æмæ хъæбул», «Лæгдзинад» æмæ æндæртæ.

Публицист, доцент, зонæдты кандидат, критик, журнал «Фидиуæджы» редколлегийы уæнг Хозиты Барисы райгуырдыл сæххæст 60 азы. Мыхуыр æрцыдысты йæ къамтæ зынгæ адæймæгтимæ, уац «Рæстæг æмæ хъысмæтæй фæлтæрд лæг», афтæ ма Хозиты Барисы сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй æмæ журнал «Фидиуæджы редакцийы коллективы арфæ йæ гуырæнбоны сæраппонд. Мыхуыр ма æрцыд Хозиты Барисы уац «Цард. Сфæлдыстад. Хъысмæт». Уацы дзырд цæуы поэт Хъодалаты Герсаны уацмысты æххæст æмбырдгондæй чи рацыд, уыцы æртæ томыл.

Прозæйæ журнал мыхуыр кæны Биазырты Роланды ра-дзырд «Арæныл», Гæззаты Иваны аргъау сывæллæттæн «Тыртына бамбæрста æппæтдæр».

Поэт, прозаик, публицист, литературон критик, тæлмацгæнæг Хохойты Энверы райгуырдыл сæххæст 60 азы. Уый сæраппонд мыхуыр цæуы журнал «Фидиуæджы» коллективы арфæ «Тæмæнтæкалæг Энвер», зæгъгæ. Журналы ма мыхуыр æрцыдысты юбиляры æмдзæвгæтæ.

Рубрикæ «Сфæлдыстадон бынтæ»-йы бын журналкæсджытæ бакæсдзысты дзæнæттаг Уанеты Владимиры уац «Иу ныхас сусæг дунейæ» (дарддæр) æмæ Серго Миндиашвилийы радзырдтæ сывæллæттæн: «Хорз лæппу-йæн йæ мады нæ фелгъитынц», «Сикъойы радзырдтæй» æмæ æндæртæ.

Рубрикæ «Критикæ æмæ публицистикæ», зæгъгæ, журналкæсджыты зонгæ кæны ацы аз Къостайы премийы лауреаттæ Плиты Гацыры уац «Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ» (Æл-борты Барысбийы райгуырды 130 азы бонмæ) æмæ Бигъуылаты Иринæйы уац «Абайты Лади – зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæ-надон архайæг»-имæ.

«Фидиуæджы» равдыст»-ы мыхуыр æрцыдысты дæсны нывгæнæг Багаты Барисы конд орнаменттæ.

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.