Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 163 азы сæххæсты цытæн горæт Къуайсайы генийæн цытджын æгъдауæй байгом цырт. Къуыдаргомы цæрджытæн Къостайы цырт балæвар кодта меценат, æхсæнадон архайæг, горæт Дзæуджыхъæуы ветеранты горæтон советы сæрдар, Ирыстоны æхсæннацион æмæ æддагон бастдзинæдты рæзтæн æмархайды фонды сæрдар Лалыты Лев Герасимы фырт.

Бæрæгбон уазджытæй фидауы æмæ 15-æм октябры Къуайса хъæздыг уыд цытджын уазджытæй. Цырт официалонæй байгом кæныны церемонимæ æрбамбырд сты горæт Къуайса æмæ æввахс хъæуты цæрджытæ, уазджытæ Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалæй. Сæрмагондæй Лалыты Левимæ Дзæуджыхъæуæй æрцыдысты Къадзаты Станислав, Зассеты Болат æмæ æндæртæ. Мадзалмæ æрбацыдысты фысджытæ Чехойты Оля, Годжыцаты Нелли, Туаты Ленæ æмæ Хъæцмæзты Азæ

Цырт байгом кодтой горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан æмæ Лалыты Лев. «Ацы бюст нын балæвар кодта æртæ азы размæ, фæлæ, хъыгагæн, уæд æвæрд не ’рцыд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Æмæ ныр дæс боны размæ райдыдтам цыртæн йæ бынат схæрзарæзт кæныны куыстытæ Хетæгкаты Къостайы уынджы рахицæнгонд бынаты Культурæйы хæдзары цур. Лалыты Лев у æцæг ирон лæг, йæ радтæг адæмы аккаг фырт. Уый кæд стыр зындзинæдтæ бавзæрста йæ царды, уæддæр йæхимæ ссардта уыйбæрц тыхтæ æмæ абон æххуыс кæны æххуысхъуаг адæмæн. Аразы алыгъуызон хæрзаудæн акцитæ. Ноджыдæр дын стыр бузныг зæгъын Къуыдаргомы цæрджыты номæй. Дæ лæггæдтæ дын никуы ферох кæндзысты де ’мтуг ирон адæм», — загъта Хуыгаты Алан.

Лалыты Левæн йæ раныхасы рæстæджы фылдæр хъусдард здæхт уыд ахуырдзаутæм. «Къоста! Иры цырагъдар, æфхæрд дзыллæты сæрхъуызой, сидзæрты рæвдауæг, адæмты хæлардзинадыл зарæггæнæг. Къостайы ном алы адæймагæн дæр у тырысайау. Уый нæ хоны ахуырады бæрзæндтæм, рæсугъд фидæнмæ, хæлардзинадмæ», — дзырдта Лалыты Лев. Уый бафæдзæхста скъоладзауты, цæмæй ахуыр кæной хорз, æмæ Ирыстонæн аккаг фырттæ æмæ чызджытæй басгуыхой. Загъта, зæгъгæ, сымахæй аразгæ у Ирыстоны сомбон æмæ хъуамæ уат хæрзæгъдау æмæ ахуыргонд. Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Суликъо дæр скъоладзаутæн загъта зондамонæн ныхæстæ.

Мадзал хъуамæ кæронмæ уагъд æрцыдаид цырты цур, фæлæ къæвда кæй райдыдта, уымæ гæсгæ йæ адарддæр кодтой Къуайсайы Культурæйы хæдзары. Къуайсайы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Зассеты Федосия æрдзырдта Лалыты Левы цардвæндагыл: «Лалыйы фыртыл кæд цалдæр азы размæ стыр бæллæх æрцыд æмæ цæрæнбонтæм инвалидæй баззад, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, йæ зæрдæмæ нæ ныхъуыста, фæлæ йæхимæ уыйас тыхтæ æмæ хъарутæ ссардта, цæмæй дарддæр цæра æмæ стыр пайдатæ хæсса æхсæнадæн, тыхст адæмæн. Йæ алы къахдзæфæй дæр тауы хæлардзинад йæ хæдзары, уынджы, æмткæй Ирыстоны. Алкæцы фæрæзджын адæймаг нæ цæуы сывæллæтты, зæрæдты хæдзæрттæм исты æххуыс сын бакæныны сæраппонд. Фæлæ Лалыйы фырт стыр æххуыс кæны æххуысхъуаг бинонтæн, сидзæр сывæллæттæн. Уый йæ цард нал уыны æнæ хæрзаудæн архайдæй. Лев цы хæрзаудæн акцитæ сарæзта, уыдон зын банымайæн сты, уымæн æмæ тынг бирæ сты». Лалыйы фырты царды хабæрттæм хъусгæйæ, мадзалмæ æрбацæуджытæй бирæты рустыл æруадысты цæссыгтæ. Алчи нæ зыдта уый цы стыр фыдæбæтты, фыдæвзарæнты бахаудта, уыдæтты тыххæй.

«Къоста махæн нæ цырагъ у, нæ фæтæг, нæ зонды цыртдзæвæн. Мах иууылдæр Къостайы æмдзæвгæтыл схъомыл стæм. Абоны фæлтæртæ дæр хъомыл кæнынц генцийы æмдзæвгæтыл», — банысан кодта РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Мамиты Григори.

Мадзалы ма раныхас кодтой Къадзаты Станислав, Зассеты Болат æмæ æндæртæ.

Къостайы райгуырæн бонмæ Къуайсайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ ирон æвзаджы ахуыргæнджытимæ бацæттæ кодтой цымдыисон мадзал.

Лалыты Лев скъоладзаутæн йемæ æрласта лæвæрттæ — чингуытæ, ручкæтæ, афтæ ма сын Зассеты Болат æмæ Къадзаты Станислав дæр балæвар кодтой чингуытæ æмæ къæлиндартæ.

Лалыты Левæн дæр бакодтой зæрдылдарæн лæвар — Къостайы ныв, кæцыйы сныв кодта Культурæйы хæдзары директор Зассеты Фатимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Лалыты Лев йæхи сæрмагонд финансон фæрæзтæй Къостайы цыртытæ кæй сæвæрдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны — Дзау æмæ Знауыры районты, Дзæуджыхъæуы, Уæллаг Фиагдоны, Зилгæйы æмæ афтæ дарддæр.

«Мæ бæллиц æмæ нысан сты, цæмæй Хетæгкаты Къостайы цыртытæ æвæрд æрцæуой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны бирæ æндæр хъæуты дæр. Ахæм мадзæлтты фæрцы рæзын кæнæм фæсивæды монон хъомылад. Уыдон хъуамæ зоной Ирыстоны стыр гоймæгты тыххæй», — фæзæгъы Лалыты Лев.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.