Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ – дунеон организациты минæвæрттæ дискусситы 46 раундмæ цæттæ кæныны нысанæн, æрæджы фембæлдысты сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ.

Дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат банысан кодта, ацы дунеон форматæн стыр нысаниуæг кæй ис нæ бæстæйы æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы. Женевæйы ныронг цы къахдзæфтæ сарæзтæуыд æмæ арæзт цæуы, уыдон  æгасæй дæр здæхт сты регионы сабырад æмæ стабилондзинад ифтонг кæнынмæ.

«Уыцы ахсджиаг хъуыддаджы мах дæр цæттæ стæм конструктивон архайдмæ. Хъыгагæн, Гуырдзыстоны ис бæрæг тыхтæ, кæцытæ фæстаг рæстæджы уавæр карз кæнынц. Фæлæ мах ныфс ис, æмæ иумиаг тыхтæй сараздзыстæм æппæтдæр, цæмæй Женевæйаг процесс рæза нæ республикæ æмæ æмткæй регионы æдасдзинад ифтонг кæныны здæхты», – банысан кодта Мурат.

Ныфс бавæрдта, фембæлд кæй ратдзæн хорз импульс, æрмæст Женевæйаг дискусситы фæлгæтты нæ, фæлæ мах сæй-рагыл кæй нымайæм, уыцы Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куыстæн дæр. Уымæн æмæ уый ахсджиаг механизм у арæнтæм æввахс бынæтты стабилондзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы æмæ ма уыимæ иумæ, у Женевæйаг дискусситы ахсджиаг æнтыст дæр. Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, фæстаг рæстæджы, кæд гуырдзиаг фарс ацы форматы куыст æрныллæг кæныныл архайы, уæддæр уыцы форматы куыст рæзын кæныныл, куыст дарддæр цæудзæн.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар дæр банысан кодта радон дискусситæм цæттæ кæныны куысты ахсджиагдзинад. Мах, зæгъгæ, хъуамæ бакусæм дискусситы радон фембæлды нывæзтыл æмæ саразæм афтæ, цæмæй дискусситæ æмæ механизмты формат архайой æмбæлон уагыл.

ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглу бузныг загъта хуссарирыстойнаг фарсæн, уæвæг дунеон форматы куыст фæхуыздæр кæнынмæ кæй цымыдис кæнынц. Ныфс бавæрдта, кæй кæндзысты ацы процесстæ æмæ формат фæхуыздæр кæнынмæ хаст æрцæудзæн ног идейæтæ. Махæн, зæгъгæ, ахсджиаг у уæхскуæзæй бакусæм, цæмæй нæ бон цæуа уæвæг цæлхдуртæ аиуварс кæныныл.

ФЕМБÆЛДÆН ХАТДЗÆГТÆ АРАЗГÆЙÆ

Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ фембæлды фæстæ æмхъæлæсæй банысан кодтой арæнтæм хæстæг механизмты ахсджиаг куыст. Уымæй дарддæр дзырдтой, гуырдзиаг националисттæ фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæстæг Знауыры районы Балтайы хъæумæ æввахс цы акцитæ уадзынц,  уыдон фæдыл.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаары ныхæстæм гæсгæ, арæнтæм æввахс цы инциденттæ уагъд цæуынц, уыдоныл дзырд хъуамæ цæуа Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты форматы фæлгæтты. Уый ма радзырдта радон раундмæ цæттæгæнæн куысты хæдразмæ цы фарстытыл дзырд цыд, уыдоны тыххæй, зæгъгæ, махæн уыд фадат нæ хъуыдытæ рæгъмæ рахæссынæн. Уымæ гæсгæ æрсидт фæрстæм, цæмæй Женевæйы дискусситæм рацæуой ног идейæтимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, женевæйаг процессы фæлгæтты проблемæтæ се ‘ппæт бæстон не ‘рцæудзысты, фæлæ сæм хъæуы алыварсонæй æркæсын.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Рудольф Михалкайы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæстæг цы акцитæн ис бынат, уыдон тыххæй механизмты фæлгæтты куыстмæ хъæуы бахæссын ног хъуыдытæ æмæ фæндæттæ.

«Дарддæр ахæм æнгæс инциденттæ цæмæй иуварс цæуой, уый тыххæй хъæуы баныхæстæ уадзын, кæрæдзийæн информаци дæттын æмæ механизмты фæлгæтты æмгуыстад адарддæр кæнын», – загъта ЕÆÆО-йы минæвар.

ИНО-йæ æмсæрдар Джихан Султаноглуйы ныхæстæм гæсгæ куыст цæудзæн ууыл, цæмæй дискусситы куыст уа мидисджындæр æмæ продуктивондæр. Æрсидт фæрстæм активон куыстмæ, цæмæй бæрæг æнтыстытæ  къухты бафта.

Постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат дæр банысан кодта, фæстаг рæстæджы арæнтæм хæстæг цы цаутæ цæуы, уыдон хынцгæйæ, механизмты фæлгæтты куыст дарддæр кæныны ахсджиагдзинад. Уый, зæгъгæ, у тынг ахсджиаг механизм, кæцы архайы женевæйаг дискусситы фæлгæтты æмæ здæхт у арæнтыл цы хъаугъайон уавæртæ сæвзæры, уыдон æрбæстон кæнынмæ. Уыимæ ма банысан кодта, кæй нæ хъæуы фарстыл уынаффæ кæнын бæрæг форматæй дарддæр æмæ нæ хъæуы механизмты фæл-гæтты фебæлдтыты политизаци кæнын.

Ныфс бавæрдта, уыцы форматы куыст дарддæр кæй цæудзæн. Фембæлды тыххæй дзургæйæ, Джиоты Мурат банысан кодта, кæй уыд продуктивон, æмсæрдæрттæ рæгъмæ кæй рахастой къорд хъуыдытæ, кæцытæ фæахъаз уыдзысты женевæйаг процесс размæ кæ-нынæн – Гуырдзыстоны ‘рдыгæй бæстæйы æдасдзинад сифтонг кæнынæн.

Къæбулты М.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.