Куадзæнæй авд къуыри раздæр райдайы мархо. Уый ацы аз æрхауд марты мæйы райдианмæ. Куадзæн та нысан æрцæудзæн 28-æм апрелы.

Мархойæн йæ нысан уыд уд сыгъдæг кæнын. Хуыцауы сконд адæймагыл йæхи чи нымадта, уый-иу æнæмæнгæй авд къуыри дардта мархо. Хуыцауæн табу кæнын та нысан кæны, фыццаджыдæр, Хуыцауы уарзын æмæ а-дунейыл хорздзинæдтæ тауын. Аргъуан куыд амоны, афтæмæй хъæуы хи бахизын иуæй-иу хæринæгтæй. Мархо дарын æнцон нæу. Фыццаг уал уымæн, æмæ адæймаджы организм ахуыр у фыдызгъæл æмæ сой хæринæгтыл. Уыдон кæд æндæр продукттæй фæивæн ис, уæддæр алы хæринаджы дæр ис ахæм витаминтæ, кæцыты иннæтæй нæ баив-дзынæ. Уымæ гæсгæ адæймаджы организм фæдомы, сæрмагондæй цы витаминтæй цух у, уыдон. Фехæлы йе ‘нцойад æмæ бандавы зæрдæйы уагыл, иумиагæй адæймагыл. Уымæ гæсгæ мархо дарынмæ цæттæ куынæ уат, уæд æй даргæ дæр ма хъуамæ кæнат. Ныртæккæ бирæтæ райдыдтой мархо дарын, йæ нысаниуæг ын кæронмæ не ‘мбарынц афтæмæй.  Иуæй-иутæ мархо диетæимæ хæццæ кæнынц, кæннод та сæм модæ кæсы. Хицæн адæймæгтæн та мархо комкоммæдæр баст у æхца бакусынимæ… Уый фылдæр хауы хæрæндæттæ æмæ ресторанты хицæуттæм.

Фæлæ хъуамæ марходарæг зона мархойы рæстæджы адджинæгты баивын хъæуы мыдæй. Кæсаг хæрын æмбæлы æрмæстдæр Зазхæссæн бон. Уымæй дæр – доны фыхæй кæнæ та хусæй. Нозтæй æмбæлы æрмæст бæгæны нуазын. Фæлæ уый дæр æрвылбон нæ. Нуазын дзы хъæуы цъус, уый дæр Хуыцаубоны. Цалынмæ мархо дарын нæ райдайа адæймаг, уæдмæ дæр бæрæг ритуал аразын хъæуы.

Мархойæн йæ иууыл карздæр фæстаг къуыри у. Уæд тынгдæр хъахъхъæнын хъæуы хи, канд хæрдæй нæ, фæлæ алыгъуызон æвзæрдзинæдтæй дæр. Ком суадзынц Куадзæны бон, хуры фыццаг тынты фæзынды размæ. Раздæр-иу Куадзæны размæ ‘хсæв скодтой гуыл, сфыхтой рæв-дуæттæ, сæ хæдзары цы нæлгоймæгтæ уыдис, уыдон нывæрзæн-иу сæ сæвæрдтой. Райсом раджы чындзытæ цыдысты донмæ æмæ йæ æнæдзургæйæ хастой хæдзармæ, цæмæй æфсин скæна бæрæгбонон хыссæ. Æфсин ссадыл дзуарæвæрæдæй сабыргай куывта: «Уæ, доны бардуæгтæ æмæ цытджын Куадзæн, ацы хæдзарыл байтаут дунейы хорздзинæдтæ æмæ хуыздæр сахат дон чи систа, уыдонимæ мах дæр барут. Уæ, сыгъдæг Куадзæн, нæ кæрдзынтæ дын æхсызгон уæд. Уæ, Чырысти! Адæм иууылдæр дæ дзæнæтмæ бæллынц, курæг дæ дæн, нæ мæгуыр сылгоймæгтæн дæ дзæнæты хай ма бавгъау кæн». Уый фæстæ-иу хистæрмæ бакодтой нывонд уæрыкк æмæ йæ сæрмагонд нывондгæнæн ныхæсты фæстæ æргæвстой. Уæливыхтæ æмæ-иу фыдызгъæл куы сцæттæ сты, уæд-иу бинонты хистæр фынджы уæлхъус скуывта: «О, Чырысти! Курæм дæ, дæ дзæнæты нын бынат скæн, фæтæригъæд нын кæн. Дзурынц, зæгъгæ, ацы мæнг дунейы дæ номыл ком чи дардта, уыцы удтæн æцæг дунейы ды саккаг кæныс дæ дзæнæты бынат. Зоныс æй, мæ мæгуыр бинонтæ иууылдæр, суанг ма дзидзидай сабитæ дæр, дæ кадæн дардтой ком æмæ дын нæ комдард барст фæуæд, нæ мыггаджы нырыккон æмæ фидæны фæлтæртæн дæ дзæнæтæй бахай кæн».

Уый фæстæ, Куадзæны бон адæм цы-дысты кæрæдзимæ, æрбацæуæгæн лæ-вæрдтой фых рæвдуан, уый йæ хъуамæ бахордтаид æмæ загътаид: «Чырысти! Мæ комы дард дын барст фæуæд», зæгъгæ.

Марходарæн къуыриты цытæн нæ респуб-ликæйы территорийыл цы Кувæндæттæ ис, уым цæуынц бакуывдтытæ.

Æрмæг бацæттæ кодта

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.