Маст æмæ цæссыджы дзæкъултæ…

2014 азы Наниты Асиатæн мыхуыры рацыд йе сфæлдыстадон куыстыты æмбырдгонд «Уацмыстæ». Ам сты йæ уацаутæ, йæ радзырдтæ-æцæг хабæрттæ, тæлмæцтæ. Иудзырдæй, йе сфæлдыстадон фæллæйттæ иумæ рахаста чиныгкæсджыты размæ. Раст зæгъгæйæ, уый тынг бæркадджын æмæ цæсты ахадгæ хуын у ирон аив дзырдуарзаг дзыллæйæн. Ацы æмбырдгондмæ хаст æрмæджытæ йæ рæстæджы хицæн чингуытæй мыхуыр æрцыдысты æмæ сæ чиныгкæсæг тынг зæрдиагæй айста. Сæ хъуыдытæ дæр ын загътой, æмæ авторæн та чиныгкæсæджы хъуыды æппæты стырдæр æмæ зынаргъдæр лæвар у — йæ дарддæры куысты стимулдæттæг æмæ ног уацмыстæ сфæлдисынæн разæнгардгæнæг.

Фыссæг царды йæхæдæг цытæ бав-зары, йæхи сæрмагонд цæстæй цытæ фены, уыдæттæ йын аив дзырдæй зæгъын зын ма хъуамæ уа, фæлæ, раст зæгъгæйæ, алы хатт æмæ алы фыссæгæн йæ фыст ахæм нæ рауайы, рæбынмæ чи нынкъуысын кæна чиныгкæсæджы зæрдæ. Цалын-мæ аргументтæ æрхæссон, уæдмæ йæ развæлгъау зæгъын — Нанионæн ацы зын куыст бантыст æмæ мын тынг æхсызгон у.

Райсæм цæвиттонæн радзырд-æцæг хабар «Ничи… Ничи!..» — Къусраты Зауыры фондзаздзыд фырт Сашкæйы цыбыр цард æмæ трагикон мæлæтыл фыст. Райдианæй йæ фæудмæ уацмыс æнæ-аскъуыйгæ цымыдисæй кæсыс — цы уыдзæн дарддæр, цы расайдзæн йæ фæстæ ацы хуымæтæггъуыз диалог æмæ ирдæй уыныс, куыд райдыдта дыууæ сыхаг адæмы ’хсæн тугкалæн, æнауæрдон хæст, цæстыфæныкъуылдмæ куыд фæивтой сæ цæсгом, сæ ахаст, сæ удысконд не ’зноны «адджын сыхæгтæ». Фæивтой ома? Нæ, мæнмæ гæсгæ, реалонæй равдыстой, цы уыдысты, цы уыд æмбæхст сæ удрæбыны — иугæр сын фадат фæцис, Советон Цæдис фехæлд æмæ хурмæ ракалдтой æнæвгъауæй се ’нæ-уынондзинад æрмæст ирæттæм нæ, фæлæ фæрсæй-фæрстæм æнусты дæр-гъы цæрæг иннæ нацитæм дæр.

Ам ма зæрдылбадаринаг, рухс фæлгонц — æвзонг мады фæлгонц дæр дæ цæстæй нал æфты, удæгасау æй уыныс йæ мæстæлгъæд цæсгомимæ… «Мæ чысыл хъæбулы ма мæ хъæбысмæ фелвæстон. Мæ тæлтæг лæппу мæ цæнгтыл æрдыдæгътæ, йæ галдзæстытæ ма мæм сзылд-та…».

