Цæры æмæ бонæй бон тынгдæр нæры Къостайы ном Иры хæхты, нæ тыгъд быдырты, алы ирон хæдзары. Къоста уыдис ирон адæмы Хур, куырыхон æмæ Нæртон лæг, национ æмæ интернационалон культурæ аразæг. Октябры мæй хонæм Къостайы мæй, алы аз дæр ыл æмбæлæм цингæнгæ, хъазгæ æмæ райгæ.

Номы лæг уыд Къоста. Йæ царды бонты йæ уд, йæ дзæцц уыд адæмты ‘хсæн хæлардзинад, уарзондзинад æмæ рæстдзинад тауын. Дзæвгар адæмтимæ уыд зонгæ канд Кавказы нæ, фæлæ ма Уырыс, Украинæ, Беларусь, Астæуккаг Ази æмæ æнд. бæстæты минæвæрттæй бирæтимæ дæр. Уыдонæй иу у йæ хæрз æрвад, Цмийаг, Хетæгкаты Андухъапар.

Къостайыл дзургæйæ, нæй Андухъапары иувæрсты ахизын. Сæ дыууæ дæр Нары Зылды Хетæгкатæй уыдысты. Бынæттон легендæты бындурыл æнцойгæнгæйæ, Андухъапар афтæ фыссы: «Хетæгæн уыд дыууæ фырты — Джиуæрджи æмæ Гаджи. Уыдонæй рацыд нæ мыггаджы дыууæ къабазы. Алы къабазæн дæр дзы ис бирæ къалиутæ. Къоста у Джиуæрджийы къабазæй æмæ йæ фыды фыд уыд Хетæгкатæ-Асатæй, æз та дæн Гаджийы къабазæй æмæ нæ фыды фыд уыд Хетæгкатæ-Гуыбатæй».

Легендæ у легендæ, уый баззайы легендæйæ, фæлæ легендæ æнæбындур нæ вæййы. Андухъапары ныхæсты бæлвырдæй зыны, кæй сты дыууæ æфсымæры цот сæ равзæрдмæ гæсгæ.

Къоста æмæ Андухъапар зонгæ уыдысты сабион бонтæй фæстæмæ. Цымыдисаг у, Андухъапар Къостайы райгуырды тыххæй цы хабар ракодта, уый дæр: «Мæ зæрдыл ма лæууы, йæ мады фæзианы фæстæ Къостайы дзидзидайæ æрхастой махмæ, Цымимæ, æмæ Цымийы цæрджытæ йæ тæригъæдæй аххытæ æмæ оххытæ кодтой. Уый фæстæ сывæллоны хæссынмæ айста сæ хæстæджытæй иу ус (æнхъæлдæн Плитæй уыди, Хæмæты идæдз). (Фиппаинаг! Мæнæн Туаты Дауыт, (нæ драматург) дзырдта, зæгъгæ, Къостайы хъомыл кæнынмæ райста Чендзе — мæ фыд Афæхъойы хо. 1960 азтæй фæстæмæ æз дæр Чендзейы хонын Туайон. О, фæлæ Андухъапары хъуыды æппаринаг нæу, чизоны уый растдæр у, стæй тæригъæддаг хъуыддаг у, Плионы лæггæдтæ æндæр сылгоймагæн куы схай кæнæм, уæд.

Цыми æмæ Нар кæрæдзимæ æввахс сты. Æниу Хетæгкаты Хъазбег афтæ дзуры абон дæр: Музей кæм ис, уым нæ райгуырд Къоста, Къоста райгуырд Цмийы».

Андухъапар райгуырд Цмийы 1855 азы. Къостайæ уыд 4 азы хистæр. Сæ иумæйаг царды фæндæгтæ сты ахæмтæ: Иумæ ахуыр кодтой нырма Дзæуджыхъæуы прогимназы, стæй та Ставрополы гимназы. Ставрополы бонты тыххæй Андухъапар фыссы: «Æз бирæ уарзтон Къостайы, фæлæ йæм, раст зæгъын хъæуы, тынг хæцыдтæн, зивæг кæй кодта æмæ æнæмæт кæй уыд, уый тыххæй».

Йæ хæларзæрдæйы руаджы йæ бирæ уарзтой гимназисттæ дæр. Андухъапар раздæр ацыд Петербургмæ ахуырмæ. Бацыд медицинон академимæ, фæстæдæр Петербургмæ ацыд Къоста дæр. Уый та бацыд нывгæнæн академимæ. Ам дæр та сæ сиу кодта сæ хъысмæт.

Кæд Андухъапар дæр царды уавæртæй ифтонг нæ уыд, уæддæр йе ‘ххуысы хай кодта Къостайæн кæддæриддæр.

