Арæзтцæуæг æппæтсезонон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзт æрцæудзæн иугонд архитектурон хуыз. Æмбæлон проект хорзыл банымадтой Цæгат Ирыстон-Аланийы министрты кабинеты уæнгтæ. «Иугонд архитектурон хуыз æмæ алфæмбылай æрдзы ландшафт бахъахъхъæныны проекты йæ арæзтады рæстæджы хынцыд æрцæудзысты бæрæг уагæвæрдтæ иу кæнæ иннæ æрмæджытæ æмæ хуызтæй спайда кæныны тыххæй. Бар нæ уыдзæн ахæм æрмæджытæй спайда кæнын, куыд  æндонæй сыф, пластик-имитацийæ, фæлæ бетон, авг, хъæдæрмæгæй гæнæн уыдзæн спайда кæнын. Уымæй дарддæр ма Алагиры районæн лæвæрд  æрцæудзысты æххæстбартæ адресон æгъдауæй ахитектурæйыл бадзурыны тыххæй, кæцы фадат ратдзæн, цæмæй дзы арæзт ма æрцæуой æнæпрофилон объекттæ”, – банысан кодта «15-æм Регион»-æн йæ комментарийы республикæйы архитектурæ æмæ горæтарæзтады комитеты сæрдар Цæллæгаты Александр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æппæтсезонон хæххон лыжæты курорт «Мамысон» кæй у Цæгат Ирыстоны историйы иууыл масштабондæр проекттæй сæ иу, кæцы хъуамæ туристтæн суа химæлвасæн центр æрмæст бæстæйы алы къуымтæй нæ, фæлæ æппæт дунейæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.