Уæрæсейæн йæ нысан у дарддæр æмцæдисон ахастытæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ рæзын кæнын. Ахæм хъусынгæнинаг 13 февралы сарæзта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова.

Дзыллон информацийы фæрæзты фарстæн дипломаты дзуапп къуырисæры фæзындис ведомствойы сайтыл. Захарова зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы Федераци 15 азы размæ кæй банымадта ацы дыууæ республикæйы хæдбардзинад æмæ сын гаранти кæй радта ныфсджынæй сæ хъахъхъæнын, æмæ куыд хæдбар паддзахадтæ, афтæ сæ рæзты тыххæй дæр.

«Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хайæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад æмæ хæцынц Уæрæсеимæ æмцæдисад арфдæр кæныны æвварс… Фæнды сæ, цæмæй æмцæдисон ахастытæ æппæтварсонæй дард-дæр рæзой», – дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Дипломат ма банысан кодта, зæгъгæ, бæстæты иумæйаг архайдтытæ уыдонæн радтой сæ экономикон æмæ политикон позицитæ сфидар кæныны фадат. Ноджы ма, Захаровайы ныхæстæм гæсгæ, «ахастыты æцæг æмцæдисон характеры цæвиттон» ссис Донбассы Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы æвварс Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон кæй рахæцыдысты, уый.

Ныртæккæ Уæрæсейы Федераци у дыууæ республикæйы сæйрагдæр базарадон партнер æмæ архайы, цæмæй сæ фæрныгад рæза. Захарова ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæм политикæ дзуапп дæтты æртæ паддзахады интерестæн дæр æмæ аразы æдасдзинад æмæ рæзты зонæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.