Фæззæджы тæмæны, æрдз йæхи алыгъуызон ахорæнтæй куы сфæлындзы æмæ йæ диссаджы рæсугъд хуыз куы райсы, раст уыцы рæстæджы ирон дзыллæ фæнысан кæнынц ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, стыр поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, нывгæнæг æмæ йæ радтæг адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырæн бон. Къостайыл ацы аз 15-æм октябры сæххæст ис 160 азы æмæ йæ æгас Ирыстоны дæр банысан кодтой уæрæхæй. Уыимæ ма, нæ республикæйы Президенты барамындмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны 2019-æм аз ра-сидт æрцыдис Къостайы азæй. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уагъд æрцыдысты æмæ цæуынц бирæ алыгъуызон мадзæлттæ.

 Иу ахæм цымыдисон мадзал уагъд æрцыд 14-æм октябры Дзауы районы Санахъоты Гришикы номыл скъола-интернаты дæр. Бæрæгбонон мадзал уагъд кæм цыдис, уыцы актон зал уыдис бæрæгбонвæлыст. Къулыл конд уыдис Къостайы портрет æмæ йæхæдæг кæй сныв кодта, уыцы нывтæ, йе ‘мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ. Юбилейон мадзал бацæттæ кодтой скъолайы хистæркъласонтæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Гасситы Ильнæ æмæ Цхуырбаты Риммæйы разамындæй. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ.

Бæрæгбонон мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Гасситы чызг. Уый, сæрмагондæй æрдзырдта Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, ирон адæмæн цы стыр бынтæ ныууагъта æмæ æнусон кæй у йæ ном, уый фæдыл.

 «Къостайæн йе сфæлдыстад, йæ аив ныхас – сты æнусон, нæй сын рохгæнæн, нæй сын мæлæт. Хетæгкаты Къоста махæн у иууыл стырдæр сфæлдыстадон стъалы, хæссы нын боны æмæ царды фарн. Йæ зарæг махæн у царды хур, уый нын рухс кæны нæ зонд æмæ нæ зæрдæтæ. Уый нын амоны рæстдзинад æмæ сæрибарыл тох кæнын. «Ирон фæндыр» та нын бауарзын кодта поэзи æмæ нæ мадæлон æвзаг. Уарзон нын сты йæ диссаджы æмдзæвгæтæ, кæцытæй райдайæм нæ ахуыр скъолайы», – ахæм уыд раныхасгæнæг скъоладзауты хъуыды.

Ирыстон йæ историйы бирæ зындзинæдты бахауд. Йæ адæмы бартыл, йæ адæмы сæрыл æргом чи сдзырдта уæндонæй, ахæм лæгæй басгуыхт Хетæджы-фырт. Йæ амынд фæндагыл æнгомдæр æмæ уарзонæй кæй хъуа-мæ цæуæм, уый абоны боны дæр не ‘хсæнады царды у актуалон. Къоста йæ «Балцы зарæг»-ы сиды рæсугъд, рухс цардмæ æмæ йæ скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр сæххæст кодтой хæларæй, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ. Сывæллæттæн Къостайы сфæлдыстад тынг цæуы сæ зæрдæмæ, уыдон æй ахуыр кæнынц зæрдæргъæвдæй фыццаг къласæй фæстæмæ. Къостайæн йæ уацмыстæ зæрдæмæхъаргæ кæй сты æмæ сын хъомыладон нысаниуæг кæй ис, уый тыххæй скъоладзаутæ сæхи бацæттæ кодтой тынг хорз. Уыдон инсценировкæты хуызы кастысты æмæ æвдыстой поэты баснитæй «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Ахуыр».

Уæлдай цымыдисондæр рауад «Сидзæргæс»-æй цы инсценировкæ равдыстой, уый. Мады роль сæххæст кодта Цхуырбаты Миленæ æмæ ныхæстæ та бакаст Туаты Роксанæ.

Къостайы райгуырды боны цытæн ма ахуыргæ-нинæгтæ æнæкæсгæйæ дзырдтой, ирон фысджытæй Къостайы тыххæй цы номарæн æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон. Ахуыргæнинæгтæ Санахъоты Артур, Тыджыты Давид, Цхуырбаты Миленæ, Туаты Роксанæ аив сæххæст кодтой ирон кафт «Хонгæ». Мадзалы ма зæлыдысты стыр поэты уацмыстыл фыст зарджытæ дæр, уыдонæй цалдæр сæххæст кодта Гаглойты Владислав.

Мадзал цымыдисон кæй рауад, уый тыххæй скъоладзаутæн бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы директор Галуанты Залинæ. Уый æрсидт скъоладзау фæсивæдмæ, цæмæй фылдæр кæсой Къостайы, ирон фысджыты æмæ сын серьезонæй ахуыр кæной се сфæлдыстад.

ЦХУЫРБАТЫ  Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.