Хуссар Ирыстоны историйы ахсджиагдӕр бӕрӕгбонтӕй иу у нӕ паддзахады сӕйраг закъон – Конституцийы бӕрӕгбон. Ацы аз ацы бӕрӕгбон нӕ адӕм нысан кӕнынц ӕвзӕрстыты къӕсӕрыл. Уый тыххӕй не ‘взӕрстытӕ дӕр хъуамӕ ацӕуой нӕ паддзахады сӕйраг Закъон – Конститицимӕ гӕсгӕ.

Цалынмӕ 2001 азы 8-ӕм апрелы Конституци нӕ райстӕуыд, уӕдмӕ ма бакондӕуыд стыр куыст. Ӕппӕт куыстытӕ райдыдтой 1990 азы августы, Республикӕ Хуссар Ирыстоны тыххӕй хӕдбардзинады деклараци куы райстӕуыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ.

1990 азы 20 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы расидтысты, уӕд райдыдтой кусын паддзахадон органтӕ ӕмӕ паддзахадон атрибуттӕ саразыныл – райст ӕрцыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны герб, тырыса ӕмӕ гимн. Цыппӕрӕм ахсджиаг къахдзӕф та уыд Конституци райсын.

Историктӕ, эксперттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ республикӕйы фыццаг Конституцийыл нымайынц 1993 азы Конституцийы. Фӕлӕ 1990 азы 20 сентябры сессийы рӕстӕджы республикӕ куы расидтысты, уӕд уынаффӕ рахастой, цӕмӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ бакуыст ӕрцыдаид Хуссар Ирыстоны Конституци. Уы-мӕн ӕмӕ ӕндыгъд уавӕртӕм гӕсгӕ, уынаффӕтӕ исын хъуыд оперативонӕй. Уый фӕстиуӕгӕн арӕзт ӕрцыд Конституцион къамис зынгӕ юрист Гаглойты Хазбийы сӕргълӕудӕй. Конституци сцӕттӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ, растдӕр зӕгъгӕйӕ та иу ӕхсӕвмӕ. Уый тыххӕй йӕ нӕ адӕм фырбуцӕн хуыдтой «иу ӕхсӕвы Конституци». Конституцийы нысан ӕрцыдысты республикӕйы цардархайды сӕйраг здӕхтытӕ, Хуссар Ирыстон уыцы рӕстӕджы цы реалондзинады бахауд, уымӕ гӕсгӕ.

Конституци райстӕуыд рӕстӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕлон процедурӕты нӕ рацыд. Уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ, республикӕ ацы документмӕ гӕсгӕ цард дыууӕ азы дӕргъы.

1992 азы ӕвзӕрстӕрцӕуӕг РХИ-йы Уӕлдӕр Советы ног сконд бакуыстой ног Конституцийыл ӕмӕ 1993 азы 2 ноябры Республикӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг сӕвзӕрст Паддзахадон Ныхасы (уыцы рӕстӕджы Уӕлдӕр Совет афтӕ хуынд) VII сессийы райст ӕрцыд, ӕппӕт процедурӕтӕ рацӕугӕйӕ. Зӕгъӕн ис, 1993 азы Конституци уыд цымыдисон документ, уымӕн ӕмӕ дзуапп лӕвӕрдта уыцы рӕстӕджы ӕппӕт реалитӕн.

1996 азы ног Конституци нӕ райстӕуыд, фӕлӕ йӕм ивындзинӕдтӕ бахӕсгӕйӕ, республикӕйы бакондӕуыд хицауиуӕгады президентон институт.

Уый фӕстӕ дӕр, рӕстӕджы домӕнтӕм гӕсгӕ, бахъуыд ног Конституци райсыны сӕр ӕмӕ 2001 азы 8 апрелы ӕппӕтадӕмон референдум ауадзыны фӕстиуӕгӕн райст ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны ног Конституци. Ацы Конституци ногӕй бафидар кодта республикӕйы статус, куыд суверенон паддзахад, афтӕ. Ацы Конституци ссис ӕхсӕнады ӕрбаиу кӕныны, паддзахадон хицауиуӕга-ды институтты фидар кӕныны ӕмӕ рӕзты бындур.

Алы Конституцийы дӕр ӕвдыст ӕрцӕуы, цы историон реалондзинад арӕзт ӕрцӕуы, уый. Нӕ Конституцийы дӕр ӕвдыст ӕрцыдысты нӕ паддзахады уыцы демократон бындуртӕ, кӕцыты декларацигонд ӕрцыдысты ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм цӕрынц уыдонмӕ гӕсгӕ.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.