Удæгас сабийы æдых буар мады цæнгтыл куы æрзæбултæ уа æмæ йын йæ цардхуысгæ цæстытæм ныййарæг куы ныккæса, уæд ма уымæй зындæр, уымæй уæззаудæр цæф цы хъуамæ уа? Мæн уый зæгъын фæнды, æмæ мидсагъæс, мидрыст равдисынæн ахæм дзырд ссарын æмæ йæ йæ бынаты зæгъын, кæцы чиныгкæсæджы уды баризын кæна, уый фыссæджы уæлахиз у. Кæд фыссæгæн уый йæ бон баци, уæд бирæ цæуылдæрты дзурæг у, фыццаджы та ууыл, æмæ цы дзуры, цæуыл фыссы, уыдæттыл фыццаг йæхæдæг фæриссы. Иумæйагæй зæгъ-гæйæ та, кæд дæ фыстыл дæхицæн дæ хуыссæг нæ фæлыгъд, уæд чиныгкæсæгæй мауал рахъаст кæн, уазалзæр-дæ, дам, у. Ам та автор архайды хайадисæг у æмæ уацмысты тых дæр уый мидæг ис. Иу ахæм радзырдæй дæр фыссæг чиныгкæсджыты зæрдæты йæ фæд ныууадздзæн.

Æз хатын, йæ фыстытæ йæ зæрдæйæ, йæ удæй ратæдзгæ сыгъдæг æнкъарæнтæ сты, маст æмæ цæссыджы дзæкъултæ сты. Æууæнды йыл чиныгкæсæг, йæхи маст фылдæр кæй у, уый сæ кæй зыны.

Наниты Асиаты уацмысты ацы æмбырдгондæй кæцыфæнды бакæсай, алкæцыйы дæр дзы зыны, автор куыд арф зоны цард, адæймаджы удыхъæд, куыд арæхстджынæй ныв кæны цауты, характерты. Йæ персонажтæ, цыма, дæуæн дæр зонгæ сты æмæ семæ хатыс дæхи. Фыссæджы хæс — йæ дуджы реалистон нывгæнæджы хæс — ацы чиныджы автор намысджынæй, зæрдæмæхъаргæ æххæст кæны.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы чиныг Джусойты Нафийы номыл литературон премимæ кæй бавдыстой, уый раст хъуыды у. Сфæлдыстадон кусджытæ рæвдауинаг сты, уæлдайдæр та сæ аккаг чи у, уыдон. Уыцы нымæцы Наниты Асиат дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Мери

ПРЕМИЙЫ АККАГ ЧИНЫГ

Мæ хъуыдытæ Наниты Асиаты уацаутæ æмæ радзырдты æмбырдгонд «Уацмыс-тæ»-йы тыххæй.

Нанионы сфæлдыстадыл дзурæн бирæ ис. Æнхъæлмæ кæсын фадатмæ, цæмæй, бонæн йæ фæстагмæ, мæ хъуыдытæ зæгъон ацы сылгоймаджы прозаикон уацмысты тыххæй. Фæлæ уал ныр та цыбыртæй: автор йæ чиныгмæ цы уацмыстæ бахаста, уыдонимæ æз иууылдæр зонгæ дæн. Рагæй хæлæрттæ стæм æмæ нæ чингуытæ кæрæдзийæн хæлар рагæй кæнæм. Чиныгкæсæджы зæрдæйæ зын сыфтæн сты йæ уацаутæ — «Удыхай», «Уый ды дæ?», «Æгомыг». Йæ радзырдтæ — «Æнæбонæмгъуыд мæлæт нæй», «Мæ рæсугъд хо» æмæ æнд..

Нанионæн ис йæ хисæрмагонд цæстæн-гас, хихуызон æрмдзæф, сæрмагонд цæстæнгас, бабæллæн кæмæ ис, ахæм литературон æвзаг.

Нæ цард дыууæ дихы кæй фæцис, уымæ гæсгæ Асиаты уацмыстæ дæр дыууæ дуджы цаутæ æвдисæг сты. Советон дуг — бæллиццаджы дуг. Уый æвдыст цæуы лæмбынæг æппæтварсонæй.

Фæлæ йæ дæсныдзинад уæлдай ирддæрæй разынд ирон-гуырдзиаг хæсты темæйыл фыст уацмысты.

