Кæронмæ бахæццæ Президенты кубок рамбулыны сæраппонд республикон турнир мини-футболæй. Ерыстæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой спортуарзджытæм. Хайад сæ райстой 24 командæйы. Уыдон иууылдæр равдыстой хорз цæттæдзинад. Мини-футболæй турниры финалмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Турниры бæрзонд æмвæзадыл дзурæг у уый дæр, æмæ дзы хайад кæй райстой профессионалон футболисттæ дæр. Зæгъæм, командæ «Барсалан»-ы архайдтой Мулдарты Алик æмæ Гаглойты Александр. Уыдон йæ рæстæджы хъазыдысты Уæрæсейы премьер-къорды. «Ныртæккæ æз хъазын командæ «Сахалин»-ы. Ныр нын улæфтытæ ис, æмæ йæ куы базыдтон, мæ райгуырæн республикæйы уагъд цæуы ахæм турнир, уæд сфæнд кодтон уым хайад райсын. Тынг æхсызгон мын у ахæм турнир уагъд кæй цæуы Цхинвалы, уый», – банысан кодта Гаглойты Александр.

Турниры кæронбæттæны уагъд æрцыдысты 3-аг бынат бацахсыны тыххæй фембæлд æмæ финалон хъазт. Нырма уал хъазæн фæзмæ рахызтысты Хъахъхъæнынады министрады æмæ «Фаллаг фарс»-ы командæтæ, уыдон тох кодтой бронзæ майдантыл. Сæйраг рæстæг фæцис æмдыхæй 1:1, æмæ футболистты бахъуыд 11-метрон цæфтæ сæххæст кæнын. Ам спортивон амонд бахудт «Фаллаг фарс»-ы командæмæ æмæ рамбылдтой 4:3 хыгъдæй. Уый фæстæ спортуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты финалон хъазты райдианмæ. Сæрмагондæй турнирмæ æрцыдысты Уæрæсейы чемпионтæ Джиоты Инал æмæ Пагæты Артур.

«Тынг æхсызгон мын у ахæм турнир уагъд кæй цæуы Хуссар Ирыстоны. Ам ис тынг курдиатджын сывæллæттæ æмæ Хуссар Ирыстоны футболмæ стыр хъусдард хъуамæ уа, науæд Ирыстоны футбол размæ никуы рацæудзæн», – бынысан кодта Джиоты Инал.

Финалон хъазты фембæлдысты «Текстиль»-ы æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты командæтæ. Футболы специалисттæ æнхъæл дæр куыд уыдысты, афтæмæй  ацы хъазт рауад тынг æндыгъд. Фыццаг рады командæтæ сæ хъус дардтой сæ къулдуæрттæм. Тох фылдæр цыд хъазæн фæзы астæу. Футболисттæн пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ  уыд , уыдонæй не спайда кодтой. Афтæмæй та ам дæр уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд 11-метрон цæфтæ сæххæст кæнын.  Рæстæдзæвиндæр уыдысты Паддзахадон æдасдзинады комитеты футболисттæ  æмæ систы сæйраг приз – Президенты Кубокы хицæуттæ. Уыдонæн ма паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли радта æхцайы преми 50 мин сомы.

«Стыр бузныг дзурын турниры хайадисджытæн, ахæм рæсугъд хъазт кæй равдыстой, уый тыххæй. Æнæхъæн республикæ йæ хъус дардта турнирмæ. Ерыстæ куыд равдыстой, афтæмæй нæ фæсивæд уарзынц æмæ æвзыгъд сты спортмæ», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли.

Æхцайы премитæ æмæ ма кубоктæ лæвæрд æрцыдысты призон бынæттæ бацахсæг командæтæн. Бæрæг æрцыдысты турниры хуыздæр хъазджытæ дæр. «Хуыздæр   дуаргæс»-ы  приз  лæвæрд æрцыд  Цхуырбаты Сæрмæтæн (Паддзахадон æдасдзинады комитет), хуыздæр хъахъхъæнæгыл нымад æрцыд Кокойты Азæмæт (Фаллаг фарс), «Хуыздæр футболист»-ы приз райста Гæбæраты Дзамболат (Текстиль) æмæ хуыздæр бомбардир та ссис Гаглойты Александр.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.