Уым райгуырд нæ абоны юбиляр, Цæгат Ирыстоны-Аланийы фысджыты сæрдар, нæ абоны ирон прозæйы зæрингуырд, национ культурæйæн æнувыд лæггадгæнæг, Гæстæн Агънаты.

Гæстæн, фæцæр нын бирæ. Нæ литературон аивады сæйраг зиууоныл нымад дæ æмæ нын макуы фæцуд, дæ рæсугъд дзаджджын хуынтимæ 100 азы сæрæй, Плиты Хатуйы зарæг цы ныццæлхъ кæнай, уый бæрц амонд нырма дæхи уæд, стæй дын чи  ис, уыдоны, дарддæр та дæу раттæг адæмы.

Лæппуйæ дæ лæджы кармæ фæкодтай æмæ кæныс фæллæйттæ. Бон нæ бадыс, æхсæв дын æрхуыст нæй, хæссыс æвæджиауы хуынтæ нæ литературон къæбицмæ æмæ абон дæхиимæ сæрыстырæй цин кæнæм мах дæр, уыцы хуынтыл.

Дæ авнæлд, дæ къухайст нæ ирон прозæйы бæрæгæй æрттивынц. Ирон хъæздыг æвзаджы æвæрæнтæм ссардтай фæндаг æмæ дзы райгонд у кæддæриддæр. Дæ диссаджы прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ; «Цыкурайы фæрдыг», «Кæстæр чындз», «Мæйы фæстаг бонтæ», «Чындзæхсæвы размæ», «Йæ рухс ном», «Фæстаг æхсæв», «Темыры кæстæр чындз» æмæ æндæр æмбырдгæндтæ дзурæг сты дæ егъау æнæзæрдæхудт куыстыл.

Ацы æмбырдгонды рахæцæнтæ дзурæг сты, нæ адæмы царды ахсджиаг фарстыл, сæйраджы сæйраг та; цы цæстæй кæсы автор дуг-рæстæджы фæдфæливæнтæм, цахæм у сæ бынат фæсивæдæн æмæ сæ цы хъæуы дарддæр аразын, цы цæстæй кæсæм абон нæ хистæртæм æмæ куыд у нæ дарддæры хъуыды ацы ахсджиаг фарсты фæдыл, цы бынаты æрлæууыд нæ абоны сылгоймаг æмæ уый куыд æндавы нæ ирондзинадыл, цахæм хъуамæ уа цардыл, адæмыл чи хъуыды кæна, уыцы сылгоймаг, цахæм у абон ирон хæдзары уавæр, цы стыр ивындзинæдтæ æрцыд бинонты царды сконды, цæуыл у нæ цин, нæ сагъæс ирон цардуаджы тыххæй. Адон æмæ æндæр ахсджиаг фарстытæн аккаг дзуаппытæ ссарæн ис Гæстæны прозæйы. Гæстæн уыцы хъуыддаджы тæхудиаг у, уый зæгъын уы-мæн, æмæ нæ фыдæлты царды уаг, не ‘гъдæутты чи зоны, ирон æнæфыст рæ-сугъд, ахъаззаг æгъдæутты, нæ хъæздыг æвзаджы фæзилæнтæ чи зоны, уыдон бонæй-бон цъусдæр кæнынц, цъус сты Гæстæны сыгъзæринты дзæкъул чи бакæна, уыдон дæр. Сагъæссаг  дуджы Гæстæны фæллæйттæ лæгаулæджы хуынтæ сты. Иры цардуаг абон æмæ фидæн цæуыл банцайдзысты, уыцы сагъæс раст скъуыддзаг цæуы Гæстæнмæ.

Гæстæны сæйраг фæдзæхст дæр у, зон дæ ивгъуыд, дæ абон æмæ дæ фидæн. Нæ фидæныл рæстмæ кæй нал хъуыды кæ-нæм, уый уынæм не ‘взаг æмæ не ‘гъдæутты æдзæллаг уавæры.

