Цæмæй Нæуæг азы бæрæгбонты рæстæджы Мидхъуыддæгты министрады рæнхъон сконд йæ службæйон хæстæ æмбæлон æмвæзадыл æххæст кæна, уый фæдыл ауагъдæуыд оперативон æмбырд Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабы сæргълæудæй. Ӕмбырды хайад райстой министры хæдивджытæ, управлениты, службæты æмæ хайадты сæргълæуджытæ. Пухаты Мераб куыд банысан кодта, афтæмæй милици алы бæрæгбоны дæр фæкусы æндыгъд уавæрты, фæлæ уымæ хъæуы кæсын хуымæтæгдæр цæстæй, уымæн æмæ ацы куыст у нæ комкоммæ хæс.

«Алы милицийы кусæг дæр æхсæнады раз хæссы бæрндзинад, хæсджын у, цæмæй хъахъхъæна æмбæстæгты сабырад æмæ макæй бауадза æхсæнадон фæтк фехалын. Абоны бон мах ифтонг стæм алцæмæй дæр, цæмæй нæ службæйон хæстæ сæххæст кæнæм бæрзонд æмвæзадыл æмæ уый тыххæй та нæ тыхтæ хъуамæ раттæм, цæмæй бæрæгбонон мадзæлттæ ацæуой æнæфыдбылызæй», загъта Пухаты Мераб.

Ведомствойы сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ, ныридæгæн арæзт æрцыд организацион-профилактикон план бæрæгбонон мадзæлтты тыххæй æмæ 29 декабрæй фæстæмæ Мидхъуыддæгты рæнхъон сконд ахиздзæн кусынмæ фæтыхджындæргонд режиммæ. Планмæ гæсгæ милицийы кусджытæ ахæм режимыл кусдзысты суанг 13 январы онг.

Ӕмбырды ма сæйраг темæ уыд – æхсæнгарзæй æхсын Ног азы бæрæгбонты рæстæджы.

Кæд æмæ фæстаг азты тыхон структурæты æмархайды фæрцы бынтон ныцъус сты ахæм цаутæ, уæддæр Мидхъуыддæгты министрад сиды цæрджытæм, цæмæй ма фехсой æхсæнгарзæй. Фæткхалджытæ карзæй æфхæрд цæудзысты, суанг ма сыл баконд æрцæудзæнис уголовон хъуыдæг-тæ дæр. Уымæй уæлдай ма милицийы кусджытæ рейдты рæстæджы сгардзысты автотранспорт дæр, цæмæй макæмæн бантыса æхсæнгарз ласын æмæ дзы Ног азы цæрджыты сабырад фехалын.

Бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы æх-сæнадон фæтк бахъахъхъæныны тыххæй  службæ хæсдзысты 500 адæймаджы бæрц. Фæтыхджындæр æрцæудзысты стационарон æмæ паддзахадон арæнмæ æввахс постытæ. Республикæйы фæндæгтыл цы постытæ æвæрд ис, уым милицийы кусджытимæ лæууынц Хъæды хæдзарады управленийы кусджытæ дæр, цæмæй ма уадзой наз бæлæстæ лыг кæнын. Фæткхалджыты кæндзысты бæрндзинадмæ.

Бæрæгæбонон мадзæлтты рæстæджы антиæхсæнадон уагахаст кæмæн уа, уыдон дæр æфхæрд цæудзысты закъоны фæлгæтты. Планмæ гæсгæ мадзæлттæ цы бынæтты цæуой, уыцы территоритæм адæм хиздзысты специалон аркæты уылты, ома металлодетектортæ кæй хæнынц, уыдо-ныл. Ахæм бынæтты ма развæлгъау милицийы кусджытæ ауадздзысты инженерон-саперон сгæрст техникон ифтонггæрзтæй æмæ службæйон куыйтæй спайда кæнгæйæ. Уымæй уæлдай æввахс территоритыл нæ уыдзæнис бар карз нозтытæ уæй кæнынæн.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ дæр сæ хъусдард фæтыхджындæр кæндзысты, цæмæй цæрджыты бахизой æнамонд цаутæй. Карзæй æфхæрд цæудзысты нозтджын шофыртæ. Уы-мæй уæлдай ма кæсдзысты, цæмæй æнахъомтæ ма скъæрой автомашинæтæ æмæ профилактикон куыст кæндзысты шофыртимæ, цæмæй фæкъаддæр уой фæткхалæн цаутæ.

Дарддæр дæр цæуынц рейдон мадзæлттæ пиротехникæйы тыххæй, куыд горæт Цхинвалы, афтæ ма районты дæр. Ныридæгæн экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны фæдыл милицийы управленийы кусджытæ горæт Цхинвалы иу магазины ссардтой æмæ сконфискаци кодтой 720 гуыпгæнæны. Фæткхалæг конд æрцыд бæрндзинадмæ. Цалдæр æмбæстаджы та, кæцытæн ис дуканитæ, милицийы кусджытæм барвæндонæй радтой сæ гуыпгæнæнтæ.

Мидхъуыддæгты министрад сиды цæрджытæм, цæмæй пиротехникæимæ архайой арæхстджыдæрæй. Кæд æмæ нæ республикæйы территорийыл нæй уæй кæныны бар пиротехникæйы фылдæр хуызтæн, уæддæр арæх фенæм æнахъомты къухты пиротехникон дзаумæттæ. Ӕрвыл Ног азы дæр æрцæуы фыдбылызтæ – чи механикон травмæ райсы, чи судзгæ бакæны æмæ, хъыгагæн се ‘хсæн арæх вæййы æнæххæст кары сывæллæттæ дæр. Нæ хъæуы дæтттын сывæллæттæм пиротехникæ, æрмæстдæр хлопушкатæ æмæ бенгалон æртытæ, кæцытæ тæссаг не сты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.