25-æм октябры нæ горæты Профцæдисты æмбырдгæнæн залы цытджын æгъдауæй лæвæрд цыдысты Джусойты Нафийы номыл национ литературæйы премитæ æмæ Плиты Грисы номыл премитæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн æмæ ХИПУ-йы ирон филологийы студенттæн. Ацы премитæ снысан кодта æмæ сæ бындурæвæрæг у хæрзаудæн фонд «Амонд». Уый сарæзта нæ республикæйы раздæры Хицауады Сæрдар Хуыгаты Ростик. Куыд æй зонæм, афтæмæй уый ныртæккæ цæры Уæрæсейы Самарайы горæты æмæ сæрдариуæг кæны Самарайы областон националон-культурон центры ирон диаспорæ «Алани»-йæн. Уымæн ма æрæджы лæвæрд æрцыд Самарайы кадджын æм-бæстаджы ном дæр. Хуыгаты Ростик ацы премитæ снысан кодта ирондзинад пропагандæ кæныны тыххæй, стæй ацы стыр æмæ зынгæ адæй-мæгты номæн скад кæнынæн дæр. Джусойты Нафийы номыл национ преми лæвæрд цæуы дыккаг хатт, Плиты Грисы номыл преми та – фыццаг хатт.

Джусойты Нафийы номыл преми райсыны фæдыл конкурсы жюрийы тæрхонмæ сæ куыстытæ бавдыстой куыд хуссарирыстойнаг, афтæ цæгатирыстойнаг фысджытæ дæр.

Премитæ дæттыны мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, фонд «Амонд»-ы бындурæвæрæг Хуыгаты Ростик, Цæгат Ирыстоны делегацийы уæнгтæ Парламенты депутат Уататы Зелимы сæргълæудæй, Джусойты На-фийы хо Клавдия æмæ ма нæ республикæйы æндæр бæрнон адæй-мæгтæ æмæ æхсæнады минæ-вæрттæ.

Мадзалы бацæуæн ныхасимæ раныхас кодта хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы директор æмæ премитæ радтыны мадзалы организатор Челехсаты Хъазбег. Уый æрдзырдта Джусойты Нафи æмæ Плиты Грисы тыххæй йæ мысинæгтæ: «Абоны мадзалы схонæн ис ирон бæрæгбон дæр. Уымæн æмæ нæ ахуыргæндтæ æмæ классиктæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Къостайы фæстæ махмæ иууыл стырдæр поэт у Плиты Грис. Грис йæхæдæг та дзырдта, зæгъгæ, махæн Нафи у нæ ахуыргæнæг».

Хорз уыдаид æмæ фаронау ацы аз дæр Нафи нæ фарсмæ куы уаид, фæлæ, хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал ис, ахæм стыр адæймæгтæ махæн та сты кæддæриддæр кады аккаг», – загъта йæ раныхасы Челехсаты Хъазбег.

Уый ма æрдзырдта, Уæрæсейы цæргæйæ Хуыгаты Ростикмæ преми снысан кæныны фæнд куыд фæзындис, уый тыххæй.  Бузныджы ныхæстæ ма загъта, Нафийæн йæ рынчыны рæстæджы йæ фарсмæ чи æрбалæууыдис, æппæт уыдонæн. Афтæ ма нæм абоны онг нæ горæты Плиты Грисы æмæ Джыккайты Ша-милы хуызæн стыр адæймæгты нæмттыл уынгтæ кæй нæ ис, уый тыххæй дæр.

Премитæ дæттыны церемонимæ æрбацæуджытæ иу уысм æнæдзургæйæ алæугæйæ ссардтой Джусойты Нафийы рухс ном. Стæй ма бирæ хорз хъуыдытæ загъд æрцыдис ацы стыр адæймæгты бирæ лæггады тыххæй.

Джусойты Нафийы номыл национ литературæйы 1-аг преми нысангонд æрцыдис цæгатирыстойнаг поэт Абайты Эдуардæн. Ацы преми уый райста нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы къухæй. Нæ Президент преми дæттыны рæстæджы йæ раныхасы банысан кодта:

– Нафи ирон адæмæн стыр кад кæй скодта æмæ дзы алчи дæр сæрбæрзонд кæй у, уый бæрæг у. Нафи алкæй зæрдæ дæр æлхæдта йæ хуымæтæг ахастæй, стыр ахуыргонд уæвгæйæ йæхи искæмæй уæлдæр никуы æвæрдта, æвзонг адæмимæ уыдис æвзонг, куырыхон адæмимæ та – куырыхон. Стæй йе сныхас, йæ хъуыды йын алчи дæр зыдта æмæ æмбæрста. Диссаг та уыдис йæ зард, уый дæр дзурæг уыдис йæ хорз зæрдæйы ахастыл. Æз ма банысан кæндзынæн уый, æмæ ахæм стыр курдиаты хицау кæй уыдысты йе ‘фсымæр æмæ йæ хотæ дæр. Уыдонæй дæр алы ирон адæймаг у сæрыстыр.

Ахæм стыр адæймæгтæн кад кæнын та алы ирон адæймаджы хæс дæр у.

РХИ-йы Президент ма сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы бындурæвæрæг Хуыгаты Ростик æмæ мадзал бацæттæгæнджытæн.

Джусойты Нафийы номыл национ литературæйы 2-аг преми та лæвæрд æрцыд поэт Кокойты Эльзæйæн. 3-аг преми та райста сывæллæтты фыссæг Джыккайты Белæ. Уыдонæн та премитæ сæхи къухæй радтой Хуыгаты Ростик æмæ Уататы Зелим.

Плиты Грисы номыл премитæ райстой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Козаты Иринæ, ХИПУ-йы ирон филологийы студенттæ Цыбырты Анжелæ æмæ Хацырты Иринæ. Уыдонæн та сæ премитæ радтой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим æмæ профессор Плиты Гацыр.

Ацы цытджын мадзалы ма Джусойты Нафийы премийы конкурсы иннæ архайджытæ та хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй. Уы-дон ‘хсæн ма уыдис æвзонг, курдиатджын поэтессæ – Беслæны скъолайы ахуыргæнинаг Бестауты Аланæ æмæ та йын æнæнхъæлæджы лæ-вар сарæзтой, йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд ын кæй рауагътой, уымæй.

Преми дæттыны цымыдисон æмæ нысаниуæгджын мадзалы ма бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Нафийы хо Клавдия. Бирæ хъарм ныхæстæ загъта, йе ‘фсымæры номæн ын ахæм стыр кад кæй кæнынц, уый тыххæй.

Адæмы зæрдæтæ музыкалон номыртæй барухс кодтой Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты ансамбль «Симд»-ы нæлгоймæгты зарæггæнджыты къорд, Тасойты Игорь, Къæбысты Сæрмæт æмæ æндæртæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.