Ацы аз Национ музейы кусджытæн нысаниуæгджын уыд Дзæуджыхъæумæ балцæй. Уыдон уыдысты Цæгат Ирыстоны Национ музейы ног бæстыхайы, кæцы байгом ацы азы сентябры, æмæ  базонгæ сты сæ коллегæты архайдимæ.

Дæргъвæтин рæстæджы реконструкцийы фæстæ музей æрмæст йæ интерьертæй нæ барухс кодта уазджыты зæрдæтæ, фæлæ ма сноггонд экспозицитæй дæр.

«Цæгат Ирыстоны Национ музеимæ махæн рагон æмæ фидар бастдзинæдтæ ис. Мах фыццаг хатт нæ базонгæ стæм йæ куыстимæ, фæлæ ног бæстыхаймæ куы рахызт, уæдæй нырмæ йæм фыццаг хатт æрцыдыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, тæлмæнтæ – бирæ. Ног бæстыхай арæзт сæрмагондæй æрцыд, сæвæрдтой дзы музейы хъæуæг ифтонггæрзтæ æмæ дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Музеймæ нæ балц æрмæст профессионалон æгъдауæй нæ уыд цымыдисон æмæ пайдайаг, фæлæ ма нæ коллегæтимæ адæймагон ахастытæй дæр. Музейы хайадты ногдзинæдтæ æмæ архайдимæ мах базонгæ кодтой фонды секторы сæргълæууæг Габуты Маринæ, зонадон-методикон хайады хистæр Туаты Русудан, амонæг методист Валентина Бенина, зонадон кусæг Дулайты  Ларæ, фонды хайады кусджытæ Цæрæкаты Людмилæ æмæ  Чопыкаты Ольгæ. Æхсызгон нын уыд музейы къухдариуæгадимæ – директор Цогойты Батраз æмæ йæ хæдивæг Цæрæкаты Людмилæимæ ныхас кæнын», – радзырдта РХИ-йы Национ музейы советон дуджы размæйы хайады сæргълæууæг Дриаты Фатимæ.

Республикон Национ музейы кусджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй сæм иууыл тынгдæр цымыдисон фæкаст, æрмæг куыд амыдтой, уый, æмæ экспонатты равæрд.

Цхинвалмæ æрцæугæйæ, Национ музейы кусджытæ æруынаффæ кодтой æхсæнмузейон ахастытæ адарддæр кæныны фарстатыл æмæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæныныл, афтæ ма бузныджы ныхæстæ арвыстой сæ цæгаттаг коллегæтæм, æмкуысткæнынадмæ сæ цæттæдзинады, сæ фæлтæрддзинад амоныны æмæ методикон рекомендациты тыххæй.

РЦИ-Аланийы Национ музеймæ этапгай æрвыст æрцæудзысты хайадты сæргълæуджытæ, зонадон кусджытæ, экскурсоводтæ, æдæппæтæй авд адæймаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.