Советон Цæдисы фехæлды фæстæ азтæ цыма нæ цардæй не сты, афтæ нæм фæкæсы. Цыма æндæр бæстæйы цæрæм, æниу, цæрын дæр нал зонæм… Адæм дзæгъæл аззадысты æмæ «кæрæдзи хæрын» райдыдтой. Кæд чи ахъуыды кодтаид æмæ ма гуырдзы æмæ иры ’хсæн хъуыддæгтæ афтæ рауайдзысты? Чи, чи, фæлæ Ир гуырдзыйæн уыцы бынаты нæ уыдысты.

Нанион дæр уæд хæсты темæмæ раздæхт. Афтæ у, фыссæг йæ дуджы фыссæг вæййы.

Йæхæдæг хæсты æцæг хабæрттæ йæхи цæстæй кæй уыдта, маст, тас æмæ тыхстдзинад йæхиуыл кæй банкъардта, йæ адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ равдисын ын уымæн бантыст, уымæ гæсгæ рауадысты йæ радзырдтæ аивадон æгъдауæй иттæг ныввæлыст.

Ахæм дæсны фыст сты, ахæм, æмæ сæ цал хатты кастæн, уал хатты-иу æз дæр фестадтæн хæстон Цхинвалы… Афтæ мæм-иу бахъардтой…

Кæй хъуамæ ферох уа Гуырдзыстоны мидрайонтæй æхсæвыгон ралидзгæ бинонты ныв радзырд «Тугæйдзаг уæрдон»-æй. Маирбег, йе ’мкъай, йæ дыууæ хъæбулы æмæ йæ мад. Мад — цæф, æмæ йæ ласы лæг уæрдоныл… Лæгуæрдон тулы тархъæды, кæм — цъыф, кæм — хуырджын хæрдвæндагыл… иугæр куы ’рбабон, уæд федта, йæ уæрдон тугæй кæй самæхст… Ныккаст йæ мадмæ: «Мæ зынг куыд бахуыссыд, гъе, ам гыццийæ куы ницыуал ис…» йæ уæнгтæ ауазал сты, фæлæ уæддæр йæ мадæн ныфсытæ авæрдта:

— Ма тæрс, иу чысыл ма бафæраз… Хъæрз, хъæрз, сабыр ма хуысс. Дæ хъæлæс дын куы хъусон, уæд мæнæн дæр мæ тыхмæ тых æфты…

Бирæ фыдæбæтты фæстæ, уæддæр йæ мад кæронмæ нал фæхæццæ….

— Нæ, нæ, мæгуыр, сидзæргæс гыцци, фидар фæлæуу, цæрæнбонты куыд уыдтæ, афтæ… Ды, ды, æнæ мах нæ бафæраздзынæ! — хъæр кодта Маирбег, фæлæ мад йæ иунæгмæ ницыуал сдзырдта…

Авторæн дардæй мæ бон уый уыд, æмæ йыл-иу куы амбæлдтæн, уæд та-иу æй ныхъхъæбыс кодтон: «Мæнæ та кæй уынын, мæнæ! Асиат, мæ къона, Ирыстоны хуыздæр чызджытæй сæ иу, дæ чиныг та мыл базыртæ басагъта… Ме ’рвылбонон сагъæстæй та мæ уд баулæфыд. Фæй-нæрдæм дзурын мæ зонгæтæн, цæмæй йæ уыдон дæр бакæсой…».

Нафийы сфæлдыстадæн æз стыр аргъгæнæг дæн, мæ мидзæрдæйы йæ барын уæларвон зæдтимæ. Уый номыл Литературон преми райсын та у стыр кады хъуыддаг. Мæнмæ гæсгæ Наниты Асиат уыцы кады аккаг у æмæ йын æй мæ цæст уарзы.

