РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады кадетты скъолайы хъомылгæнинæгтæ уæлахизимæ рыздæхтысты Мæскуыйæ, цыран уагъд цыдысты кадетон корпусты æмæ скъолаты хъомылгæнинæгты æппæтуæ-рæсейаг сбортæ. Уæлахиз сын лæвæрд æрцыд иумиагкомандон хыгъды.

Хуссарирыстойнаг кадеттæ – 9-æм æмæ 10-æм кълæсты ахуырдзаутæ фыццаг бынæттæ бацахстой «рæнхъыл зарæгимæ рацæуы-нæй», «цытджын маршæй рацæуынæй», дыккаг бынæттæ та бацахстой «кæрæдзийы ныхмæ згъоргæ эстафетæ», «хæрдмæ хи ивазынæй»-йæ æмæ æртыккаг бынæттæ та – æндæр конкурсты. Хуссарирыстойнаг сывæллæттæ цæттæ уыдысты автомат хайгай акæнынмæ æмæ йæ фæстæмæ сæмбырд кæнынмæ. Уымæй уæлдай сæрæн разындысты бæндæн ивазынæй, аив цæуынæй, алыхуызон эстафетæтæй.

Уæлдай аргъ сын скодтой, кæрæдзийы куыд æмбæрстой иу командæйы, уымæн. Алчи дæр сæ архайдта йæ арæхстдзинад æххæстæй равдисыныл.

Ерыстæй дарддæр ма уыдон   бабæрæг кодтой Æбæрæг салдаты ингæн, сæвæрдтой йыл дидинджытæ. Уыдысты Кремлы, стæй Хæстон кады музейы. Бакастысты Чысыл театры спектаклмæ.

Афтæмæй фæстæмæ æрыздæхтысты рухс тæлмæнтимæ.Сæхицæн Уæрæсейы бирæ горæттæй ссардтой   хæлæрттæ.

Æрмæст Мæскуы фенын дæр бирæтæм стыр диссаг фæкаст. Дызæрдыггаг нæу, уыдонæй бирæтæ ныр сæ цард кæй сбæтдзысты æфсæддон хъуыддагимæ. Ныр та сæ разы сæвæрдтой ног хæстæ – сæхи цæттæ кæндзысты Уæлахизы боны парадмæ. Аккагæй дзы кæй равдисдзысты сæхи, ууыл дызæрдыг дæр нæ кæнынц.

Кадеттæ æрæздæхтысты дипломтæ æмæ Кады грамотæтимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.