Хетæгкаты Андухъапар йæ ахуыры фæстæ райдыдта дохтырæй кусын Петербурджы рынчындæттæй иуы.

Фыццаг рæстæджыты йын мызд дæр нæ фыстой, стæй йын цы 50 сомы снысан кодтой, уыдонæй капекк-капеккыл æвæрдта, цæмæй йæ ныййарджытæн истæмæй аххуыс кодтаид.

Уыцы чысыл улупайы тыххæй фыссы: «1884 азы фæззæджы æрцыд, академи, дам, уадзын, нæхимæ цæмæй ацæуон, уый, дам, мын нæй, æмæ йын æз ме ‘хцатæ радтон. Уый ныфс уыд, стипенди йын ногæй кæй снысан кæндзысты æмæ академийы ногæй ахуыр кæнын кæй райдайдзæн. Фæлæ уый Петербургмæ нал æрыздæхт æмæ дзы цасдæр рæстæгмæ бæрæг дзырд нал фехъуыстон».

Къоста æмæ Андухъапар ногæй сæмбæлдысты 1896 азы. Къоста уæд архайдта газет «Северный Кавказ» балхæныныл. Фыссы та Андухъапар: «Уыцы дуджы мæнæн мæ бон нæ уыд йæ курдиат сæххæст кæнын, фæлæ йын зæрдæ бавæрдтон, афæдзы фæстæ йын мин сомы кæй ратдзынæн».

Газет балхæныны хъуыддаджы Къоста ныфс æвæрдта йе ’мбæлттæй, Иры интеллигенцийæ, фæлæ Андухъапары загъдау, фыдæнхъæл фæцис. Къостайы ма æрфæндыд Ставрополы нывгæнæн æрмадз бакæнын дæр. Андухъапар уый тыххæй фыссы, зæгъгæ, 1897 азы йын бирæ баххуыс кодтон æхцайæ, æрмадзæн цы хъуыд, уыдон ын балхæдтон иууылдæр.

Фæхицæн та сæ цард, Къоста æрыздæхт Ставрополмæ, Андухъапар та ацыд фæсарæнтæм цыппар мæйы æмгъуыдмæ. Андухъапар архайдта, цæмæй Къоста йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд рауадза мыхуыры. «Уый тыххæй йын посты арвыстон 100 сомы» — фыссы Андухъапар.

Къостайыл стых ис стджыты туберкулез. Фыццаг хатт ын операци скодтой Ставрополы. Уый тыххæй Андухъапар фыссы: «Ставрополы йын операци скодтой, уый тынг хорз нæ рауад. Петербурджы йæ æз схуыссын кодтон Александры рынчындоны æмæ йын февралы мæйы хирург Потецкий бæстон операци скодта, æз дæр уæд уым уыдтæн».

Йæ уавæры тыххæй Андухъапар йæ мысинæгты зæгъы, зæгъгæ, фæхуыссыд дзы 7 мæйы. Куы рацыд, уæд, дам, мæ тыхтæ радтон, цæмæй Къоста хорз хæрды руаджы слæууа йæ къæхтыл.

1898 азы та фæхицæн сты рæстæгмæ. Къоста ацыд Ставрополмæ, Андухъапар та сæхимæ, Цымимæ.

Ногæй та сæ бастдзинад райдыдта 1899 азæй.

Къостайæ райста телеграмма: «Æрвитынц мæ Курскы губернимæ. Цы бакæнон?».

Андухъапар æрцæуын кодта Къостайы Петербургмæ. Кæддæр Андухъапар операци кæмæн скодта, уыцы пациент Н. П. Мансуров уæд уыд Паддзахадон Советы уæнг. Барвыста йæ Галицынмæ. Галицын Кахановы тæрхон аивта, Курскы бæсты Къоста æрвыст æрцыд Херсонмæ.

Къостаимæ Андухъапар ногæй сæмбæлд 1900 азы. Сæхимæ, Цымимæ цæугæйæ, фембæлд Къостайыл Владикавказы. Фыссы уыцы фембæлды тыххæй дæр: «Каханов уæд Терчы областы нал куыста, Къоста æрыздæхт хæстæй æмæ йын уыд хъæлдзæг хуыз».

Йæ фæстаг фембæлд Къостаимæ уыд 1902 азы. «1902 азы æз ногæй цыдтæн нæхимæ, Владикавказмæ æмæ та федтон Къостайы, йæ нервтæ тынг рыстысты æмæ йæ бон рæстмæ дзурын нал уыд. Уый уыд нæ фæстаг фембæлд».

