Нæ фыдæлтæм бирæ раппæлинаг æгъдæуттæ æмæ миниуджытæ уыд, æмæ хорз у, уыдон абоны фæлтæр дæр кæй нæ рох кæнынц, фæлæ сыл фидар кæй хæцынц, кæй сæ биноныг кæнынц царды. Адæймагмæ хорз ахастытæн абоны бон дæр стæм æвдисæн, уынæм æмæ сæ æрыхъусæм æмæ уæд зæрдæ цины æнкъарæнтæй байдзаг вæййы. Ахæм цау æрæджы йæхиуыл бавзæрста мæ хорз зонгæ, нæ горæты цæрæг Дудайты Виктор æмæ мын æй радзырдта стыр æхсызгонæй. Цæвиттон, февралы 13-15 бонты Виктор поездыл цыд Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ. Поезды та адæм куыднæ вæййы, фæлæ уæддæр æнæзонгæ бæлццæтты ‘хсæн адæймаг йæхи сæрибарæй нæ фæхаты. Дудайы фырт дæр æнцад бадт йæхицæн æмæ алыгъуызон хъуыдытæ кодта,  куыд тагъддæр фæхæццæ уа, ууыл. Фæлæ йын, æваст йæ хъуыдытæ  фескъуыдта йæ сыхаг æвзонг лæппу. Цы ‘гъдауæй йæ фæхатыд, уымæн æмбаргæ дæр ницы бакодта, æвæццæгæн, æй зæрдæ дæр базоны, æмæ йæ куы афæрсит нæ мадæлон æвзагыл, ды ирон нæ дæ, зæгъгæ. Уайтагъд цæсгомыл мидбылхудт ахъазыд, æмæ худгæбылæй дзуапп радта йе ‘мныхасгæнæгæн.

Æрыгон нæлгоймаг уыд Цæгат Ирыстоны Бæтæхъойы хъæуæй, йæ ном Цæргæсаты Артур. Виктор куыд загъта, афтæмæй йæ иу уысм дæр æнкъард кæнын нæ уагъта, ды хистæр дæ æмæ хистæрæн та лæггад æмæ кад кæнын хъæуы, зæгъгæ. Æгæрыстæмæй, йын уат дæр йæхæдæг бакодта, æлхæдта йын дыргътæ, хæринæгтæ, ахæм лæггады хай йын кодта, цалынмæ бынатмæ æрхæццæ сты, уæдмæ. Иугæр поездæй куы рахызтысты, уæд ын загъта, цæмæй йæ таксийыл арвыстаид Цхинвалмæ. Фæлæ Дудайы фырт не сразы, уанцон нæу, дæ лæггад дын нуазыны доны къусæй дæр куынæ бафиддзынæн, зæгъгæ. Уæддæр Цæргæсайы фырт æфсæнвæндаджы вокзалæй Викторы ракодта, автобустæ кæцæй цæуынц, уыцы вокзалмæ. Виктор ын уыцы стыр лæггады тыххæй фæарфæтæ кодта æмæ йын загъта, рæстæг ын куы фæуа, уæд æм уазæгуаты æнæмæнг кæй хъуамæ æрцæуа, хорз фысым ын кæй фæуыдзæн, уый тыххæй.

Викторæн ацы цауы фæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ фыды фыд Грийы фæдзæхстытæ, зæгъгæ, адæмы фарн, адæмы уарзондзинад дæ куы уа, уæд дын цæрын æнцондæр уыдзæн. Дудайы фыртæн та адæмимæ йæ ахаст у уæздан, рæвдауы сæ йæ дзыхы ныхасæй дæр. Уартæ ма механикон заводы бæрнон бынаты куы куыста, уæд дæр ын йе ‘мбæстæгтæн уыцы уæздан ахаст æмæ лæггад йæ разæй цыд.

Кæронбæттæны уый зæгъинаг дæн, æмæ уадз æмæ Цæргæсаты Артуры хуызæн æгъдауыл хæст кæстæртæ фылдæрæй фылдæр кæнæд, уарзонæй цæрæд сæ уарзон адæмимæ. Артур йæхæдæг лæггад кæнынмæ куыд æнæзивæг разынд, афтæ хайджын уæд амонд æмæ хорздзинæдтæй, йæ хорз адæмы арфæтæй та – æфсæст!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.