Æвзæрстыты рæстæджы адæмы алчи дæр бауарзы, кæмæндæрты арт æмæ фæнык дæр нал вæййы адæмы, Ирыстоны мæтæй: «Адæм, адæм, мæгуыр адæм, мæгуыр…», «Нæ лæппутæ, нæ лæппутæ, мæгуыр лæппутæ» æмæ афтæ дарддæр… Нæ хæхбæстæ, нæ хъæутæ кæй æдзæрæг кæнынц, ууыл дæр афтæ «фæриссынц»: «Хъæутæм хъуамæ фæндæгтæ саразæм, саразæм»… Стæй…

Уыдонæн се ‘мбисонд – сæхи! Уыдон, бæрæг у, Ирыстоны хъæутæм фæндæгтæ аразыныл æхца сцъуй кæныны тыххæй тыхсынц æмæ сæ адæмы сайыны рæстæджы цæуылдæрты ахъуыды кæнынмæ нæ равдæлы. Кæннод та сæ хъуыдыкæнынады авналæнтæ бынтон къуындæг сты, æндæра… Æндæра йæ куыднæ зонынц, Ирыстоны хуссар хайы Рукъы хъæуæй хуыздæр фæндаг иунæг хъæумæ дæр кæй нæй. Фæлæ федзæрæг… Федзæрæг сты æмæ æдзæрæг кæнынц иннæ хъæутæ дæр…

Æмæ йæ аххосаг бынтондæр фæндæгтыл баст нæу – уыцы хъæутæм цъыфбон хæрæг куы нæма цыдис, уæд сæ цард цæджджинагау æхсыстис. Иу ахоссаг йедтæмæ дзы нæй æмæ йыл басæттæм: никæйуал фæнды хъæуы цæрын, алчи дæр агуры, йæ удæн кæм æнцондæр у, ахæм цæрæнбынат.

Æвзæр бынаты нæй Зары хъæу дæр, нæдæр йæ фæндагæй ис рахъастгæнæн, уæдæ горæтæй афтæ дард дæр нæу, фæлæ… Фылдæр кæны, хъæуæй хуыздæр цардагур чи лидзы, уыдоны нымæц.

Ахæм рæстæджы хæрзчысыл ныфсы рахæцæн дæр хуыздæр сомбоны ныфс у. Ис ма ахæм адæм, кæцытæ цæрынмæ хъæуæй горæтмæ нæ, фæлæ хъуыды кæнынц горæтæй хъæумæ ацæуыныл. Æмæ уыдон сты зайрæгтæ, Дзабиты Алик æмæ йæ цардæмбал Тедеты Жаннæ сæ дыууæ сывæллонимæ. Табу хуыцауæн, сывæллæттæ кæм ахуыр кæндзысты, ахæм проблемæ нæ лæууы ныййарджыты раз. Зары хъæуы хорз скъола ис, æмбæлон уагыл æвæрд дзы у ахуыр-хъомыладон хъуыддаг, цух æрмæстдæр иу    хъуыддагæй сты, ахуыргæнинæгты цъус бæрцæй. Абоны дуджы ма хъæумæ исчи фæстæмæ цæрынмæ баздæхыны фæнд скæна, уый стыр хъуыддаг у, æмæ ахæм бинонтæн бузныг зæгъын æмбæлы. Сæ разы цы проблемæтæ ис, уыдоныл хъуыды кæнынмæ æвдæлгæ дæр нæ кæны ацы бинонты, алы зындзинады сæрты ахизынмæ дæр цæттæ сты, рæстæгмæ балæууæндон уал сын куы уаид, уæд. Сæхæдæг зайрæгтæ сты, ис сын хæдзар Зары, фæлæ бынтон ныкæлæддзаг, нæуæдзæм азты райдианы зæххæнкъуыст сын æй тынг бахъыгдардта, æмæ нырма дæр ахæм æдзæллаг уавæры ис. Бинонты фæнды рæстæгмæ иу цæрæн вагон самал кæ-нын, фæлæ сæ сæ цыбыркъух нæ амоны.

Исчи сæм йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæнид, куы сын самал чындæуаид иу вагон, уæд уал æрбынæттон уаиккой æмæ архайын райдаиккой сæ дарддæры цард къахыл слæууын кæныныл. Æнгом цуанæттæ, дам, саг марынц, æнгом бинонтæ – цард арынц, хуымæтæджы нæ зæгъы ирон æмбисонд. Абон ацы бинонтæн хъæуы сæ фарсмæ балæууын, стæй сæхæдæг истытæ кæниккой. Æниу, афтæ стыр æххуыс дæр куынæ домынц, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр – иу вагон. Стыр удыбæстæ уаид ахæм хъæппæрисы æвварс рахæцын. Чи зоны сæм цы фарн кæсы, чизоны ма сæ бафæзмиккой æндæртæ дæр. Мах уавæрты, нæ цардихсыд хъæуты ма ноджы иу хæдзарæй фæздæг скæла, уый дæр стыр ныфсы рахæцæн у.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.