Цхинвалы Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы кæсæн залы 14 октябры Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 163 азы сæххæсты боны цытæн ауагъд æрцыдис поэзийы изæр «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Бæрæгбонон мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президенты æххуысгæнæг Пухаты Эрик, Культурæйы министр Зæгъойты Рада,  университеты студенттæ æмæ скъолаты ахуырдзаутæ.

Мадзалы библиотекæйы кусджытæ сæ раныхæсты дзырдтой Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл.

Æрцæуæг уазджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъыны фæстæ, Национ музейы директор Зассеты Мераб банысан кодта, зæгъгæ, Къоста  у ирон адæмы аккаг фырт æмæ уарзон хъæбул. «Къоста цы куыстытæ бакодта, адæмы æмæ рæстдзинад куыд уарзта, уымæ гæсгæ зæгъæн ис, æмæ Къоста кæй схызт дунейы номдзыддæрты æмвæзадмæ. Йе сфæлдыстады дæр æппæт дунемæ хатыдис:

Весь мир – мой храм,

Любовь – моя святыня,

Вселенная – отечество мое…

Президент Гаглойты Аланы номæй мадзал  бацæттæгæнджытæн бузныджы ныхæстæ загъта  Пухаты Эрик  æмæ ма уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ кæй сты ахъаз рæзгæ фæлтæры хъомыладæн.

Библиотекæйы директор Гуыцмæзты Инна та æрсидт цæмæй иууылдæр цæрæм, Къоста куыд фæдзæхста, афтæ – æнгом æмæ хæларæй, кæрæдзийæн аргъ æмæ кад кæнгæйæ.

Не скъолаты ахуырдзаутæ: Гæджиты Алыксандр, Къодоты Милана, Бестауты Джиуæр, Пухаты Валерия, Тадтаты Аннæ, Дыгъуызты Валерия, Мæлдзыгаты Ирэнæ æмæ æндæртæ сæххæст кодтой  Къостайы фыст æмдзæвгæтыл арæзт зарджытæ. Къостайыл йæхи фыст æмдзæвгæ та бакаст Тъехты Аленæ.

«Хъуыбады æмæ «Додой» азарыдысты «Симд»-ы зарæггæнджыты къорд.

Кæронбæттæны залы уæвджыты зæрдæтæ сæ аив æмæ рæсугъд архайдæй ноджы тынгдæр барухс кодтой гимназ  «Альбион»-ы аивадон къорды хайадисджытæ, сæ ахуыргæнæг Дзабиты Екатеринæйы къухдариуæгадæй. Уыдон аив  сæххæст кодтой Къостайы фыст уацмысмæ гæсгæ арæзт инсценировкæ «Æрра фыййау».

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.