Цæуынц бонтæ, цæуынц мæйтæ, цæуынц азтæ, цæуы рæстæг, фæлæ мысынад тыхджындæр у рæстæгæй. Хуссарирыстойнаг адæм арвыстой бирæ тæссаг рæстæджытæ афæдзы алы афоны дæр. Фæлæ ныр иууыл тæссагдæр бонтæ æмæ рæстæджытæ фæстейæ аззадысты. Ирыстон цæры. Ирыстон бафæрæзта. Ныр аст азы нымад æмæ хæдбар паддзахад стæм. Ныр нæ цард нæхи фæндиаг у, æрмæстдæр нæ хъæуы кусын, аразын, æндидзын кæнын æмæ уыцы хъуыддаг нæ къухты æфтгæ дæр кæны нæ бæстæйы къухдариуæгады руаджы.

Фæлæ цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр никуы басур уыдзысты, тæссаг хæстыты рæстæджы сæ зæрдиаг хъæбулты чи фесæфта, уыцы зæрдæрыст мæдты судзгæ цæстысыгтæ. 2008 азы августы хæстæй кæд аст азы рацыд, уæддæр нæ байгас сты нæ горæты Джиоты Аланы уынджы 124-æм корпусы цæрæг Зæгъойты-Тедеты Маринæйы зæрдæйы хъæдгæмттæ дæр æмæ æрвылбон дæр йæ уарзон хъæбул Ацæмæзы мысгæйæ, судзгæ цæстысыгтæ æруайынц сылгоймаджы уæздан уадултыл. Цæрæнбонтæм йæ цæстыты æрбынат кодта æрхæндæгдзинад.

«2008 азы августы хæст нæ бинонты æрæййæфта хæдзары. Æцæг мæ цардæмбал Тедеты Сельдик хæдзары нæ уыд. Уыцы рæстæджы дæр куыста æмæ абон дæр кусы шофырæй. Хæсты хæдразмæ сывæллæтты куы эвакуаци кодтой, уæд дзы иу къорды аласта Ростовмæ æмæ фæндагыл уыд. Мæ дыууæ лæппуйы Таймураз æмæ Ацæмæз спецназы куыстой æмæ æппынæдзух лæууыдысты æндыгъд бынæтты иннæ хæстон лæппутимæ. Æхст-иу куыддæр фæцыд, афтæ-иу асинтыл æрцæйлыгъд æмæ-иу бахæццæ лæппуты цурмæ. Хæсты размæ дæр æртæ суткæйы лæууыдысты посты – «Паук» кæй хонынц, уым. Хæдзармæ æрцыдысты 7-æм августы изæры. Ме ‘фсин 75-аздзыд Тедеты-Хъуылымбегты Бабелинæ цард Аунеуы хъæуы æмæ уавæр æндыгъд кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ хуыздæ-рæн ракодтам нæхимæ горæтмæ, фæлæ йæ фæлтау куынæ ракодтаиккам, куыдфыддæр нын рауад йæ раконд… Мæ лæппутæ хъуамæ иу æхсæв баулæфыдаиккой æмæ та дыккаг бон ацыдаиккой сæ постмæ, фæлæ цæй улæфт æмæ цæй цыдæр.  Куыддæр æрхуыс-сыдыстæм нæ уæтты, афтæ фæцыд тыхджын гуыпп, райдыдтой тыхджын æхстытæ, райхъуыст алыгъуызон хæцæнгæрзты гыбар-гыбур. Цы базонын ма нын æй хъуыд, уый стыр хæсты райдиан кæй у, уый. Тагъд-тагъд æрлыгъдыстæм нæ хæдзары ныккæндмæ æмæ нæ сыхæгтимæ не ‘хсæв арвыстам уым. Дыккаг бон райсомæй мæ лæппутæ сфæнд кодтой мæн æмæ сæ нанайы Дзауы онг акæнын. Уым цард нæ хион æмæ уый размæ уырдæм арвыстон мæ чызг æмæ мæ чындзы æд чысыл саби æмæ мах дæр сфæнд кодтам уырдæм ацæуын. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хъæбултæ хъуамæ фæстæмæ æрыздæхтаиккой сæ райгуырæн Цхинвал бахъахъхъæнынмæ, иууыл иумæ цыдысты тæссаг бынæттæм дæр. Немæ ма сæхи машинæйыл рацыдысты нæ сыхæгтæ Тадтаты Сержик йæ цардæмбал Гæбæраты Алинæ æмæ нæ корпусы 1-æм уæладзыджы цæрæг Тасойты сылгоймаг йæ чызгимæ. Куыддæр Тъбеты суадоны доны цурмæ схæццæ стæм, афтæ уынæм цахæмдæр æфсæдты, уыдысты тынг бирæ. Семæ уыд бирæ бронетехникæ. Ацæмæз афтæ фен-хъæлдта, ома, уыдон уæрæсейаг æфсæдтæ сты æмæ  хъуамæ бацыдиад сæ размæ. Фæлæ уыдон кæд разындысты гуырдзиæгтæ æмæ куыддæр машинæйæ рахызт, афтæ нын нæ машинæтæ райдыдтой æхсын. Мах æргуы-быр кодтам, фæлæ ныл уæддæр æмбæлдысты нæмгуытæ æмæ нæ тугтæ алырдыгæй кæлын райдыдтой. Сергей бадт рулы фарсмæ æмæ уайтагъд фæмард. Йæ мард буар рахауд машинæйæ. Иу рæстæджы мæм афтæ фæкаст, цыма мæ быны хъарм дон рацыд, дæ фарн бирæ, фæлæ æз афтæ фенхъæлдтон зæгъын, фыртасæй ме ‘фсин йæ доны хуыпп нал баурæдта. Бакастæн ме ‘фсинмæ æмæ йæ сæры æрдæг йæ уæлæ нал уыд, нæмыг сæмбæлд йæ галиу цæстыл æмæ йын ныппырх кодта йæ сæры æрдæг. Йæ туг æмæ йæ сæрымагъзæй самæхстысты мæ цæсгом, мæ уæлæдарæс. Гуырдзиæгтæ нæ дарддæр æхстой. Æз фæцæф дæн, фæцæфтæ сты иннæтæ дæр. Куыддæрты ма рабырыдыстæм маши-нæтæй æмæ æрхуыссыдыстæм зæххыл. Мæ хъæбул Ацæмæз кæд уæззау цæф фæцис æмæ йæ тугтæ калдысты, уæддæр æй дарддæр æхстой. Мæ хистæр фырт Таймураз бафæлвæрдта йæ аирвæзын кæныныл, бабырыд æм æмæ йæ йæ буарæй бамбæрзта, афтæмæй йæхæдæг дæр фæцæфтæ цалдæр раны.

