Æрвылаз дæр рагуалдзæджы нæ республикæйы цæрджытæ райдайынц хус кæрдæг æмæ сыфтæртæ судзын.

«Уымæн йæ сæйраг аххосаг у, зынгимæ раст кæй нæ архайынц, стæй хъæуты цæрджытæ ацафон сæ зæххы фадгуытæ æмæ хæдзæртты кæртытæ кæй фефснайынц, уый. Уый фæстæ броныл арт бафтауынц. Хус кæрдæг æнцонæй судзы æмæ анхъæвзы дардмæ», – зæгъынц зынгсирвæзты службæйы.

Хъæууон хæдзарады специалисттæ сыфтæрты судзыны тæссагдзинад раджы сбæлвырд кодтой. Зианхæссæг у сыфтæрты судзыны хъуыддаг экологийæн дæр. Уынгты сыфтæртæ æмæ кæрдæг кæй судзынц, уый бирæтæн сæ улæфæнтæ хъыгдары, æндавы æнæниздзинадыл.

Уымæй дарддæр ма хус сыфтæрты бын цы пайдахæссæг уырынгонтæ вæййы, уыдон дæр басудзынц, амæлынц пайдайы микроорганизмтæ дæр, разианчындæуыд зайæгойтæн. Басудзы бæлæсты æмæ зайæгойты мыггаг, бæлæсты быннаг хай.

Цæмæй хус сыфтæртæ æмæ кæрдæг судзын ма хъæуа, уый тыххæй ис скъахæн дзыхъхъ æмæ сæ уым æмбырд кæнын, уый фæстæ дзыхъхъ хъæуы æмбæрзын, цæмæй дзы рауайа æрдзон хъацæн зæххæн. Уымæй мах бахъахъхъæндзыстæм æрдзы сыгъдæгдзинад.

Зынгхуыссынгæнæн службæйы та куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон арæх фæуадзынц профилактикон беседæтæ цæрджыты ‘хсæн. Фæлæ азæй-азмæ ахæм цаутæ уæддæр æрцæуынц. Уымæ гæсгæ цæрджытæм сидынц, цæмæй арæхстгай архайой зынгимæ æмæ кæд æвирхъау цаутæ фæзына, уæд та фæдзурой ахæм телефонтæм:

112, 45-18-00, 8-929-810-10-01

 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.