Инæлар-булкъон, Советон Цæдисы Хъайтар Мамсыраты Хадзы-Умар райгуырд 1903 азы Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы хъæуы зæхкуксæг бинонты ‘хсæн. Сывæллонæй йын йæ дарддæры цардыл бандæвта йæ фыдыæфсымæр Саханджери – коммунист-сусæг кусæг, кæцыйы фæдыл æппынæдзух зылд паддзахы хицауад. 1917 азы, фынддæсаздзыд лæппу уæвгæйæ,  Хадзы-Умар иннæ хæстонтимæ тох кодта Беликовы урс-хъазахъхъаг бандæтимæ, æмæ Сырх Æфсады æрбацыдимæ та активонæй хайад исын райдыдта Ирыстоны советон хицауад сфидар кæныны хъуыддаджы.  Сырх Æфсады уыд 1918 азæй. Уыд æмбæстагон хæсты хайадисæг. 1924 азы каст фæцис æфсæддон-политикон скъола, 1935 азы рацыд развæдсгарæн курсыты æххæст гуырахст, 1941 азы – М.В.Фрунзейы номыл æфсæддон академийы цур командон сконд баххæст кæныны курсытæ æмæ 1948 азы та каст фæцис К.Ворошиловы номыл Советон Цæдисы Гарзджын тыхты Генералон штабы Æфсæддон академи.

Знæт 20-æм æнусы райдианы райгуыргæйæ, уый ссис нысаниуæгджын цауты хайадисæг. 1936-1939 азты «инæлар Ксанти»-йы псевдонимы бын хайад иста  фашистты ныхмæ Испаны æмбæстагон хæсты, цыран уый республикæ хъахъхъæнджытæн æххуыс кодта развæдсгæрст организаци кæнынæн. Йæ хæлæрттæ æмæ испайнаг æмбæлттæ дис кодтой Хадзы-Умары хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинадыл. Испайнгæтæ Ксантийы тыххæй дзырдтой, зæгъгæ, уый архайы дыууæ, кæнæ æртæ адæймаджы бæрц, æмæ йæ архайд та уыд тынг сусæггаг. Ирон лæгæн Испаны зæххыл йæ ном айхъуыст куыд кавказаг хъæбатыр, афтæ. Ксанти æрмæст уæлбæхæй бадгæйæ хæцын нæ зыдта, фæлæ ма уыд тынг курдиатджын уынаффæгæнæг хæстон архайдтыты. Мадриды кæй бахъахъхъæдтой, уым стыр лæггад ис Мамсырайы фыртæн.  Испайнаг æвзаг нæ зонгæйæ (фæстæдæр базыдта ацы æвзаг), уый цыд фашистон фæсчъылдымтæм испайнаг хъæбатыртимæ. Радон рейды фæстæ-иу Мадридмæ æрбаздæхгæйæ, хъуыстысты æнахуыр диссаджы хабæрттæ: уæлдæфмæ тахтысты артиллерион æф-тауцдæттæ, фашистты хæдтæхджыты пырх кодтой сæ аэродромты, пырх кодтой Гитлер æмæ Муссолинийы хæцæнгарзимæ эшелонты æмæ хидты. Фæлæ уый ацы цауты тыххæй никуы ницы дзырдта, уый бар ын нæ уыд, уымæн æмæ уыд развæдсгарæг. Истæмæй-иу æй куы бафарстой, уæд-иу æрмæстдæр йæ сæр батылдта æмæ-иу бахудт йе къæмдзæстыг мидбылхудтæй. Дунеон литературæйы классик Эрнест Хемингуэй æмбæлд  хæстонтимæ. Уымæн йæ зæрдæмæ цыд Хадзы. Хемингуэй йæ роман «По ком звонит колокол»-ы дзуры партизанты архайдтыты тыххæй, кæцытæ йын радзырдта Хадзы. Уыцы рæстæджы  Испаны уæвгæйæ, Хемингуэйы тынг фæндыд легендарон Ксантиимæ базонгæ уæвын. Кæд хæдæфсæрм Хадзы-Умар нæ уарзта журналисттимæ æмбæлын æмæ интервьютæ дæттын, уæддæр æй йе ‘мбæлттæ сразы кодтой æмæ йæ хъуыддæгты тыххæй радзырдта Хемингуэйæн. Фыссæг йæ романы сæйраг хъайтары фæрцы равдыста инæлар Ксантийы фæлгондз. Хъæбатыр хæстоны тыххæй дзырдтой æнæхъæн легендæтæ. Ксанти тас æфтыдта франкисттыл. Æгæрыстæмæй дзы афтæ дæр дзырдтой, зæгъгæ, йæ нæмыг нæ исы.

