Къостайыхъæуккæгтæ сæрыстыр сты, сæ хъæуы номхæссæг Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон ам кæй банысан кæнынц, уымæй. Æмæ йæм æрвылхатт дæр сæхи æмбæлон æгъдауыл бацæттæ кæнынц, афтæмæй парахат зæрдæйæ сæмбæлынц сæ уазджытыл.

Фæззыгон хурæн кæд йæ тых бирæбæрцæй саст у, уæддæр йæ хъармдзинад æрвыста Къостайыхъæуы йæ цырт æмæ хæдзар-музей кæм арæзт сты, уырдæм æмæ ардæм æрцæуджытæн сæ зæрдæйы равг ноджы бæрзонддæр кодта.

Къостайыхъæу Цхинвалы районмæ кæй хауы, уымæ гæсгæ æрвылаз дæр ацы мадзал сорганизаци кæны Цхинвалы районы администраци. Сæрмагондæй та йæ бацæттæ кодтой районы ахуыры хайады сæргълæууæг Козаты Олег æмæ культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик. Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацыдысты районы алминистрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал, районы ахуырады методисттæ, фыссæг Наниты Асиат, поэт, Къостайы премийы лауреат Чехойты Оля, поэт Хъæцмæзты Азæ, районы скъолаты мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ, сæ ахуыргæнинæгтимæ æмæ Къостайы поэзийæн табугæнджытæ.

Бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытæ Къостайы цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ æмæ уый фæстæ бæрæгбонон митинг æрбайгом. Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл æрдзырдта Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Джиоты Миланæ.

Бæрæгбонон мадзалы йæ раныхасы Чехойты Оля дæр загъта, зæгъгæ, ацы бæрæгбон банысан кæнын ахсджиаг у. Уымæн æмæ нæ адæм, сæ цард аразгæйæ, æдзух æнцой кæнынц Къостайыл. Уый ссис социалон рæстдзинад æмæ национ æндидзынады символ. Ирон адæм цъус сты, фæлæ сæ дуне базыдта Къостайы руаджы. Алы адæмæн дæр йæ царды историйы вæййы зын дугтæ. Ахæм зын дуджы цард Къоста дæр. Уый хуызæн ничи бамбæрста йæ адæмы зын уавæр. Уыд сабырад æмæ сæрибары сæрыл зарæггæнæг. Æрбиноныг кодта национ идейайы хъуыды. Æфсымæрдзинадмæ, рæстдзинадмæ, рухсдзинадмæ сиды абон дæр Къоста. Йæ раныхасы ма Чехойты Оля банысан кодта, Къоста кæй уыд Кавказ æмæ Уæрæсейы поэт дæр. Уый зарыд мæгуыр фæллойгæнæг адæмыл, стыр кад кодта ирон адæмы интеллигенцийы минæвæрттæн. Уый йе сфæлдыстады равдыста хохаг адæм кæй бахъахъхъæдтой сæ сæрыстырдзинад, сæ намыс, сæрибармæ сæ тырнындзинад. Адæм ын йе стыр уарзтæн дзуапп лæвæрдтой сæ æгæрон уарзондзинадæй æмæ йæ ныхасы кæрон æрсидт ирон адæммæ иудзинадмæ, æнгомдзинадмæ: «Цæйут, æфсымæртау раттæм нæ къухтæ. Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ. Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй».

Журнал «Фидиуæджы» редактор Годжыцаты Нелли дæр банысан кодта Къостайæн йæ арф хъуыдытæ абон дæр актуалон кæй сты, æмæ рæстæджы домæнтæн дзуапп кæй дæттынц, æдзухдæр кæй сты немæ, æгас дун-дуне йæ фыдыбæстæ кæй у. Къостайыхъæуы цæрæг, журналист Хуыбиаты Никъала та йæ раныхасы банысан кодта паддзахы хицауиуæгад йæ фæстæ куыд зылд, хасты иу æй куыд арвыстой, йæ райгуырæн зæхмæ йын ссæуыны бар куыннæ уыдис æмæ-иу æм адæм куыд æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты. Йæ æрыздæхт та сын бæрæгбон кæй уыд, загъта Никъала æмæ бакаст Къостайы æмдзæвгæ «Ныстуан».

Мадзалы алы раныхас, алы зард, алы музыкалон номыр дæр баст уыдысты Къостайы номимæ æмæ кæд поэт физикон æгъдауæй йе `рхонгæ адæмы астæу нæ уыд, уæддæр ацы бон уый уæлдай тынгдæр тæлфыд адæмы зæрдæты. Уымæ гæсгæ йæхи фыст æмдзæвгæ «Къостайы цырты раз» бакаст Хъæцмæзты Азæ.

Дарддæр бæрæгбоны зæлыдысты Къостайы æнæмæлгæ уацмыстæ «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Лæгау». Бакастысты сæ Сатихъары астæукаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ Дзукъаты Даянæ æмæ Дзиццойты Азæмæт. Æмдзæвгæ «Æнæхай» бакаст Дменисы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Джиголаты Амандæ. «Салдат» аив бакаст Къостайыхъæуы скъолайы ахуыргæнинаг Хуыбиаты Давид. Стыр поэты цытæн ма æмдзæвгæтæ бакастысты Рустауы астазон скъолайы ахуырдзаутæ Кокойты Батрадз æмæ Плиты Виктория. Уыдон бакастысты «Додой» æмæ «Азар». Дменисы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ Дудайты Фатимæ æмæ Сидæмонты Лерæ та бакастысты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг. Лолоты Гурам аив бакаст æмдзæвгæ «Зонын». Уый фæстæ мадзалы хайадрайсæг ахуыргæнинæгтæ иууылдæр иумæ сæххæст кодтой «Балцы зарæг».

Сценæйыл сæ арæхстдзинад равдыстой Тъбеты æмæ Къостайыхъæуы культурæйы хæдзары хæдархайгæ къордтæ. Сæ аивадæй тынг барухс сты ардæм æрбацæуджыты зæрдæ, æмæ сын тыхджын къухæмдзæгъдæй дзуапп лæвæрдтой. Сæ цæсгæмттыл хъазыд рæсугъд, хъæлдзæг мидбылхудт.

Уадындз ирон адæмы фыццаг музыкалон инструмент у. Ууыл фыццаг æрцагъта Нарты Ацæмæз. Йæ зардмæ йын æрыхъуыстой хохæй быдырæй, хъæддаг сырдæй. Хуыбиаты Никъала дæр ирон мелодитæ сæххæст кодта уадындзæй æмæ ноджы фæхъæлдзæгдæр сты мадзалмæ æрбацæуджытæ.

Бæрæгбон фæуд кодта, адæм апырх сты, кæрæдзийæн хæрзбон кодтой. Фæлæ Къостайæн нæ хæрзбон кодтой. Уый æдзух ис сæ зæрдæты, сæ хъуыдыты.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.