Очерк

Æз кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый – Плиты Зауыры фырт Алыксандр (Алик) – райгуырд 1961 азы горæт Цхинвалы. Ахуыр кодта 2-аг астæуккаг скъолайы. Каст æй цы аз фæцис, уыцы аз кусынмæ бацыд механикон заводмæ. Алы æвзонг лæппумæ дæр цыдæр фæндтæ вæййы… Фæлæ йæм 1980 азы æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм баслужбæ кæнынмæ æмæ араст йе ‘мбæстагон  хæс фидынмæ. Ахауд дард Узбекис-танмæ, сæ полк  æрбынат кодта г. Ферганайы, службæ цыд, куыд вæййы, афтæ йæ зындзинæдтимæ. Фæлæ стæй 1982 азы райдианы сæ полчы райдыдтой цыдæр æндæргъуызон архайдтытæ, æфсæддонтæ цыдысты гæрзифтонг. Лæппутæ æппындæр ницы хатыдысты, цы цæуы, уый тыххæй та сын ничи ницы дзырдта. Афганистан сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд.

1978 азы 5 декабры ССР Цæдис æмæ Афганистаны ‘хсæн арæзт æрцыд Бадзырд хæлардзинад, хæларсыхагон æмæ æмгуыстады тыххæй. Уыцы бадзырдыл ма  бафтыдтой 4-æм уац, кæцымæ гæсгæ «сæ хæстхъомдзинад фидар кæныны интерестæн дыууæ фарсы бадзырдтой æфсæддон фадыджы се ‘мгуыстад дарддæр кæныныл».

Уыцы уавæр ССР Цæдисы хæсджын кодта, цæмæй се ‘фсæддон контингент æрвыст æрцыдаид Афганистанмæ. Æмæ æфсæддонтæн сæ сусæг фæнд рахъæр кодтой: Советон æфсад æрвыст цæуынц нæ бæстæйы Хуссар арæнтæ хъахъхъæнынмæ – Афганистанмæ æмæ йæ рахуыдтой «Спецкомандировкæ». Уыдонимæ – Алыксандр цы полчы уыд, уый дæр. Æмæ сæ райдыдтой æргом цæттæ кæнын. Ахуыргæнæн центры-иу ног æфсæддонты бацæттæ кодтой дыууæ мæймæ æмæ сæ-иу арвыстой Афганистанмæ. Фæлæ душмантæ хорз цæттæ уыдысты хæцынмæ. Бæрæгæй сыл зынд фæсарæйнаг æрмдзæф. Гъе, æмæ не ‘фсадмæ фаг цæттæдзинад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сыл цыд бирæ зиæнттæ. Æмæ сæ стæй уæд цæттæ кæнын райдыдтой 6 мæйы.

Æмæ æрцыд Алыксандры рад дæр. Афтæмæй та закъонмæ гæсгæ иунæг лæппуты ахæм рæттæм нæ кодтой. Йæ хиуæттæ уæззау сагъæсты ныххаудысты. Йæ мадæн æй не схъæр кодтой, фæлæ мады зæрдæ хатаг у, уæддæр кæддæр-кæддæр æй базыдта æмæ йæ уромæг нал урæдта. Фæлæ иу хорз уыд, æмæ йæ службæйы рæстæг тагъд фæуд кодта æмæ ууыл йæ зæрдæ фæлæууыд. Æниу, зæрдæ йæхион кодта, æдзух уыд тасы бын, дыууæ лæджы-иу иуран лæугæ куы федта, уæд-иу йе уæнгтæ ауазал сты, кæд, мыййаг…

Афганистанмæ сæ фæндараст кодтой бæрæгбонмæ æрвитæгау, фæлæ уый æм-рæстæджы – фæдзæхстытæ, фæдзæхстытæ… «Уæхи хизут хъæстæ уæлдæфæй, хæцгæ низтæй, æнæхсадæй дыргъ макуы бахæрут, фæлæ иууыл карздæр фæдзæхст уыд: фæстаг нæмыг нывæрут уæхицæн… Душмантæм удæгасæй бахауыны бæсты…

Æмæ сбадтысты хæдтæхæг ТУ-134-ыл æмæ атахтысты г. Кабулмæ, фæлæ стæй  сæ базæ та æрбынат кодта Баграмайы комы.

