Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдар Джуссойты Константин йæхимæ райста æхсæнадон фæсивæдон организаци «Раззагонтæ»-йы минæвæртты сæ къухдариуæггæнæг Бететы Викторияйы сæргълæудæй. Уыдонæн ногазон улæфтыты рæс-тæджы РХИ-йы Хицауад сорганизаци кодта балц Цæгат Ирыстон-Аланимæ.

Джуссойты Константин, фыццаджыдæр, сывæллæттыл сæм-бæлдис райзæрдæйæ, бацин сыл кодта æмæ сæ уый фæстæ бафарста сæ балцæй куыд райгондæй баззадысты, цавæр тæлмæнтæ сыл ныууагъта, уыдæттæй.

«Зынаргъ, фæсивæд, махæн иууыл сæйрагдæр у, цæмæй ахуыр кæнат тынг хорз. Сымахæн ныртæккæ цы рæстæг ис, уый фылдæр хъуамæ хардз кæнат æмбæлон зонындзинæдтæ райсыныл. Мах æппæтдæр араз-дзыстæм, цæмæй иууыл хуыздæр чи ахуыр кæна, уыдоны разæнгард кæнæм æмæ сæ балцыты æрвитæм æрмæст Цæгат Ирыстонмæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæм дæр», – банысан кодта Джуссойты Константин.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, ахуыры азы фæуды фæстиуджытæм гæсгæ хуыздæр скъоладзаутæ æрвыст кæй æрцæудзысты Хъырыммæ улæфынмæ.

Сывæллæттæ Хицауады сæрдарæн радзырдтой, сæ балцы программæ тынг цымыдисон кæй уыдис. Уыдон уыдысты циркы, бакастысты кино-премьерæмæ æмæ хъæлдзæгæй сæ рæстæг арвыстой хиирхæфсæн центры. Сывæллæттæ ма стыр æхцондзинад райстой, Дзæуджыхъæуы фенддагдæр бынæттыл кæй азылдысты, уымæй дæр. Æмбырды «Раззагонты» номæй Хицауады сæрдар Джуссойты Константинæн бузныджы ныхæстæ загъта Гæбæраты Хох. Премьерæн радзырдта зæгъгæ, хайадисджытæн се ‘ппæт дæр сæ балц дардзысты сæ зæрдыл.

Сывæллæттæ Джуссойты Константинæн зæрдылдарынæн балæвар кодтой сувениртæ, галстук æмæ риуылдарæн «Раззагонтæ»-йы символикæимæ.

Фембæлды Бететы Виктория дæр раарфæ кодта Хицауады сæрдарæн сывæллæтты хъæлдзæг æмæ цымыдисон балцы тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ рæзгæ фæлтæрæн æрмæст æвæрццаг эмоцитæ нæ хæссынц, фæлæ ма уыдон исынц зонындзинæдтæ æмæ рæзынц культурон æгъдауæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.