Фæндыр  райста  йæ къухмæ, иу уысм хъуыдыты аныгъуылд, стæй ныррухс йæ худгæ цæсгом. Залы цы бирæ адæм бадт, уыдон æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, кæд та байхъусдзысты йæ фæндыры диссаджы зæлтæм.  Уæдмæ бæрзонд, аив уæнгты конд нæлгоймаг йæ сæрыл бæрзонд схæцыд, аивæзта фæндыры тæнтæ æмæ райхъуыстысты ирон музыкæйы æхцон мыртæ. Къухы æнгуылдзтæ фæндыры амонæнтыл рæвдз хъазæгау кæнынц. Ӕмæ хъуысынц кæлæнгæнæг зæлтæ, куы сындæггай, куы та сæхиуыл бæрзонд схæцынц. Хъусынц сце-нæмæкæсджытæ, бахаудысты ирон мелодийы уацары. Уый сæ фæндырдзæгъдæг рæвдауы йæ аив æмæ зæрдæмæхъаргæ зæлтæй, уый сæм хæссы цины уылæнтæ. Фæлæ æрмæст уымæй нæ, йæ худгæ цæсгом, йæ цæстыты цæхæрæрттывд æмбæлы аивадæн алы табугæнæджы зæрдæйыл дæр. Уый та куыднæ хаты нæ дæсны фæндырдзæгъдæг, кæй сæ рæвдауы, йæ алы чысыл фезмæлд æмæ цæстæнгасæй дæр æмæ баиу сты сценæмæкæсæг æмæ фæндырдзæгъдæджы иумиаг хъæлдзæгдзинад. Уæдмæ æрсабыр цагъд æмæ райхъуыстысты сценæмæкæсджыты тыхджын къух-æмдзæгъд, тыхджын хъæртæ, бузныджы ныхæстæ. Уый дæр сын йæ сæрæй ныллæг акуывта, йæ иу къух хæрдмæ систа æмæ сын æрвиты арфæйы ныхæстæ.

Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Гæздæнты Гаппойы фырт Булат у. Уый барæвдыдта йæ аив æмæ дæсны цагъдæй адæмы зæрдæтæ. Булат у диссаджы фæндырдзæгъдæг, афтæ куы зæгъæм, зæгъгæ, ирон фæндыр Булаты къухты, зонд æмæ æгæрон фæллойы фæрцы рарттывта, уæд раст уыдзæн. Нырма æдæрсгæ дæр згъорын йæ бон кæмæн нæ уыд, царды цинтæ æмæ зындзинæдтæ рæстмæ хатгæ дæр чи нæма кодта, уыцы къаннæг саби йæ зæрдæмæ арф айста ирон фæндыр, æмæ йæ уæгъд нал суагъта. Сæ дыууæ дæр кæрæдзийыл систы æнувыд æмцæдисонтæ æмæ царды хæссынц иу уаргъ, нæ дзы фæллайынц, афтæмæй. Уыцы уаргъ та хуыйны аивады уаргъ æмæ йæ Булат хæссы цины æнкъарæнтимæ, аивады бæрзæндтæм æдзух тырнгæйæ. Ӕниу, уыцы бæрзæндмæ раджы схызт, цинзæрдæйæ йыл афæлгæсыд æмæ дзы байрад йæ зæрдæ. Фæлæ аивады тых ахæм у, æмæ дæ æдзух æлвасы йæхимæ. Ӕмæ дзы нæ фæллайы Булат дæр, æппынæдзух тырны æмæ кусы ирон фæндыры тых ноджы бæрзонддæр къæпхæнмæ сисыныл, дзаджджын хуынтæй йæ фæхъæздыгдæр кæнынмæ.