Фыццаджы-фыццаг сæ цæст цæуыл схæцыд, уый – мæгуырдзинад кæнæ та иууыл растдæр – гæвзыккдзинад. Советон хæстонтæ уыцы хъарм конд уыдысты, уыдон та – бæгънæг-бæгъæмвад… Сæ цæрæнуæттæ дæр афтæ, афыссæн дæр сын нæй – дур æмæ æлыгæй амад æнæмбæрст фæлдисонтæ, не ‘фсæддонтæн сæ дисæн кæрон нал уыд. Хуым та кодтой дзывырæй, æвæццæгæн сæ муз-ейтæй райстой.

Иудзырдæй, афтæ рауад, æмæ не ‘фсæддонтæ XX-æм æнусæй XIV-æм æнусмæ фæстæмæ рагæпп кодтой. Иууыл диссаг та уый уыд, æмæ чи  кæимæ хæцыд, уый бæрæг дæр дзы нæ уыд…

Мæгуыр адæмы арæх нæ уыдтой, уымæн æмæ сæ дæлхæйттæ лæууыдысты хъæутæй дæрддзæф. Фæлæ фыццаг куы ныццыдысты æмæ сын сæ техникæ куы федтой, уæд сæм ахæм дис æмæ тарстгъуызæй кастысты, ахæм, æмæ  иу диссаг! Хъуыдис сын баххуыс кæнын. Контрреволюци тынг стыр æххуыс иста фæсарæнтæй, æмæ афгайнаг хуымæтæг адæм тынг бузныг уыдысты Советон Æфсады æххуысы тыххæй. Тынг хорз æй æмбæрстой, æнæ Советон Æфсады æххуысæй уыдонæн кæй фæзын уыдаид. Фæлæ се ‘хсæн æнæууæнк чидæртæ дæр уыд. Боны быдырты куыстой, æхсæв та не ‘фсады ныхмæ хæцыдысты…

Уæззау уыд се службæ уым. Æхсæв æмæ сын бон иу уыдысты. Цы уысм бахъæуа, уыцы уысм хъуамæ уай цæттæ абырстмæ. Сæ абырстытæй та стæм разындаид рог. Тохмæ цæугæйæ сæ алыхатт фæндараст кодтой мæрдтыбæстæм цæуæгау, æмæ афтæ дæр уыд: фæстæмæ ма сæ чи æрбаздæхдзæн, уый ничи зыдта… Уæлдайдæр та бæрæгдзауæй (дозоры) цæуын… Разгæрст сæм хорз куыста, фæлæ-иу уæддæр бирæ хатт æртæ боны дзырдæй ацыдысты æмæ-иу сæ къуыри дæр бахъуыд  душманты куынæг кæнынæн. Æххор-мæгтæ дæр æййæфтой…

Фæлæ – Хуыцауæн бузныг, Аликы нæ бахъуыд йæ фæсауæрцы нæмыг, йæ роныл баст «лимонкæ» спырх кæныны сæр. Цалдæр хатты ахæм уавæрты бахауд, æмæ-иу йе ‘мбæлттæ дæр сæ къух ауагътой, Плиты фыртæй пайда нал ис, зæгъгæ, фæлæ лæджы Хуы-цау куынæ мара… Æмæ та-иу йе ‘мбæлтты æм-рæнхъ слæууыд. Стæй се «спецкомандиров-кæ» куы фæцис æмæ сæхи цæттæ кæнын куы райдыдтой «Союз»-мæ (афтæ хуыдтой уым Советон Цæдисы), уæд ахæм æхстытæ уыд, ахæм, æмæ, цыма зæхх æмæ арв баиу сты…  Хъуамæ мауал ратахтаиккой, фæлæ фæстаг-мæ фæсабырдæр сты æхстытæ æмæ… Сæ цинæн кæрон дæр нал уыд…

Куыннæ цин кодтаиккой, «Союз»-мæ кæй здæхтысты, ууыл, фæлæ сын се ‘мбæлттæй – бирæ нациты минæвæрттæй, уыдонимæ ирæттæй дæр, фæхицæн уæвын зын уыд. Афтæ у, Райгуырæн бæстæйы æдде æндæргъуызон хæлæрттæ æмæ хæлардзинад вæй-йы, уæлдайдæр та – мæлæты хъæлæсы – Афганистаны зæххыл.