Къоста йæхæдæг дæр æнувыд уыд Андухъапарыл, сæ фембæлдтыты-иу йæ цинæн кæрон нал уыд. Андухъапары царды фæндæгтæм йæ хъус кæддæриддæр дардта, йе ‘нтыстытыл ын рад алы хатт дæр.

Зæгъæм, 1844 азы Андухъапар райдыдта кусын Петербурджы Боткины номыл рынчындоны, нырма ассистентæй, стæй ординаторæй, фæстæдæр та хайады сæргълæууæгæй. Уыдæттæ базонгæйæ ма Къостайы цинæн кæрон кæм уыдис. Йæ зæрдæйы рухсы тынтæ уайтагъд фæхæццæ кодта Цæллыккаты Юлианамæ: «Хотел вам послать вырезку из газеты „Новости“ о назначении Андука-пара главным врачом той же больницы, где он служил главным ординатором — да затерял ее. В этом назначении осуществилась его последняя цель пребывания в Петербурге. Это место занимали опытные профессора — вот какой молодчага».

Къостайау Андухъапар дæр йæ царды бонтæ иунæгæй кæй тыдта, ууыл тынг тыхст Къоста. Йæхимидæг ын агуырдта цардæмбал дæр æмæ йæ цæст схæцыд æрыдойнаг Гайаты Иналыхъы чызг Надеждæйыл. Разы уыд Андухъапар дæр, фæлæ куы базыдта, ирæд фидын æй хъæуы, уæд йæ къух ауыгъта, афардæг Петербургмæ, уым йæ цард сиу кодта ахуыргæнæг Мария Сколоваимæ. Зæнæг сын рацыд 4 сывæллоны. Секъайы загъдау: «Зæнæгæй æфсæст», фæлæ сæ царды фæндæгтæ нывыл нæ ацыдысты.

Хистæр фырт Джиуæр каст фæцис гимназ, байсæфт Днепры йæхи найгæйæ. Дыккаг лæппу Леуан каст фæцис Ленинграды гимназ, ссис Университеты студент, бахауд 1942 азы Ленинграды блокадæйы æмæ æуым бабын йæ лæппуимæ. Чызджытæй иу Фаризæт — амард йæ фыды рынчындоны дифтерийæ. Иннæ чызг Серафимæ скъолайы фæс-тæ каст фæцис Ленинграды мединститут. Фæкуыста дохтырæй 39 азы.

Андухъапарæн йæ цардæмбал амард 1929 азы. Зæнæджы фыдæбон фылдæр йæхимæ æрхауд, кæд ма дыккаг бинойнаг æркодта, уæддæр.

Хæсты хæдагъонмæ Андухъапарыл цыд 81 азы. Фæстаг цæрæн бынат ын уыд Белорусийы, фæлæ абон мах нæ зонæм, цæуыл фæцис йæ царды фæстаг рæстæг, уый.

Андухъапар йæ рæстæджы зынгæ æмæ арæхстджын дохтыр кæй уыд Ленинграды, уый бæлвырд у алыгъуызон æрмæджытæй, Къостайы уацхъуыдытæй. Хъыгагæн, нæ къухы нæма сты, нæ номдзыд дохтыр куыд ссис, нырма медицинон зонæдты кондидат, стæй та медицинон зонæдты дохтыр, уыцы гæххæттытæ.

Хетæджы фырт Андухъапар Ирæттæй фыццаг Медицинон зонæдты дохтыр кæй у, уый бæлвырд у æмæ дзы абоны-бон алы ирон дæр сæрыстыр у.

Сæрыстыр стæм уымæй дæр, кæй уыдысты Къостаимæ иу туг, иу стæгæй, Къостайы царды егъау хайбавæрд кæй ис Андухъапарæн.

Зæгъæн ис фидарæй, Къоста цы 47 азы фæцард, уыдоны фылдæр хай дæр Андухъапары фæрцы кæй уыд. Фервæзын æй кодтам Курскы зындойнаг уавæрæй, скæнын ын кодта уæззау операци, йæ алы тыхсты йыл хардз кодта йæ мæгуыр капеччытæ, фæдисонау кæддæриддæр уыдис Къостайы уæлхъус.

Къостайы руаджы мах бирæ диссаджы адæймæгтимæ базонгæ стæм. Уыдоны куырыхондæртæй иу у Андухъапар. Йæ райгуырдыл æххæст кæны 167 азы. Номы лæг уыд Хетæгкатæн дæр, Ирæн дæр, æмæ уадз æмæ нæ абоны фæлтæр зоной сæ хæрзгæнджыты, уæлдайдæр та Къостайæн хорз чи уыд, уыдоны.

Плиты Гацыр,
Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.