Фыццаг уал зæгъæм ирон фæндыры тыххæй. Раздæры фæндырæн йæ авналæнтæ къуындæг уыдысты. Æмæ  дæ  ацæуæнтæ зæрдæйы  фæндиаг куынæ уой, уæд, зындзинæдтæ февзары.  Афтæ уыд фæндыры хъуыддаг дæр æмæ уыцы фарст æрбæстон кæнынмæ Булат бавнæлдта  ныфсджынæй.  Бирæ фæхъуыды æмæ фæ-рабар-бабар кодта йæ фæхуыздæр æмæ фæуæрæхдæр  кæныныл, цæмæй цæгъдæг зæрдæйыфæндиаг æххæст кæна, иу кæнæ иннæ уацмыс.  Ӕмæ раст хатдзæгты  фæрцы райгуырд, абон дæсны цæгъдджытæ сæ къухтæм цы ирон фæндыр райсынц, уый хроматикон. Дыккаджы та уый, æмæ ирон фæндырæн хъæуы фаг æмæ цæттæ кадртæ. Сомбоны курдиæттæ хъомыл æмæ цæттæ кæнынмæ дæр раджы аздæхта йæ хъусдард. Уый уымæн, æмæ фæндыры аивады рæзтæн дæр размæ рацæуæн нæй, йæ фарсмæ профессионалон кадртæ куынæ æрлæууа, уæд. Уыдон ын хъуамæ хуыздæр кæной йæ гæнæнтæ æмæ авналæнтæ. Уыцы ахсджиаг хъуыддаг йæ хъуыдыйы раджы фæзынд æмæ аскъуыддзаг кодта ахуыргæнинæгтæн йæ зонындзинæдтæ хæлар кæнын. Йæ фыццаг къахдзæфтæ куыд педагог, афтæ райдыдта Дзæуджыхъæуы скъола-интернаты 1959 азы. Фæстæдæр та кусын райдыдта Республикон музыкалон ахуыргæнæндоны (ныртæккæ хæссы Гергиты Валерийы ном) байгом кодта сæрмагонд кълас, фæстæдæр ма кусын райдыдта аивадты колледжы дæр. Чи сæ банымайдзæн абон, Гæздæнты Булаты къухæй цас дæсны фæндырдзæгъдджытæ рахъомыл, цал ирон чызг æмæ лæппуйæн бауарзын кодта фæндыр, цас сын фæнывылдæр кодта сæ цагъды гæнæнтæ. Уыдон та сты Саппиаты Фатимæ, Хосроты Лолитæ, Хъулаты Маринæ, Гуыдиаты Ритæ, Хъорнаты Лолитæ, Дзуццаты Розæ, Плиты Зæлинæ, Хъантемыраты Олег, Дзуццаты Сослан æмæ бирæ æндæртæ. Ныр уыдон кусынц æмæ фæллой кæнынц Ирыстоны алы рæтты, аивады уæлтæмæны зæлтæй рæвдауынц дзыл-лæты.

Æнæмæнгхъæуæг у хъæуæг литературæ. Уымæй размæ ирон фæндыр цух æмæ иппæрд уыд ахæмтæй æмæ тыхстысты студенттæ, æвзæрстой зындзинæдтæ. Уыцы фарст æрбæстон кæнынмæ дæр лæмбынæг йæ хъусдард аздæхта Гæздæны фырт, зæрдиагæй æрæвнæлдта ацы вазыгджын хæс сæххæст кæнынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Абоны онг уал рауагъта ахæм литературæ: «Ирон фæндыры уæлдæр дæсныйады скъола», «Школа игры на осетинской гармонике», зарджыты æмбырдгонд «Дæуыл у мæ зарæг». Ам сты алыгъуызон фæлтæрæнтæ, стæй цагъды æмæ зарджыты мелодитæ нотæтыл фыстæй æмæ тексттæ. Уыдон тынг ахъаз сты, нотæтæм гæсгæ чи ахуыр кæны, уыцы ахуыргæнинæгтæ æмæ студенттæн.