ДАУЫРÆ (Сланты-Дауыраты Зойæ)

Фæллойгæнæг сылгоймагфыссæг

Нырыккон ирон литературæйы æн-тысгæйæ чи фæллой кæны, уыцы фысджытæй сæ иу у Наниты Асиат. 2014 азы йын мыхуыры рацыд гуырахстджын чиныг «Уацмыстæ», зæгъгæ. Автор æм бахаста, хистæр карæн цы прозаикон уацмыстæ, сфæлдыста, уыдон. Се ’хсæн сты уацаутæ, радзырдтæ, драмæ, аргъау æмæ æндæр æвзæгтæй тæлмæцтæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Нанион хорз кæй æнкъары дуджы ком-улæфт. Нæ дуг та цух нæ уыд алыгъуызон цаутæй — куыд цины, афтæ трагикон хабæрттæй дæр.

Цæвиттон, советон дуджы кæй сфæлдыста, уыцы уацмысты хъайтартæн сæ хъуыдытæ, сæ архайд здæхт уыдысты цард аразыны ’рдæм, нæ сæ тыхсын кодтой сæ æдасдзинад, фæстаг дæсгай азты чи фæзындысты, уыцы алыгъуызон æппæрццаг фæзындтытæ. Фæлæ ныппырх Советон цардæвæрд, бæстæ схæццæ, хæсты æртытæ сирвæзтысты æндæр æмæ æндæр рæтты, уыцы нымæцы — Хуссар Ирыстоны зæххыл дæр. Æмæ Асиат дæр йæ фыссæн сис сæйраджыдæр аздæхта, цы трагикон фæндагыл рацыдыстæм æмæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон равдисынмæ. Ацы темæйыл фыст уацмысты æвдыст цæуынц, йæхæдæг æвдисæн кæмæн уыд, ахæм реалон цаутæ. Сты зæрдæ-мæхъаргæ æмæ æвæлмасæй никæй ныууадздзысты. Фыссæг стыр аргъ кæны адæймагæн, йæ хорз миниуджытæн, адæймагæй адæймаджы ‘хсæн хъæрмуд ахастытæн.

Наниты Асиаты чиныг «Уацмыстæ» бавдыст æрцыд Джусойты Нафийы номыл Литературон премимæ. Нанион ацы премийы аккаг кæй у, ууыл æз нæ дызæрдыг кæнын.

БИАЗЫРТЫ Роланд

ЧЕХОЙТЫ Оля
НАНИТЫ АСИАТÆН!

Куы дын райсын дæ чиныг къухмæ,
Мæ сæры хъуын слæууы барц.
Цæйас сты дæ уаз хъуыдытæ, –
Мæнæн кæд фæуыдзæн уый каст.

Йæ кæсынæн хъæуы сæры магъз,
Мæн та уыйбæрц хъару нæй.
Йæ хуылфы ис сæдæгай азтæ,
Куыд ивадысты тар-зынæй.

Уæвгæ, куыд уæззау у дæ чиныг,
Кæдæй у уазал ныр дæ баз.
Дæ уаты цал азы нæ хуыссыс,
Ды бонцъæхтæм фыссыс, хæрзаг.

Гъе, уыйбæрц базырджын хъуыдытæ
Кæцæй дæм æртæхынц уæддæр?
Дæ уындмæ арæх æз фæбæллын,
Кæд бакъул кæнин дыл мæ сæр.

Ды тауыс адæмыл хæрзиуæг,
Сæ уæззау хъыгтыл сын фыссыс.
Нæ къæбицмæ дæ бæззон хуынтæ
Рæдау, цæстуарзонæй хæссыс.

Ды прозæйы сæрæй æрттивыс,
Нæ хуыздæр фысджытæй сæ иу.
Дæ чингуытæ мыл цин æфтауынц,
Æндæр уаид тар мæ риу.

Хуыцауæй дæ лæвар нæ Ирæн,
Сты разагъта чызджытæ цъус.
Нæ фæндиаг фæцæр нын бирæ,
Кæнæд дæ зæрдæ цардæй рухс!

8.03.2016.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.