Фæстаг цалдæр азы дæргъы зæххы къорийы æппæт цæрджыты йæ уацары цы æнæхайыры низ коронавирус бакодта, уый, ныридæгæн  ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, уымæ гæсгæ фæрынчынуæвæг адæймаджы организмыл ныууадзы арф фæд. Чи дзы фæрынчын вæййы, уыдон æй фæнды уæлæнгайæ ахæссæт, фæнды карзæй, уымæ нæ кæсгæйæ,  иуæй-иутæн сæ организмыл ныууадзы цавæрдæр фæстиуæг. Уымæ гæсгæ ахæмты бахъæуы дарддæр реабилитацийы рацæуын.

Ацы тæссаг низæй чи фæрынчын ис, уыдонæй алкæмæн дæр уыд æндæр æмæ æндæр симптомтæ. Уыдон, æмæ ма сыл цы фæстиуджытæ ныууагъта, уыдоны тыххæй бæлвырддæрæй радзырдтой, коронавирусæй чи уыд рынчын, ахæмтæ. «Райдианы мæхи æнкъардтон тынг лæмæгъ, рыстысты ме стджытæ, мæ хъуыртæ æмæ мæ цæстытæ. Уый фæстæ схыстис мæ тæвд, ме ‘уæнгты тых слæмæгъ, сæфтис  мæ хъуыдыкæнынад. Зæрдæйы куыст къуыхцы  кодта, риу ныууæззау ис æмæ-иу  мæ бон сулæфын нал уыд. «Тагъд æххуыс» мæм куы ‘рбацыд, уæд мæ акодтой рынчындонмæ», – радзырдта 47 аздзыд Светланæ. Рынчындоны Светланæйы басгæрстой æмæ йын сæвæрдтой коронавирусы диагноз. Дохтырты гъæдджын æххуысы, æмæ йæ организм фидарæй кæй фæлæууыд ковиды ныхмæ, уый руаджы, Светланæйы дыууæ къуырийы фæстæ рафыстой рынчындонæй. Фæлæ йыл, хъыгагæн, вирусы фæстиуджытæ нырма дæр æндавынц. Светланæйы цыппар мæйы дæргъы тыхсын кодта æгъуыссæг, æнкъардта цавæрдæр æнæмбаргæ тыхстдзинад, куы-иу афынæй ис, уæд та-иу æй хъыгдардтой тахикарди æмæ фыдфынтæ. Светланæйы бахъуыд психиатрты æххуыс. Куыд зæгъы, афтæмæй куы фæрынчын ис, уæд, низ æмæ йе схоскæныны амæлттæ нырма æбæрæг кæй уыдысты æмæ удзиæнттæ та тынг бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ уый дæр тарст. Психиатрты ныхæстæм гæсгæ Светланæ-йæн уыцы тас бандæвта йæ нуæртты системæйыл æмæ ныууагъта йæ фæд. Рацыд афæдзмæ æввахс, фæлæ сылгоймаг нырма дæр хос кæны йæ нуæрттæн.

44 аздзыд нæлгоймаг, Вильям дæр фæрынчын ис ковидæй æмæ йæ кæд тынг æнцонтæй сфæрæзта, рынчындонмæ цæуын дæр æй нæ бахъуыд, уæддæр низы фæстиуджытæй тыхсы нырма дæр. «Уыдис мæм чысыл тæвд, тынг ницæмæй тыхстæн. Æнхъæлдтон, аслæмттæй аирвæзтæн, фæлæ… Радзæбæх дæн, мæ тест дæр равдыста æппæрццаг бæрæггæнæн, фæлæ мыл ныххæцыд æрхæндæг. Нал мæ уæгъд кодтой алыгъуызон негативон хъуыдытæ, мæ цæстытыл уадысты алыгъуызон тæссаг нывтæ, хæрын дæр мæм  бынтондæр нал цыд. Æппынæдзух мæ йæхимæ ‘лвæста сынтæг. Фесæфт мæ куыстхъомдзинад, мæ хъуыдытæ хæццæ-мæццæ кодтой, боны дæргъы æрцæугæ цаутæ-иу мæ дыккаг бонмæ бынтондæр ферох  сты. Ахæм уавæры уыдтæн дыууæ мæйæ фылдæр. Ныр хосты æххуысæй чысыл фæхуыздæр дæн, фæлæ кæд æхсæз мæйæ фылдæр рацыд, уæддæр ма нуазын, мæ хъуыдыкæнынад фидардæр кæныны, æмæ мæ нуæртты системæ æрнывыл кæныны тыххæй хостæ».

Хистæр кары адæймæгтæ ацы низ зындæртæй кæй сфæразынц æмæ сын фылдæр органтыл кæй ныууадзы йæ фæд, уый ныридæгæн сбæлвырд кодтой медицинæйы фадыджы ахуыргæндтæ æмæ рынчынтимæ чи кусынц, уыцы дохтыртæ.  Кардзыд сылгоймаг Полинæ куыд загъта, афтæмæй рарынчын ис æвиппайды, балцæй æрцæуыны фæстæ. «Стæвд дæн, тæвд хызтис суанг 39,5 градусы онг. Тынг рыстис мæ сæр, ме стджытæ, буар зыр-зыр кодта, нæ мæм цыд хæрын, хостæ нуазгæйæ та хæццæ кодта мæ зæрдæ. Уæлдай зын мын уыдис улæфын, тынг рыстысты  фæсонтæ æмæ риу. Фæлæ «Тагъд æххуыс»-мæ куы фæдзырдтам, уæд мæ рынчындонмæ нæ акодтой. Сбарстой мын мæ сатураци, рафыстой мын хостæ æмæ ацыдысты. Уый фæстæ мæ дохтырты ‘рдыгæй иунæг бæрæггæнæг дæр нал уыд, хос мын кодтой мæ бинонтæ, хæдзары. Ныр коронавирусæй бæргæ аирвæзтæн, фæлæ мæм уый фæстæ раргом сты алыгъуызон низтæ, кæцыты ныхмæ, ныр афæдзы дæргъы, хос кæнын», – радзырдта Полинæ. Сылгоймагыл цæуы 70 азы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дунейыл коронавирусы фæстиуæгæн цы диссæгтæ æрцыдис, уыдæттæ хъусгæйæ, уый дæр тарст.

