16 декабры Хъырымы хуссарирыстойнаг делегацийы дыууæбонон кусæгон балцы фæлгæтты фембæлдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин æмæ Республикæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов.

Фембæлды боны фæткы уыдысты æхсæнрегионалон фарстатæ, кæцытæ хауынц Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы базарадон-экономикон æмæ культурон бастдзинæдты рæзтмæ.

Джуссойты Константин бузныг загъта Сергей Аксеновæн йæ хъусдарды тыххæй æмæ йын раарфæ кодта РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы номæй.

Хъырымы сæргълæууæг ын бузныг загъта йæ хъарм ныхæсты тыххæй, раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны уæлдæр разамынадæн, æмæ банысан кодта дыууæварсон диалогы уæлдæр æмвæзад.

Джуссойты Константин банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон фæнд кæны Хъырымы Республикæимæ æппæтварсон ахас-тытæс аразын.

«Мах фæнд кæнæм дарддæр дæр нæ бастдзинæдтæ фидар кæнын, 2019 азы апрелы Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы ’хсæн цы сразыдзинадыл къухтæ æрфыстам, уый фæлгæтты æмархайд рæзын кæнын. Нæ коллегæтимæ нæ бахъæудзæн радон периоды мадзæлтты иумæйаг пълан саразын. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Хъырымимæ мах сфидар кæндзыстæм ахастытæ, ахæм фадгуыты куыд экономикæ, культурæ, туризм, ахуырад, зонад, культурæ, сервис, фæсивæдон политикæ. Хорз хъомысад нын ис æмархайды рæзтæн, хъæууон хæдзарад æмæ сæудæджерады фадыджы», — загъта Джуссойты Константин.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг бузныг загъта хъырымаг разамынадæн сæ хъарм химæрайсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ визит ахъаз кæй фæуыдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы æмгуыстад дарддæр дæр уæрæх æмæ фидар кæнынæн.

Республикæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов ныфс бавæрдта дарддæры æнтыстджын æмгуыстады тыххæй.

«Ныфс мæ ис, махæн алцыдæр нæ къухы бафтдзæн. Алан Эдуарды фыртимæ, Хъырыммæ балцы рæстæджы мах æрныхас кодтам æмархайды фæдыл, æмæ мын æхсызгон у, дарддæр кæй кусут дыууæварсон сразыдзинадыл. Æмгуыстад кæнынц ахуырадон уагдæттæ, культурон организацитæ. Ныфс нæ ис, дæ визит кæй ратдзæн ног фадæттæ Хъырымы Республикæйæн, Хъырымы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейæ цы амалиуæггæнджытæ кусынц, уыдонæн. Æппæт тыхтæ ратдзыстæм, цæмæй æмгуыстады иумæйаг программæ максималонæй уа уæрæх æмæ пайдахæссæг», — загъта Сергей Аксенов.

Уыцы бон ма Джуссойты Константин æмæ йæ хæдивæг Тадтаты Дзамболат фембæлдысты Республикæ Хъырымы министрты советы сæрдары хæдивæг — Республикæ Хъырымы Финансты министр Иринæ Кивико, Республикæ Хъырымы министрты советы сæрдары хæдивæг — УФ-йы Президенты цур Хъырымы Республикæйы Æдзухон минæвар Георги Мурадовимæ.