Хъæууон фæллойгæнæгæн йе ‘фтиæгты гуырæнтæй иу фосдарды къабаз у æмæ йæм уымæ гæсгæ здахы уæлдай фылдæр хъусдард. Афæдзы кæцыфæнды афоны дæр ын æрулæфт нæй, æдзух сыл хъæуы аудын, цæмæй рæза æмæ фылдæр кæна сæ продуктивондзинад. Уæдæ хос кæрдын, уый бынатмæ фæхæццæ кæнын, уалдзæгæй суанг фæззæгмæ та сæ сойджын сæрвæтты хизын æмæ æндæр ахсджиаг хæстæй ирвæзт никуы вæййы фосдарæг. Иннæ ахæм, фос хызт нæ вæййынц алыгъуызон низтæй дæр, уыцы нымæцы – гуыбынниз, бруцеллез, саси, фадниз æмæ æндæртæй. Фосыл бахæцгæ низтæй иутæ дзæбæх кæнынц æнцонтæй, афтæ тæссаг сын нæ вæййы, сæ хицау сæм рæстæгыл йæ хъус куы æрдара, хостæй сæм куы фæкæса, уæд. Фæлæ низтæй ис, зынтæй кæмæй дзæбæх кæнынц, ахæмтæ дæр. Уыдоны нымæцмæ хауы фадниз дæр æмæ йæм афоныл хъæуы æмбæлон хъусдард здахын, цæмæй фосдарæг уа æдыхст, йæ райсгæ продукци та уа гъæдджын æмæ дзы пайда кæна æнæгуырысхойæ. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæстæм йæ хъус дары Цхинвалы районы ветеринарон хайад, сæйраг ветдохтыр Дудайты Леонид.

Ныртæккæ коллективы сæйраг куыст у, цæмæй цæрджыты стуртæн саразой судзинтæ фаднизы ныхмæ. Уый бакæнын хъæудзæн цыбыр æмгъуыдмæ æмæ тындзынц уыцы хæс афоныл сæххæст кæнынмæ. Стуртæн судзинтæ аразын райдыдтой Къостайыхъæуы дæр æмæ ацы хъуыддагыл зæрдиагæй архайы бынæттон цæрæг, ветфельдшер  Хаситы Бабули. Уымæн ма æххуыс кæны Дзукъаты Инессæ дæр.  Сæ нысан у, цæмæй цæрджыты иннæ стуртæн дæр судзинтæ саразой цыбыр æмгъуыдмæ æмæ дызæрдыггæнæн нæй, уыцы хæс кæй сæххæст кæндзысты афоныл.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.