Уæдмæ нæм гуырдзиæгтæ æрбацыды-сты хæрзæввахс, хъæртæ кæнын ныл райдыдтой æмæ фæйнæрдæм æхстой. Фæндыд сæ мæ дыууæ хъæбулы амарын. Уæд сын æз ныллæгъстæ кодтон гуырдзиагау, зæгъын, ау, æппын уæ риуы зæрдæтæ нæй, нæдæр уын мæдтæ ис æмæ нæдæр æфсымæртæ æмæ хотæ. Лæгъстæ уын кæнын мауал мын фехсут мæ хъæбулты, æнæуыйдæр сæ туджы куы мæцынц. Уыдон мæм маргджын мидбылхудт кодтой æмæ мын мæ хъæбулты къахæй цавтой. Нæ туджы кæй мæцыдыстæм, уымæй истой æхцондзинад. Мæ хъæбул Ацæмæзæн ма тыххæйты йæ ныхас хъуыст, зæгъгæ, дон, дон мæ хъæуы. Кæд суадоны дон нæ цуры уыд, уæддæр мæ нæ уагътой уырдыгæй дон схæссын æмæ йын уæд нæ цуры цы къанаугонд цыд, уырдыгæй йын чъизи дон адардтон. Таймуразы гуырдзигæтæ фæндаджы астæу-мæ баластой æмæ йыл хъуамæ йæ уæлæ тан-кæйыл рацыдаиккой, фæлæ йæ цурмæ ба-лыгъдыстæм æз дæр æмæ Алинæ дæр æмæ сын лæгъстæ кæнын райдыдтам, зæгъын, æнæуый дæр сæрæгасæй нал аирвæз-дзысты.