Алыксандрæн йе ‘фсæддон службæйы иууыл зындæр рæстæг уыд Афганистаны, уый æмбæрстгонд у, фæлæ ма иууыл диссаджы рæстæг дæр уым уыд: уый федта æцæг лæппуты, кæцытæ алыбон дæр, сæ цардæн тасы уавæры цыдысты мæлæтдзаг тохмæ, фæлæ сын сæ  цæсгомыл æрхæндæгдзинад никуы рахатыдаис. Уый уым федта æцæг нæлгоймæгты хæлардзинад – фидар æмæ æнусон.

Плиты Алик Афганистаны кæй службæ кодта, ууыл фæсмон нæ кæны, нæдæр искуы йæхицæй раппæлы. Абон дæр нымайы – афтæ ‘мбæлд, уый æххæст кодта йæ интернационалон хæс, куыд Советон æмбæстаг, йæ кадджын бæстæйы минæвар, афтæ æмæ йæ намыс у сыгъдæг.

1989 азы 13 февралы Кабулæй ратахтысты советон æфсæдты фæстаг хæйттæ. Сæдæгай фæсарæйнаг уацхæсджытæ æмæ бирæнымæц бынæттон адæм æвдисæн уыдысты ацы цауæн. Рæнхъон æфсæддон Вячеслав Рябинин Советон æфсадæй æппæты фæстаг схызт хæдтæхæгмæ, йæ къух ма сæм фæстæмæ фæтылдта æмæ æфсæйнаг дуар æрбахгæдта. Хæдтæхæг йæхи систа уæлдæфы арвы хъæбысмæ æмæ йæ  ных сарæзта «Союз»-мæ.

Ирæттæ афгайнаг хæсты хæцыдысты хъæ-батырæй, æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты куыд уыд, афтæ ам дæр иннæ адæмы ‘хсæн уыдысты раззагдæрты æмрæнхъ. Хъæбатырæй хæцыдысты  уæлдæфы æмæ зæххыл, десантон æмæ артиллерион хæйтты, разсгарæг къордты, уыдысты танкисттæ æмæ хæстон раздзæуджытæ. Æмæ сын афгайнаг адæм стыр буц æнкъарæнтимæ  дæр уымæн мысынц сæ удуæлдай æххуыс. Уым та ис  Плиты Алыксандры цæстæвæрæн хайбавæрд дæр.

Æмæ мæнæ æрыздæхт æцæг ирон лæппу йæ райгуырæн къуыммæ. Цинтæ, хъæбыстæ, Хуыцаумæ куывдтытæ…

Æмæ æрлæууыд йæ цард аразыныл: ахуырмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты историон-филологон факультетмæ æмæ йæ каст фæцис 1987 азы, бакодта бинонты хъуыдддаг дæр.

Фæлæ та йæ улæфт цард бирæ нæ ахаста. Райдыдта ирон-гуырдзиаг хæст æмæ та Алик дæр йæ «лимон-кæ» йæ роныл бабаста, йæ къухмæ автомат райста…

Йæ мад Бекъойты Азæ йæ разы ныллæууыд, Афганистаны фæстæ дæ кой чи хъуамæ ракæна, фаг фæфыдæбон кодтай, ныр дæ мæ-гуыр хæдзары æрбад, дæ разы мæхи амардзынæн, уæддæр дæ никæдæ-муал ауадздзынæн, зæгъгæ. Фæлæ Алик фидарæй дзуапп радта:

– Æмбарын дæ, æгæр фидар дæр ма дæ, фæлæ афтæ ма бакæн, æмæ Афганистанæй цы «лимонкæ» æрхастон, уымæй ам спайда кæнон… Комкоммæ дæ разы мæхи спырх кæндзынæн… Ме ‘мбæлтты ‘хсæн ис мæнæн мæ  бынат, мæ мæлæт дзы куы ссарон, уæддæр…

Бацыд кусынмæ  нæ Республикæйы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ (ОМОН) æмæ уым фæкуыста 2013 азмæ. Стæй йæ азтæ кæй сæххæст сты æмæ ма йе ‘нæниздзинад дæр кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ милицийы дæлбукъон Плиты Алыксандр ацыд пенсийы.