Адæм се ‘взаг æмæ се ‘гъдæуттæй адæм сты, уыдон сæ раны куы нæ уой, куы фæцудой, уæд гæныстон кæны Ирыстон. Нæ нуазæн нæ къухы нал фидауы, нæ бæгæны сыр-сыр нал кæны, нæ физонæг та цъыс-цъыс, нæ хæбизджынтæ æмæ нæ фыдджынтæ тæригъæддаг уавæрмæ æрцыдысты, нæ кувæг йæ фыццаг тыхы нал ис, нæ уырдыглæууæг æмæ æгъдынцойыл хæцæг сæ куыст раджы ныууагътой, сылгоймæгтæ нæм къухылхæцджытæ систы, ныййарджытæй ферох, æвзаг уыдоныл баст кæй у, кæстæртæ, фæсивæд æвзаджы рæсугъддзинад нал хъусынц.

Гæстæн, фæрнæй дзур, ирон ныхасы фарнæй ифтонг дæ, Ир дæ фæндиаг уæд кæддæриддæр. Абон нæ зæрдæ цæимæты дзуры, цæуыл риссы, уыдæттæн аккаг амындтæ ис дæ дзаджджын сфæлдыстады.

Мæгуыр сты уыцы адæм аив зæрингуырдтæ (фысджытæ) кæмæн нæй, дыууæ хатты мæгуырдæр та сты уыцы фысджытæ кæсæг кæй нæй.

Дзæнæты бадæд нæ куырыхон Тыбылты Алыксандр. Уый 1936 азы фыста: «Ирон адæм ма Къостайæн зонынц æрмæст дæр йæ ном». Алыксандры рæстæджы ма  ирон адæм «Ирон фæндыр» æнæ кæсгæйæ зыдтой. Абон сæм куы акæсид, уæд йæ сæрыл дыууæ къухæй балæууид.

Гæстæн! Фидар мын у, цард разæй ис, рæхджы та ралæудзæн чиныджы  рад æмæ дын уæд дæ ном сисдзысты Бонвæрноны уонг. Дуг, рæстæг сæ бон калынц, уыдон тыхджындæр сты, уыдоны уацары сты нæ разагътайы фæсивæд æмæ сæ рох никуы уы-дзысты дæ лæггæдтæ, дæ хуынтæ, дæ хæзнатæ.

Ир хъуамæ фидарæй зоной, Скифтæ, Сæрмæтты, Аланты цæуæт кæй стæм. Хъуамæ зоной – Нартæ, Даредзантæ, Царциатæ, Къоста, Абайты Уасо, Нафи, «Симд» кæмæн сты, уыдон хуымæтæг адæм кæй не сты.

Удывæрæнтæ, зæрдæйы ахсджиаг сагъæстæ, Ир цæмæй Ирæй баззайой, нæ рагон æгъдæуттæ æмæ æвзаг нæ фыдгулты фæндаг ма  фæуой, ууыл у дæ куыст, дæ сагъæс де ‘мзиуæттимæ æмæ нын фæцæрут бирæ, ныфсджын, хъаруджын æмæ уæнгрогæй.

Дæ гуырæн бон амондджын уæд, Ног азы бирæ рæсугъд куывдтæ æрцыд загъд æмæ сæ хайджын у. Дæ 100 азы январы дæр дзаггарз дæ къухы цы уа, уыйбæрц амонд дæ уæд.

Де сфæлдыстад ахызт Ирыстоны арæнтæй, кæсынц æй Словактæ, Болгари, Чехтæ, Абхаз æмæ æндæр сыхагон адæмтæ.  Лæгдзинадыл нымад у уый нæ адæммæ. Дæ егъаудæр хæзнайыл мах нымайæм, æцæг ирон лæг кæй дæ, уый. Уый фæстæ та кæй фæнымадтам, уыцы хъуыддæгтæ. Уæздан, сабыр, æгъдауджын мыггаг стут æмæ цæ-рынæй бафсæдут. Мæ лектор Агънаты Æхсары ирондзинад абон дæр мæ цæстытыл уайы. Йæ чиныг «Не ‘взаг – нæ истори» цы ирон лæг нæ бакаст, уый ирондзинадæн фаг аргъ никуы скæндзæн.

Лæгтыдзуар Уастырджи дæ рахиз фарс цæуæд, фыдбылызæй дæ хизæд. Хуыздæр арфæтæ дын чи ракæна, æуыдонимæ уыдзынæн æз дæр. Иры фарн, Амонд æмæ Æхсар дæ къухæй макуы ахауæнт.

Дæ Мæсыг кæронмæ амад цы фæуай, уый дын уарзы мæ цæст.

Плиты Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы

  номыл премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.