Адæм сæ удварны рæзты цас размæ ацæуынц, уый бирæ цæмæйдæрты бæрæг цæуы. Уыдонмæ хауы, ацы стыр хæрзиуæгон хъуыддаджы æвæллайгæ куыст чи кæнынц, уыдонæн цас аргъ æмæ кад кæнæм, уый дæр. Джусойты Нафийы ном хорз зоны алы ирон адæймаг, Ирыстоны алы цæрæг дæр. Уый зонынц Ирыстонæн æддейæ. Зонынц æй, цы бирæ литературон æмæ зонадон фæллæйттæ скодта, цы стыр æхсæнадон куыст кæны, уыдоны руаджы. Нафи кадыл мæлæг нæу йæхæдæг, фæлæ мах йе ’мдугонтæ, афтæ нæ фæстæ цы фæлтæртæ цæуой, уыдон дæр хæсджын стæм, цæмæй йын кад кæнæм. Æмæ афтæ дæр кæй у, уымæн æвдисæн уыд, Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны хæдагъоммæ, 14 майы киноконцертон зал «Чермен»-ы цы мадзал ауагъд æрцыд, уый дæр. Ардæм æрбацыдысты республикæйы интеллигенцийы, æхсæнады минæвæрттæ. Стыр делегаци æрцыд Цæгат Ирыстонæй. Делегацийы сконды уыдысты ахæм зындгонд адæймæгтæ, куыд дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр совет»-ы сæрдар Басаты Барис, Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг, Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор Къусраты Анатоли, зынгæ нывгæнæг Челæхсаты Магрез, фысджытæ Дзасохты Музафер, Агънаты Гæстæн, литературæиртасæг Хозиты Барис æмæ бирæ æндæртæ. Ардæм ма æрбацыд нæ республикæйы Уæрæсейы Федерацийы минæвар Къарджиаты Эльбрус æмæ Нафи йæхæдæг дæр.

Сæ æрæмбырды аххосаг — Джусойты Нафийы номыл литературон конкурсы фæуæлахизуæвджытæн премитæ радтын. Ам банысан кæнын хъæуы, конкурс организаци кæй æрцыд хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы руаджы, кæцыйы бындурæвæрæг у, зынгæ ирон амалиуæггæнæг Хуыгаты Ростислав.

Цалынмæ хъуыддаг премитæ дæттынмæ не ’рцыд, уæдмæ куыста къамис, кæцыйы скондмæ бацыдысты куыд Хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Уыдон сусæг хъæлæсæппæрстæй сбæрæг кодтой фыццаг æртæ фæуæлахизуæвæджы.

Премитæ дæттыны церемони райдианы агъоммæ мадзаламонæг Дзуццаты Тамерлан сценæмæ фæхуыдта хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы сæрдар Челехсаты Хъазбеджы. Уый цыбыртæй æрдзырдта фонды архайды тыххæй, ныртæккæ цы мадзал æххæст цæуы, уый нысаниуæджы тыххæй. Банысан кодта Хуыгаты Ростиславы хæрзаудæн архайд йæ радтæг адæмы хæрзиуæгæн. Уый кæд Ирыстонæй дард, Самарайы горæты, æххæст кæны амалиуæгадон архайд, уæддæр ын йæ лæггæдты хорз зонынц нæ адæм, уæлдайдæр та, кæцæй рацыд, уыцы Къуыдаргомы цæрджытæ. Ивгъуыд аз, Ручъы хъæуы зынгæ ирон фыссæг Плиты Грисæн цы цыртдзæвæн æвæрд æрцыд, уый дæр у фонд «Амонд»-ы архайды фæстиуæг.

Дарддæр сценæмæ хуынд æрцыд дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр совет»-ы сæрдар Басаты Барис æмæ фехъусын кодта æртыккаг преми райсæджы ном. Уый у газет «Рæстдзинад»-ы кусæг, журналист Багаты Аврам. Уымæн ацы преми лæвæрд æрцыд номинаци «Публицистикæ»-йы. Дыккаг преми (прозæйы жанры) чи райста, уый ном фехъусын кæныны тыххæй та сценæмæ схызт РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик. Ацы премийы аккаг ссис фыссæг Наниты Асиат.

Фыццаг преми (прозæйы жанры) та лæвæрд æрцыд зынгæ ирон поэт æмæ литературæиртасæг, дзæнæттаг Джыгкайты Шамилæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуыгаты Ростислав. Уый ма радзырдта хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы дарддæры плæнтты тыххæй. Нафийы номыл цы преми снысан кодтой, уый кæй уыдзæн æрвылазон. Кæй фæнд кæнынц иумæйагахуырадон скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн Плиты Грисы номыл преми бакæнын дæр.

Конкурсы фæуæлахизуæвджытæ хорзæхджын æрцыдысты премиты нысæнттæй, дипломтæй æмæ æхцайы фæрæзтæй (фыццаг преми — 150 мин сомы, дыккаг — 100 мин сомы æмæ æртыккаг — 50 мин сомы). Джыгкайты Шамилы преми лæвæрд æрцыд йæ чызг Заринæмæ.

Фонды уынаффæмæ гæсгæ конкурсмæ сæ уацмыстæ чи бавдыстой, уыдонæй æхсæзæн лæвæрд æрцыдысты Грамотæтæ. Уыдоны та радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Къарджиаты Эльбрус.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта зынгæ ахуыргонд, республикæйы фыццаг Президент Цыбырты Людвиг дæр. Уый æрдзырдта Нафиимæ сæ хъарм ахастытыл, Дзæуджыхъæуы зонадон центр Нафийы райгуырды 90 азы цытæн сæрмагондæй цы журнал рауагъта, уый тыххæй. Ам цы бирæ уацтæ мыхуыр æрцыдысты, уыдоны алыварсонæй иртæст цæуы йе сфæлдыстад.

Куыд конкурсы фæуæлахизуæвджытæ, афтæ раныхасгæнджытæ дæр бузныджы ныхæстæ дзырдтой Хуыгаты Ростиславæн йæ хæрзаудæн архайды тыххæй, кад кодтой нæ куырыхон хистæр Джусойты Нафийæн æмæ йе ’нæниздзинад чысыл кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ йын сæ цæст уарзта фидар æнæниздзинад, дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Мадзал хорз тæлмæнтæ ныууагъта, чи йæм æрбацыдысты, уыдоны зæрдæты. Сæ зæрдæты равг сын ноджы бæрзонддæр кодтой ансамбль «Амонд» æмæ Хуыцъейы Культурæйы хæдзары зарæггæнджыты къорд. Кафджытæ аив æххæст кодтой ирон кæфтытæ, зарæггæнджытæ зарыдысты Нафийыл, Ирыстоныл.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.