Генийы зонд фӕйнӕрдӕм фенхъӕвзы ӕмӕ дзы алы хатт дӕр хъарм кӕны, ӕввахс ӕм чи ӕрбалӕууы, уыдоны ӕмӕ сын рухс фӕндагмӕ амонӕг свӕййы. Ахӕм куырыхон ӕмӕ ныфсхаст, йӕ раттӕг адӕмы уарзон хъӕбулӕй расгуыхт Иры дзыллӕйӕн Хетӕгкаты Къоста. Къоста алыварсон курдиаты хицау уыд ӕмӕ ӕппӕт йе ‘мбаргӕ цард снывонд кодта амондджын сомбонӕн, наци цӕмӕй ӕндӕр раззагдӕр адӕмты ӕмрӕнхъ ныфсджынӕй цӕуа, уый тыххӕй нын ныууагъта литературон ӕвзаг ӕмӕ хӕдбындур сфӕлдыстадон бынтӕ. Уыдон фаг сты, цӕмӕй йын йӕ иубӕстон адӕм хорзӕн мысой йӕ ном, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый афтӕ дӕр у ӕмӕ йӕ хонгӕ дӕр уымӕн кӕнынц Иры тырыса.

Хетӕджы фырты амынд фӕндаг суинаг фӕлтӕртӕ сӕхицӕн кӕй равзӕрстой, уый нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, йӕ амындтӕ йын кӕй ӕххӕст кӕ-нынц, абоны кӕстӕрты арӕхст-дзинадмӕ куы бакӕсӕм, йӕ зондамонӕн ныхӕстӕ сӕ куы рантысынц, уӕд. Афтӕ уыд ӕрӕджы, Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъолайы поэты райгуырды 160 азы юбилей цытджын ӕгъдауӕй куы нысан кодтой, уӕддӕр. Скъоладзау кӕстӕрӕн йӕ хӕс у хъомылгӕнӕгмӕ хъусын, цы йын амона, уый ӕххӕст кӕнын. Уымӕн ӕвдисӕн сты, скъолайы цы нывгӕнӕн студи байгом, уыцы студийы ахуырдзауты ны-мӕц азӕй азмӕ кӕй фылдӕр кӕны, стӕй се ‘взыгъддзинад дӕр рӕстӕджы цыдимӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ кӕй хизы. Уый та сӕ къухты ӕфты нӕ республикӕйы адӕмон нывгӕнӕг Гӕбӕраты Барис, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберт ӕмӕ ӕвзонг нывгӕнӕг Зӕгъойты Егнаты иу-зӕрдион куысты руаджы. Бӕрӕгбон уадзӕн бынаты сӕрыстырӕй фӕлгӕсы юбиляры портрет, къултыл ахуыргӕнинӕгты конд нывтӕ. Уӕлдай тынгдӕр адӕймаджы цӕстытӕ сæхимæ здахынц, Къоста ӕмӕ Тугъанты Махарбеджы конд нывты халдихтӕ, кæцыты ӕрыгон нывгӕнджытӕ рахастой адæмы рæгъмæ. Уыдон та сты «Донхӕссӕг», «Хъынцъымгӕнӕг зӕд», «Ӕрдзон хид», «Дурсӕттӕг сабитӕ», «Халон ӕмӕ рувас», «Ӕрра фыййау», «Лӕскдзӕрӕн» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, ацы ахуырдзаутӕй сӕ иутӕ нывгӕнӕджы арфӕйаг дæсныйадыл кӕй ӕрлӕудзысты. Уый та у, поэт цӕмӕ бӕллыд, уымӕн ӕвдисӕн. Мадзаламонджытӕ Бӕззаты Аланӕ ӕмӕ Тыджыты Аланӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты зонгӕ кодтой поэты стыр ахадындзинад ӕмӕ йе сфӕлдыстадимӕ. Мадзалы чидӕриддӕр архайдта, уыдон се ппӕт дӕр тынг разӕнгард ӕмӕ аивадон алыгъуызон гӕ-нӕнтӕй пайда кодтой арӕхстджынӕй, ӕвдыстой Къостайы поэзимӕ ӕгӕрон уарзондзинад ӕмӕ ӕрӕмбырдуӕвджытыл ныууагътой хорз тӕлмӕнтӕ. Бӕззаты Сӕрмӕт ӕмӕ Хуыбиаты Дауыт аив радзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ «Ныстуан» ӕмӕ «Ӕнӕ хай». «Мӕгуыры зарӕг» кӕсы ӕрыгон скъоладзау ӕмӕ йӕ цӕстытыл уайынц хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр адӕмы царды нывтӕ. Иутӕ алцӕмӕй дӕр сты ӕххӕст, фӕлӕ мӕгуыртӕ та ахӕм хӕрзиуджытӕй не сты хайджын, сӕ сывӕллӕттӕ кӕуынц уазал лӕгӕтты. «А-лол-лай»-ы та ныййарӕг мад (сӕххӕст ӕй кодта Тыджыты Аланӕ) авдӕн-мӕ йӕ чысыл сабийӕн зарджытӕ кӕны, цӕмӕй стыр лӕг суа, искуы суа йӕ дарӕг…

Зӕрдӕмӕдзӕугӕ, арф ӕнкъарӕнтӕ равдыста  ныййарӕг мады роль ӕххӕстгӕнӕг Джиоты Дианӕ дӕр «Сидзӕргӕс»-ы инсценировкӕйы.  Ахуыргӕнинӕгтӕ Тегкаты Радим, Джиоты Миланӕ, Джергаты Альбинӕ, Тыджыты Миланӕ, Мӕлдзыгаты Эдуард та аив бакастысты Къостайы фыст ӕмдзӕвгӕтӕ «Марходарӕг», «Уайдзӕф», «Ӕнӕ фыййау», «Ракӕс», «Мӕгуыры зӕрдӕ». Зӕрдӕмӕдзӕугӕ уыд, Козаты Руслан ӕмӕ Джиоты Дианӕ цы хъӕлдзӕг инсценировкӕ равдыстой, уый дӕр. Зарӕггӕнджыты ӕмӕ кафджыты къордтӕ та сӕ ахуыргӕнӕг Къӕбысты Сӕрмӕты разамындӕй сӕххӕст кодтой «Ирыстон», «Ӕхсины лӕг», «Балцы зарӕг», «Симд» ӕмӕ «Хонгӕ кафт». Юбилейон мадзал бацӕттӕ кӕныныл хъӕппӕрисон куыст бакодтой скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ Плиты Заирӕ ӕмӕ Хъуылымбегты Маринӕ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.