Мæнæ куыд зæгъы Плиты Алыксандры тыххæй РХИ-йы Мидхъуыддæгты горæтон хайады Управленийы хистæр, милицийы  булкъон Наниты Игорь:

– Нæ Республикæйы милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд (ОМОН) фæзынд 1991 азы. Плиты Алыксандр та нæм æрбацыд 1992 азы. Махмæ иууылдæр куыстой нæ фæсивæды раззагонтæ. Алик дæр уыд уыдонæй æмæ дзы хорзæй дарддæр ницы зæгъæн ис. Уыдис лæджыхъæдджын, æвзыгъд, æхсарджын æмæ æууæнкджын. Хорз адæймаджы  миниуджытæй алцæмæйдæр уыд æххæст. Афганистаны кæй службæ кодта, уый ма йын йæ кад бæрзонддæр систа, уыдонæн сæ хæстон фæлтæрддзинад æмæ цæттæдзинад  æндæр вæййы æмæ Аликы та уый бахъуыд махмæ кусгæйæ.

Уымæй дарддæр активон хайад райста немæ мæхъæлы хæсты дæр.

Йæ куыст ныууагъта, йæ азтæ кæй сæххæст сты, уымæ гæсгæ, фæлæ, зæгъæм, Афганистаны зæххыл службæйы рæстæджы фыдæбæттæ йыл не ‘ртæфстысты, йе ‘нæниздзинад нæ фæцудыдта, уæд, чизоны, абон дæр уым кусид. – Йæ ныхас балхынцъ кодта Нанийы фырт.

Æнæуый та алы цæсгомджын куыстæн дæр æхсæнады аргъ æрцæуы.

Хæстон-интернационалист, милицийы дæлбулкъон Плиты Алыксандр дæр рохуаты нæ баззад, лæвæрд ын æрцыд бирæ хорзæхтæ. Уыдоны нымæцы: ССР Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Сæрдар М. Горбачевы Указтæй – Грамотæ æмæ майдан «70 лет вооруженных сил СССР»; майдан «Воину-интернационалисту от благодарного Афганского народа» – Республикæ Афганистаны Президент Мамисара Хвилийы къухфыстимæ; «Армийы инæлар Плиты Иссæйы номыл алайнаг-хъазахъаг орден; Советон Социалистон Республикæты Æмхæларады Æфсæддон-Адæмон Советы майдан «За боевые заслуги»; майдантæ «За службу на страже мира в Южной Осетии», «За отличие в службе» (II-III къæпхæнтæ), «За принуждение к миру» æмæ æнд.

Абон, хæдбар паддзахады æм-бæстаг уæвгæйæ, райгонд у Алик йæ цардæй, йæ хъарм бинонтæй. Йе ‘мкъай Букуылон – йæ фарсмæ, йæ чызг йæ амонд ссардта, ис ын дыууæ сывæллоны. Йæ фырт дæр царды раст фæндагыл лæуд у, архайы спорты, у боксæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы уæнг, ахуыр кæны ХИПУ-йы, кусы тренерæй. Æцæг ирон лæппу, йæ бакастæн дæр у даринаг.

Аликыл службæйы уæззау бонтæ  æртæфстысты, Афганистаны гæмæх хæхты æхсæвæй-бонæй удаистæй цалдæргай километртæ лидзынтæ не схастой йæ къæхтæ, хæрам хæссынц æмæ йыл нæма фидауы, афтæмæй лæдзæг райста. Æниу абоны бон хъаст никæмæй кæны, фæлæ мæнмæ гæсгæ та, ахæм кадылдаринаг адæймæгтæ не ‘хсæнады æнæхъусдард ма хъуамæ уой, ис нæм æмбæлон органтæ, кæцытæ сын хъуамæ зоной сæ уавæр. Алик æмæ уый хуызæттæ нæ Райгуырæн бæстæйæн сæрбахъуыды рæстæджы стыр лæггад бакодтой.

Наниты Асиат    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.