Пандемийæ фæрынчынуæвджытæй бирæ-тæ хъаст кæнынц, сæ зæрдæйы æнæниздзинад кæй слæмæгъ ис. Бæлвырд ма у, пандемийы симптомты сæйрагдæртæй  иу кæй у, æмбудæн органты куыст кæй слæмæгъ вæййы, уый дæр.  Уый банкъарынц фæрынчынуæвджытæн сæ фылдæр. Коронавиру-сæй адзæбæхы фæстæ бирæтæн кæд снывыл вæййы се ‘мбудæн органты  куыст, уæддæр, хъыгагæн, иуæй-иутæн баззайы лæмæгъæй, кæнæ та фæивы. Уый, иртасæн куыстыты фæстæ, сбæлвырд кодтой меди-цинæйы фадыджы ахуыргæндтæ дæр.

Адæймаджы организмыл пандемийы æндæвдад æмæ йæ фæстиуджытæ нырма се ‘ппæт бæлвырд не сты. Фыццаджыдæр уый тыххæй æмæ вирус кæй у ног фæзынгæ, низæн йæ симптомтæ дæр кæнынц раив-баив, ома мутаци кæны æмæ йæ симптомтæ æмæ фæстиуджытæ дæр свæййынц æндæр æмæ æндæргъуызон. Петербургаг психологон клиникæйы сæйраг дохтыр-психиатр Николай Старостин загъта йæ хъуыдытæ уый фæдыл: «Нырма тынг зын у, адæймаджы организмыл пандемийы æндæвдады тыххæй исты бæлвырд зонæнтæ зæгъын. Сæйраджыдæр уал уый тыххæй, æмæ адæймаджы организмы æппæт аппаратыл вирусы механизмы æндæвдад бæлвырд кæй нæ у. Бирæ бæрæггæнæнтæ ис уый тыххæй, фæлæ уыдоны фæдыл нырма ахуыргæндты æхсæнады цæуы иртасæн куыстытæ. Бæлвырдæй зонæм, вирус бирæбæрцæй кæй бахъыгдары дадзинты, ныууадзы сыл йæ фæд, хъыгдард дадзинтæ та сты алы æмæ алы низты райдайæн.  Фæлæ уый фаг нæу, цæмæй нырма мах радтæм бæлвырд диагностикæ организмыл вирусы æппæт æндæвдадæн. Ныридæгæн бæлвырд у, коронавирус арф фæд кæй ныууадзы цæстытæ, нуæрттæ, зæрдæ æмæ улæфæнтыл». В.М.Бехтеревы номыл Националон медицинон центры специалисты нымадмæ гæсгæ, пандемийæ фæрынчынуæвджытæн вæййы ахæм симптомтæ, кæцыты адæймаг бан-къары аварийы, кæнæ æндæр тæссаг травмæты рæстæджы. Ахæм тас, гæнæн ис æмæ баззайа организмы азты дæргъы æмæ йе ‘ндæвдадæй организм кæна лæмæгъдæр, уа йын æвзæр фæстиуджытæ. Цæмæй уый афтæ ма рауайа, уый тыххæй йын фæхъæуы афоныл æмбæлон хос.

Коронавирусы æппæт фæстиуджыты тыххæй фæсарæйнаг нырккон медицинон клиникæ Euromed Clinig-ы дохтыртæ зæгъынц, зæгъгæ, зæрдæйы куыстыл вирус йæхæдæг комкоммæ не ‘ндавы, фæлæ вæййы, органтæ  кæрæдзийыл æмбаст кæй сты, уый фæстиуæг: «Вирус сæрмагондæй æндавы сулæфæнтыл, уыдон нал фæисынц фаг туаггуыр уæлдæфæй, туг сбæзджын вæййы. Улæфæн органты «хæс» йæхимæ райсы зæрдæ æмæ райдайы уæлдай куыст кæнын, цæмæй организм сифтонг кæна æппæт æнæмæнгхъæугæ микроэлементтæй. Ахæм уæззау куыстгæнгæйæ уайтагъд афхæрд вæййы зæрдæйы нуар, слæмæгъ вæййы, фæзынынц зæрдæнизтæ. Ахæм фæстиуæг гæнæн ис æмæ фæзына коронавирусы размæ зæрдæнизтæй чи нæ тыхст, ахæм æнæниз адæймагæн дæр».

Дæргъвæтин рæстæджы иртасæнты фæс-тæ Euromed Clinig-ы медиктæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ коронавирусæй фæрынчынуæвæг алы адæймаг дæр хъуамæ æнæмæнгæй рацæуа сæрмагонд медицинон басгæрст, æмæ уый фæстæ та реабилитацион хосгæнæн курс.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.