Хадзы-Умары фыццаг раргом кодта Михаил Калинин. 1922 азы Калининмæ кæцыдæр кавказаг хъæуы бабырста стигъджыты къорд. Бандиттæн ныхкъуырд чи лæвæрдта, уыдоны ‘хсæн уыд Хадзы-Умар дæр. Калинины зæрдæмæ тынг фæцыд æвзонг лæппу æмæ Мæскуымæ здæхгæйæ йемæ ракодта æвзонг цæф коммунисты, кæцыйыл цыд æрмæстдæр 20 азы æмæ йæ срекомендаци кодта Я.К.Берзинæн (инæлар Берзин уыд Советон Цæдисы хъахъхъæнынады наркоматы сæйраг развæдсгæрсты управленийы хистæр). Афтæ райдыдта диссаджы советон развæдс-гарæджы карьерæ. 1941 азæй уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты. Командæ кодта 2-аг гвардион кавалерион дивизийыл. 1945 азы Дрездены цур тохты уый стыр зиæнттæ ракодта ныхмæлæууæгæн æмæ ссæрибар кодта дыууæ гитлерон концлагеры, цыран уыд 16 мин адæймаджы бæрц.

Мамсыраты Хадзы-Умары райгуырды 90-азы цытæн Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты Генералон штабы сæйраг развæдсгарæн управленийы хистæр Ф. Ладыгины арфæйы дзырдæуы: «Гарзджын тыхты хорз зыдтой æмæ кад кодтой инæлар-булкъон Мамсырайы фыртæн йæ бæрзонд профессионализм, диссаджы организаторон курдиат æмæ хисæрмагонд хъайтардзинады тыххæй. Уый уæзгæ хайбавæрд бахаста нæ службæйы рæзт æмæ фидардæр кæнынмæ, бирæ вазыгджын æмæ бæрнон хæслæвæрдтæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддагмæ. Мамсырайы фыртæн уыд стыр авторитет. Хадзы-Умар Джиоры фырты цард у æнæхъæнæй дæр сгуыхтдзинад. 50 азы снывонд кодта Фыдыбæстæйæн ацы зын, æфсæддон службæйæн. Уыд цыппар хæсты хайадисæг. Мамсыраты Хадзы-Умары характеры æвдыст цæуынц ирон адæмы хуыздæр миниуджытæ – Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, æхсардзинад, æмбалдзинад, æфсæддон лæджыхъæд». Йæ хъæбатрдзинады тыххæй йын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном, хорзæхджын уыд 11 хæстон орденæй – Ленины æртæ ордены, Сырх Тырысайы фондз орден, 1-æм къæпхæны Кутузовы орден, II-æм къæпхæны Суворовы орден, 1-æм къæпхæны Фыдыбæстæйон хæсты орденæй, афтæ ма хорзæхджын æрцыд Советон Цæдисы майдантæ æмæ фæсарæйнаг бæстæты ордентæ æмæ майдантæй. Мамсырайы фырты номыл ист æрцыд документалон фильм «У времени в стременах». Йæ номыл уынгтæ ис Дзæуджыхъæуы, Грознæйы, Беслæны, Луцкы, Цхинвалы. Афтæ ма йæ ном хæссы Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. Йæ райгуырæн хъæу Ольгинскæйы  йæ номыл ис мемориалон хæдзар-музей, ацы хъæуы скъолайы æвæрд æрцыд хъайтары цырт. Мамсыраты Хадзы-Умарыл фыст æрцыд хъайтарон зарæг Цæгæраты Гигойы ныхæстыл, музыкæ йын ныффыста Хаханты Дудар. 2015 азы хъайтары номыл Испаны Мадриды цур æвæрд æрцыд цырт, 2017 азы 19-æм майы та йæ номыл байгом цырт Керчмæ æввахс Аджимушкайы поселочы. Уый уыд 20-æм æнусы хуыздæр развæдсгарджытæй сæ иу. Йæ ном цæрæнбонтæм хаст æрцыд Советон Цæдисы, Ирыстоны историмæ.

 

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.