Уалынмæ нæ фæуагътой æмæ атагъд кодтой горæты ‘рдæм, æвæццæгæн, сæм ра-цийæ исчи фæдзырдта. Æнæуый дæр ахъуыды кодтой, зæгъгæ, адонæй ничиуал аирвæздзæн æмæ уадз, æмæ хъизæмар кæной сæ мæлæты размæ. Уæд Таймураз йæ туджы мæцгæйæ, бабырыд, уым æввахс цы машинæ æппæрст уыд, уымæ, телтæ йæм куыддæрты баиу кодта æмæ йæ скусын кодта. Ме ‘фсины æмæ Сержикы мард буартæ ныууагътам уым æмæ нæхæдæг сбадтыстæм машинæйы. Таймуразæн йæ къæхтæ цæф кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ бон нæ уыд газыл ныххæцын. Уæд систа, зæххыл æппæрст цы лæдзæг уыд, уый æмæ газ уымæй  нылхъывта. Куыддæрты нæ схæццæ кодта Зары хъæумæ æмæ  бауадзыг. Уым нын бакодтой фыццаг æххуыс æмæ нæ аластой Дзаумæ. Уым мын мæ хуызæй фæтарстысты, туг æмæ ме ‘фсины сæрымагъзæй кæй самæхстæн, уымæ гæсгæ. Уырдыгæй та – Нузалмæ. Ацæмæзæн йæ уавæр æвзæрæй-æвзæрдæр кæй кодта, уымæ гæсгæ нæ аластой Алагиры рынчындонмæ, фæлæ мæ хъæбулæн уым дæр ницыуал баххуыс кодтой æмæ…  Уырдæм нæм æрхæццæ мæ цардæмбал дæр. 9-æм августы райсомæй 5 сахатыл, йæ райгуырæн боны мæ хъæбул 22-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн… Уæдæй фæстæмæ, йæ уындмæ бæлгæйæ, мæ царды бонтæ æрвитын æнкъард æмæ цæссыгкалгæйæ. Цхинвалмæ æрцæуæн кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ йæ аластам Октябрскы хъæумæ æмæ йæ уым бавæрдтам. Уавæр куы фæсабыр, уæд ын йæ нанайы мард буар дæр æрластам æмæ уый дæр баныгæдтам Октябрскы хъæуы. Мæ иннæ фырт Таймураз дæр бахауд бирæ фыдæбæтты, скодтой йын цалдæр операцийы, нырма Дзæуджыхъæуы æмæ уый фæстæ та –  Мæскуыйы. Абон кæд сæрæгас у, кусы, уæддæр цыма  йæ къахæй цуды. Ис ын дыууæ сывæллоны. Мæхицæн дæр абоны онг мæ буары ис нæмыджы схъистæ. Уыцы цаутæ мæ цæстытыл куы ауайынц, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма тæссаг кинойы роль æххæст кодтон», – радзырдта мын хъæбулы мæрдæй зæрдæрыст мад.

Фæмардуæвæг Тадтаты Сергейы цар-дæмбал Гæбæраты Алинæ та мын афтæ радзырдта: «2008 азы августы тæссаг цаутæ мысын мын тынг уæззау у. Кæд аст азы рацыд уæддæр абоны онг дæр мæхимæ не ‘рцыдтæн. Фырдиссаг æмæ фыртасæй цы уавæры бахаудтам, уыцы цаутæй алцы нал хъуыды кæнын. Уавæр æндыгъд кæй уыд, уымæ гæсгæ хæстæй цалдæр боны размæ нæ дыууæ хъæбулы акодтам Дзаумæ нæ хæстæджытæм. 7-æм августы сæ бабæрæг кодтам. Мæн кæд фæстæмæ горæтмæ æрцæуын нал фæндыд, уæддæр мæм мæ цардæмбал нæ байхъуыста. Хæст куы райдыдта æмæ Дзауыл дæр гуырдзиаг тыхæйисджыты хæдтæхджытæ бомбæтæ куы æркалдтой, уæд мæ зæрдæ тынг ахсайдта мæ хъæбултæм. 8-æм августы райсомæй бабадтыстæм нæ машинæйыл æмæ куыддæр Тъбеты хъæумæ схæццæ стæм, афтæ ныл хорзбон нæ акодта. Гуырдзиæгтæ нын нæ машинæтæ æхсын кæй райдыдтой, уый фæстиуæгæн мæ цардæмбал Сергей уайтагъд фæмард æмæ машинæйæ рахаудта. Æз æм бауадтæн, хъуамæ йæм æргуыбыр кодтаин, фæлæ мæ не знæгтæ иуæрдæм аппæрстой. Мæ уавæры знаг дæр ма бахауæд. Знаг дæр ма бавзарæт, мах цы уæззаудзинæдтæ бавзæрстам, уыдон. Æв-зонгæй идæдзæй, сидзæргæсæй баззайын тынг зын у».

Зæрдæрыст сылгоймаджы æрхæндæг мысинæгтæм хъусгæйæ, æз дæр мæ цæстысыгтæ нал баурæдтон æмæ та уыцы тæссаг бонты æппæт цаутæ цæстыты раз слæууыдысты. Махæй макуы хъуамæ ферох уой, не знæгтæ нын цы фыдмитæ фæкодтой, уыдон. Науæд та кæддæр фæлхатт æрцæудзысты…

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.