Стыр цымыдисаг у традицион ирон дарæс, уый ивта бирæ æнусты дæргъы царды тулгæ цалхы бын ивта ирон адæмы цæстæнгас дæр национ дарæсимæ. Ныртæккæ национ дарæс ничиуал дары, æрмæстдæр ма дзы фæпайда кæнынц кафт æмæ зарды сфæлдыстадон коллективтæ, аивадон равдыстыты иуæй иутæ сæ скæнынц чындзæхсæвты, мыггаджы куывдты… Уый у нацийы культурæйы иу хай æмæ хъыгаг у, кæй йæ рох кæнæм. Цæмæй уавæр фæива, уый тыххæй фæстаг рæстæджы слæууыд æхсæнады æрвылбонон дарæс дарыны фарст. Фæзындысты национ стилыл дарæс чи хуыйы, ахæм хуыйджытæ-дизайнертæ. Уыдон кæцыфæнды дзаумайыл дæр сæвæрынц ирон орнаменты хæйттæ æмæ сæ уымæй скæнынц национ стилы æнгæс.

Иу ахæм хуыйæн цех ныртæккæ кусы нæ горæты Цардуагон лæггæдты хæдзары.  Ацы цехы сæйраг хуыйæг конструктор – модельер Габуты Мадинæ куыд зæгъы, афтæмæй цардуагон лæггæды хæдзары хуыйджытæ ис тынг рагæй, фæлæ национ дарæс хуыйынмæ æрæвнæлдтой æрæджы.  Сæйраджыдæр уал æрдзырдтой сæ проблемæты фæдыл æмæ загътой, ныр цалдæр азы дæргъы кæй домынц, цæмæй сын рахицæн кæной хатæнтæ сæ куыст рауæрæхдæр кæнынæн. «Сæйраджыдæр мах тыхсæм, нæ кусæн бынат хæрз къуындæг кæй у, уымæй. Нæй нын уавæртæ, ирон дарæс хуыйынæн кæм сæвæрæм фаг хъуымæцтæ, уымæн». Хуыйджыты къорд ма æййафынц хуыйæнгæрзты хъуагдзинад дæр. «Дыккаг фарст та нын у, сæрмагонд хуыйæн машинæтæ нын кæй нæ фаг кæны, уый. Æппынкъаддæрæй нæм хъуамæ уаид 2 аивхуыдæвæрæн машинæ æмæ 3 та универсалон машинæтæ», – зæгъы Мадинæ.  Фæлæ куыстуарзаг коллектив уыцы зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ йæ куыст кæны æххæстбæрцæй. Болататы Нодар 30 азæй фылдæр ам кусы хуы-йæгæй, кæрды æмæ хуыйы ирон национ дарæс дæр. Сиукъаты Ларисæ дæр ныр авд азы дæргъы кусы ам, куыд æндæр дзаумæттæ, афтæ арæхсы ирон национ дарæс хуыйынмæ дæр. Суровцева Лариса дæс азы дæргъы кусы нывгæнæг-модельерæй. Бесаты Вадим нырма кæд æрыгон лæппу, уæддæр уарзы хуыйæджы куыст. У конструктор-модельер, ныр цалдæр азы дæргъы кусы ирон национ дарæс хуыйыныл. Ныридæгæн уал нæ республикæйы аивадон ансамблтæн бахуыдта алыгъуызон ирон национ дарæс. Æрæджы дæр та Вадим ХИППУ-йы аивадон къордæн  бахуыдта кафæн уæлæдарæс. Суровцева Ларисæ æмæ Сиукъаты Ларисæ дæр æрæджы паддзахадон ансамбль «Симд»-æн бахуыдтой нæлгоймæгты костюмтæ, æмæ Хуыгаты Дианæйы аивадон къордæн та бахуыдтой национ кафт «Симд»-ы дарæс.

Хуыйджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм арæх æрбацæуынц сабидæттæй ирон дарæс закъаз кæнынмæ. «Æрæджы нæм æрба-цыдысты, нæ горæты сабидæттæй сæ иуы кусджытæ, чысыл ирон  къабатæ бахуыйыны тыххæй. Куыд банымадтам, афтæмæй иу къабайы аргъ слæууыд æд хъуымац 8-10 мин сомы бæрц. Вæййы ма афтæ æмæ сæ бафæнды сæ къабатæ кæнæ хæдæттыл ирон орнамент сæвæрын. Ахæм закъазтæ дæр райсæм. Уыдон фылдæр хатт вæййынц фæсивæд», – загъта Мадинæ. Кæд ныртæккæ æрвылбонон ирон дарæс арæх нæ дарынц не ‘хсæнады, уæддæр ис, йæ бахуыйынмæ чи цыбæл кæнынц, ахæмтæ. Ахæм закъазтæ дæр арæх райсынц Цардуагон лæггæдты хæдзары хуыйджытæ. Æрæджы дæр та сæм æрбацыдысты æрыгон лæппутæ æмæ сын бахуыйын кодтой ирон стилыл хæдæттæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы, фæсивæд кæй цымыдис кæнынц национ хъæздыгдзинæдтæ бахъахъхъæнынмæ, кæй нæ рох кæнынц æмæ кæй аргъ кæнынц нæ национ культурæйæн,  уый у æхсызгон хъуыддаг. Хъæуы тырнын, цæмæй нæ горæты дæр фылдæр уавæртæ уа, ацы фарст цардмæ раздахынæн. Цардуагон лæггæдты хæдзары хуыйджытæ дæр тынг зæрдиагæй кæй кусынц ацы хъуыддагыл, уый дæр дызæрдыггаг нæу. Уымæ гæсгæ хъæуы æрбалæууын ацы хуыйджыты фарс, сæ проблемæтæм сын хъус æрдарын.

Ам ныртæккæ цы хуыйджытæ кусынц, уыдон сты Цъæритты Жаннæ, Кокойты Жаннæ, Сиукъаты Павел, Коцты Славик æмæ æндæртæ. Адон се ‘ппæт дæр сты бæрнон кусджытæ, уарзынц сæ дæсныйад æмæ йæм дарынц уарзон ахаст. Уæлдайдæр та мæ банысан кæнын фæнды, æмæ мах кæддæриддæр кæй стæм  цæттæ ирон национ дарæс хуыйынмæ алы хуызты дæр» – загъта Габуты Мадинæ.

 Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.