1966 азæй фæстæмæ Булат кусы Цæгат Ирыстоны телерадиокомпани «Алани»-йы  адæмон инструментты аивадон къухдариуæггæнæг æмæ дирижерæй. Ацы оркестр æххæст кæны куыд симфонион, афтæ эстрадон музыкæ дæр, популярон кæны ирон композиторты уацмыстæ, куыд Плиты Христофор, Гæбæраты Илья, Хаханты Дудар, Кокойты Тæтæрхъан, Аслан, Ӕлборты Феликс, Карницкая Нинæ, Махъоты Ацæмæз, Кокайты Барис æмæ æндæрты. Йæ æнувыд куысты фæрцы ацы композиторты уацмыстæ систы тынг зындгонд республикæйы, хъусджытæ сæ тынг бауарзтой. Гæздæны фырт музыкæ ныффыста ахæм спектакльтæн, куыд «Дыууæ чындзæхсæвы» (Саламты Н. æмæ Брытъиаты З.-йы пьесæ), «Мæ усы лæг» (Хуыгаты Георы пьесæ), «Цола» (Чеджемты Георы пьесæ), «Зæххон хуыцæуттæ» (Гаглойты Вл.), «Чермен» (Плиты Грис), «Сæтти æмæ Бæтти» (Хуыгаты Геор), стæй ахæм фильмтæн, куыд аивадон-документалон – «Фарн», «Фæндыр», «Ирыстоны ритмтæ», «Кафт», «Ӕппæтæйдæр аххосджын у Зæлинæ». Дзæвгар сты йæ зар-джыты мелодитæ дæр, куыд «Чызджы сагъæстæ», «Хъæлдзæг зарæг», «Дидинæг», «Быдираг лæппутæ», «Ирыстон», «Цхинвал», «Дæумæ у мæ каст», «Цолайы зарæг», «Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс», «Мæ урс бæлон», «Нæ арфæтæ», «Ног аз», «Байуарæм хуры тынтæ» æмæ æндæртæ. Гæздæны фырт йæ фæндыримæ уыдис канд Ирыстоны алы къуымты нæ, фæлæ ма Уæрæсейы бирæ бынæтты, стæй фæсарæйнаг бæстæтæй Швеци, Исланди, Норвеги, Англис, Шотланди, Кубæ, Болгари, Чехи, Словаки, Польшæ, Герман, Турк, Сири, Ливан, Иордани, Арабаг Эмираттæ, Египет, Мозамбик, Итали, Румын, Финлянди æмæ æндæр рæтты. Булаты тыххæй бирæтæ сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ фыссынц газеттæ æмæ журналты фæрстыл. Поэтикон рæнхъытæй йын се ‘нкъарæнтæ равдыстой ирон поэттæ: Хостыхъоты Зинæ «Булаты фæндыр», Балаты Альберт «Фæндырдзæгъдæг», Галуанты Людæ «Ирон фæндыр», Хадыхъаты Фатимæ «Гæздæнты Булатæн», Цъæхилты Яхья «Сыгъзæрин æнгуылдзтæ», Къадзаты Станислав «Фæндыр», Хуырымты Аллæ «Фæндыры зæлтæ», Хъауыраты Дауыр «Гæздæнты Булатæн». Ӕз мæхæдæг дæр раджы схæлар дæн Булатимæ. Ме ‘гæрон уарзт йæ цагъд æмæ адæймагдзинады тыххæй йæм ныффыстон фыстæг газет «Рæстдзинад»-ы фæрцы æмæ йæм æй фæхæццæ кодтой. Цалдæр азы фæстæ сæм уазæгуаты куы  бахаудтæн, уæд ма мæ зæххыл бадын дæр кæм уагътой. Йæ ныййарæг мад Гусалты Заретæ мæм хъæбулы цæстæй ракаст, зæгъгæ, мын мæ фыртыл æнувыд чи у, уый мæхионæй уæлдай нæ кæнын.

Гæздæнты Булат йæ 80 азы карæнæй ахызт, бирæ фæллæйттæ скæнын ын бантыст ирон культурæ æмæ аивады рæзты, дзæвгар куыст бакодта, ирон фæндыр абоны бæрзæндтæм цæмæй схызтаид, ууыл. Цæры æмæ кусы йæ адæмы хæрзæбонæн, райы æмæ фæцин кæны канд йæхи æнтыстытыл нæ, фæлæ æндæрты хорз бакæнгæ хъуыддæгтыл дæр. Нырма йæм царды, ирон аивады рæзты бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ ис æмæ йын æххæст кæнæнд. Амондджынæй цæрæд æмæ фæллой кæнæд йæ аивадæн бирæнымæц табугæнджыты фæндиаг!

Æрæджы та йын Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы Барамындæй лæвæрд æрцыд Ирыстоны Хъæбатыры ном. Фыццаг æй кæмæн радтой, уый – Гæздæнты Булат. Уый дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.