“Дæ адæмæн исты хорздзинад сараз, уæд уымæй хуыздæр цы ис зæххыл? Чысыл хорздзинад дæр уæд”…

Ацы ныхæстæ Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, бирæ романты, уацауты, радзырдты æмæ публицистон уацты автор Агънаты Гæстæны ныхæстæ сты. Æмæ уыдон æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ  сæ автор хъуыддагæй дæр æххæст кæны.

Ацы аз январы зынгæ фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Агънаты Гæстæныл сæххæст 75 азы. 9-æм февралы, фыссæджы юбилей сбæрæг кæнынмæ Дзæуджыхъæуы Республикон библиотекæмæ æрбацыдысты фысджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, скъоладзаутæ, фыссæджы сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдон. Кæсæг – Балхъарæй æрбацыдысты Гæстæны æмсис хæлæрттæ: журнал “Литературная Кабардино – Балкария”-йы сæйраг редактор Хасан Тхазетлов, журнал “Минди – Тау”-ы сæйраг редактор Аскар Додуев æмæ поэт Мухамед Огузов.

Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Ходы Камал радзырдта Гæстæны сфæлдыстадон куыстыл куыд прозæйы, афтæ журналистикæйы дæр, уæлдайдæр та телеуынынады нæ зынд-гонд классиктыл йæ равдыстытæн цы стыр æнтыст уыд, уый тыххæй.

Журналист, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис бæлвырддæр æрлæууыд Агънайы-фырты сфæлдыстадон фæндæгтыл: “Агънаты Гæстæн Мæскуыйы литературон институт æнтыстджынæй каст фæцис советон дуджы. Уырдæм бахауын ныртæккæ æнцон у, фæлæ уæд истой æрмæстдæр курдиатджынты. Уый стыр курдиат равдыста телеуынынады куысты дæр æмæ Ирыстоны фысджыты æмсæрдары хæдивæджы бынаты дæр. Гæстæн æрмæст радзырд “Гобецоны хъыбылтæ” куы ныффыстаид, уæддæр йæ ном ирон литературæйы баззадаид, фæлæ фыссæджы цардвæндаджы уагæвæрд афтæ арæзт у, æмæ фæстейæ цы æфцæг аззайы, уый адæймаджы нал фæразæнгард кæны, фæлæ йæ зæрдæ атындзы дарддæр, ног бæрзæндтæм. Ахæм бæрзæнд Агънаты Гæстæнæн ссис – прозæйы бæрзонддæр хох – роман, æмæ дзы нæ юбиляр ирон дзырдаивадæн цалдæр балæвар кодта”.

Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитоны  хъуыдымæ  гæсгæ,  адæймаг цы хъуыддагæн райгуырд, уый хъуамæ араза. Гæстæн та райгуырд, цæмæй уа фыссæг æмæ йе сфæлдыстадæй адæмæн цин хæсса. Уый йæ къухы æфты æмæ ма йын ноджыдæр бирæ бантысæд.

Фыссæг, Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри арфæ ракодта Гæстæнæн, Хъороты Агорау 126 азы куыд фæцæра, уый йын йæ цæст бауарзта æмæ йын Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петры номæй арфæйы фыстæг æмæ зæрдылдарæн лæвар радта.

Арфæйы фыстæг æрбарвыста республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, радта йæ культурæйы министры хæдивæг Дудайты Чермен. Арфæйы фыстæджытæ ма “Стыр Ныхасы” номæй радтой Еналдыты Хъазыбег, Мыхуыры комитеты номæй йæ сæрдар Фидараты Юри, “Кадджын ветеран”-ы ном ын саккаг кодта Ветеранты советы Сæрдар Къаболаты Солтан.

Бирæ зæрдиаг арфæтæ фæкодтой кæсгон уазджытæ дæр юбилярæн. Радзырдтой Гæстæнимæ сæ бирæ азты хæлардзинады тыххæй, стæй йын, Хетæгкаты Къоста дыууæ адæмæн дæр иумæйаг кæй у æмæ йын Кæсæджы дæр стыр кад кæй ис, уый равдисыны охыл, Гæстæнæн радтой майдан Къостайы 150 азы кадæн йæ сурæтимæ, стæй орден “Во Благо Отечества”.

Фыссæгæн ма зæрдæбын арфæтæ ракодтой йæ райгуырæн хъæу Урсдоны минæвæрттæ дæр.

Мыггаджы номæй мадзалы архайджытæн, уæлдайдæр уазджытæн, арфæ ракодта Агънаты Георги: “Хæрзæрыгонæй райдыдтон кæсын Гæстæны уацмыстæ æмæ-иу мæхицæй ныббуц дæн, ахæм æфсымæр мын кæй ис, уымæй. Фæстæдæр бамбæрстон, уый æрмæст йæ мыггаджы нæ, фæлæ æгас Ирыстоны хъæугæ лæг кæй у, уый. Хуыцау зæгъæд æмæ нæ чысыл Ирыстоны Гæстæны хуы-зæттæ фылдæр цы  уа”…

Кадджын мадзал сæ аивадæй срæсугъд кодтой ансамблтæ “Уацамонгæ”, “Æртхурон”,  скрипкæйыл цалдæр цагъды акодтой Виктория Кузьминова æмæ Джиоты Иринæ. Юбилярæн рæсугъд зарæг балæвар кодта Секъинаты Альбинæ, уый уыд амонæг дæр. Гæстæныл фыст æмдзæвгæтæ бакастысты Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

“Æрвылбоны лыстæг цаутæ æвдисгæйæ, Агънаты Гæстæны бон баци егъау æмæ риссаг æхсæнадон фарстатыл æрдзурын, йæ хъайтарты удхъизæмарæй мах здахы царды нысан æмæ адæймаджы номыл сагъæстæм”, – фыссы филологон зонæдты кандидат Мамиаты Изетæ. Æмæ, æцæгдæр, уый зыны йæ удæй сфæлдисгæ уацмысты: “Темыры кæстæр чызг”, “Мæйы фæстаг бонтæ”, “Фæстаг бæх”, “Кæстæр чындз”, “Йæ рухс ном”, “Даргъ фæззыгон фæндаг”, “Знон æмæ абон”, “Ногбоны райсом”, “Æнахуыр изæр” æмæ бирæ æндæрты. Уыдон сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты ирон литературæйы историйы.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.