Ирон адæмон сфæлдыстад, æвæджиаг «Нарты кадджы-тæ», зæдты кафт «Симд» чи сфæлдыста, нæ Иры уыцы зæхх куырыхон адæймæгтæ, стыр курдиæттæ æмæ бæгъатыртæ дæттыныл чъынды никуы уыдис æмæ нæу. Хъороты Дауыт сæрыстырæй хуымæтæджы нæ дзырдта: “Уымæн æй хонын мæхицæн дзæнæт”.

О, фæлæ хуыздæрты æхсæн дæр ис хуыздæр равзарæн æмæ фыдæлтæй фæстæмæ не ‘фхæрд, не ссæст, хæстдзагъд æмæ хæствæллад адæмы рис, сæ цин æмæ сæ бæллицтæ, æмткæй Ирыстоны уæззау хъысмæт алыфарсонæй йæ зæрдæмæ чи айста, чи йыл ныссагъæс кодта, йæ цыбыр, фæлæ бæллиццаг царды йæ сæрхъуызой чи сси, аив литературæйы фæрцы йæ иу-уыл рæсугъд æмæ зæрдæрисгæдæрæй чи равдыста, уый уыд “ирон литературæйы сæууон стъалы, ирон литературон æв-заджы бындурæвæрæг”, “хæххон мæгуырты сагъæсгæнæг, ирон дзыллæйы хъахъхъæнæг паддзахы заманы, революционер æмæ æхсæны кусæг”, “номхæссæны поэт æмæ стыр лæгуарзон адæймаг” Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

Къоста, не ˊппæт дæр куыд зонæм, афтæмæй райгуырдис 1859-æм азы кæфты мæйы 15-æм бон, ныртæккæ æппæт ирон адæмæн кувæндонау æвæджиаг чи сси, цыма не ˊппæты зæрдæтæм дæр æнæуынгæ тæгтæй фидар хуыд у, уыцы хæххон, ирон нæргæ хъæу Нары.

Æниу, Ирыстоны кæмдæриддæр бæрзонд æмæ цæстæвæрæн бынæттæ ис, се ‘ппæт дæр зæдбадæнтæ æмæ кувæндæттæ сты, адæм сæм фæцæуынц афæдзы кæцыфæнды афоны дæр лæгъстæмæ, фæлæ Къостайы гуырæнбон æрвыл аз нæ поэтæн табу кæныны тыххæй Нармæ цас адæм æрæмбырд вæййынц, иунæг дзуары бынмæ дæр Иры зæххыл иумæ уый бæрц æрцæуæг ничима федта.

Уый афтæ хъуымæ уа. “Адæмы цæсгом æмæ намыс чи свæй-йы, адæм сæ ивгъуыд дуджы мысинæгты æмæ сæ фидæны ныфс кæй номимæ фæбæттынц, сæ туг, се стæгыл кæй фæнымайынц, ахæм поэттæ нырма цъус райгуырд. Хетæгкаты Къоста хауы уыцы чысыл бинонтæм, – дзырдта Мариэттæ Шагинян. – Уы-мæн æнæ уарзгæ нæй. Куы йæ бауарзай, уæд та æнæ тырнгæ нæй хуыздæр уæвынмæ, поэт æмæ адæмы бартыл тохгæнæг, нывгæнæг æмæ æмбæстаг афтæ хорз кæм баиу сты, Къоста йæхæдæг диссаджы æвдисæн кæмæн у, уыцы бæрзонд миниу-джытæм”.

Йæ адæмы рис, йæ Фыдыбæстæйы рис йæ уды рис хуы-мæтæджы не сси. “Къоста уыди æцæг адæмон поэт”, – фидар æмæ бæлвырдæй дзырдта Тыбылты Алыксандр.

Йæ хъысмæтæй фыдæбон, тухиаджы амонд (уæддæр æй, хъыгагæн, афтæ схонæм) кæй фæцис, уый йæ уд банкъардта, йæхи дæр рæстмæ куынæма зыдта, уæд – йæ ныййарæг мад Гуыбаты Мариайæ хæнт æнахъом сабийæ баззад сидзæрæй. Хъомыл кæнынмæ йæ уымæн ахаста сæ сыхæгты хæларзæрдæ ус Чендзе: “Мæн иу ус фæхаста… Сывæллон ахуыр, Йæ дзидзи нæ ласта Мæ дзыхæй, мæгуыр” (“Чи дæ?”).

Фæлæ сидзæрæн, дзул æмæ мыд куы хæра, уæддæр йæ ном йæ уæлæ ис. Иунæг уыцы ном дæр, стыр хъыгагæн, йæ уæхсджытыл æрæнцайы, зылынбаст æргъомау, фæхъыгдары йæ адæмимæ æмкъахдзæф кæнынæн æмæ Ирыстоны стыр поэт æмæ сæрхъуызой æнахъмæй райдыдта æвзарын фыдцарды маст æмæ тухитæ. Уæддæр: “Адæмы амондæн рацыди цардмæ Хетæджы сахъ фырт Къоста”.

Æниу, йæ бон цыма уыдис, хъысмæты уыцы гаккæй йæхи атонын? Йæ фыды фæндыл куы ацыдаид, уыцы дуджы алы ироны дæр йæ фыртæн цы фæндыд  афицер куы суыдаид, Фыды-бæстæ хъахъхъæнæджы фæндагыл куы ныллæууыдаид, уæд цыфæнды æгуыдзæг пъагонджынæн дæр уыцы заманы цардæфсæст фидæныл фæлм нæ бадт.

Фæлæ Къоста Къоста уымæн уыд æмæ у, йæхи уды рис Ирыстоны рисæй уæлдæр кæй никуы æвæрдта, йæхи æрмæстдæр йæ Фыдыбæстæйы иу хайыл кæй нымадта. Бестауты Гиуæрги дзырдта:

Хохæй хохмæ хизы, хохæй хохмæ хизы

Арвæмбæрц нæртон лæг, судзгæ зарæг зары.

Æмæ уыцы зарæг мигъты сæрмæ ризы,

Æмæ уыцы зарæг хурау худы тары;

Дидины къуыбыртæ райхæлынц йæ зæлтæм,

Ракæсы сæуæхсид малусæггъуыз рæгътæй;

Бандзыг вæййынц уадтæ уалдзæджы узæлдæй,

Хъусынтыл фæвæййынц тарæрфыг æврæгътæ…

                                                                                (“Къоста”)

Æнæ Къоста Ирыстонæн нæ уыдаид фарн. 1885-æм азы Петырбухæй, æфхæрд, рыстзæрдæйæ куы сыздæхт æмæ куы акаст йæ алыварс, уæд уымæн ныдздзынæзта: «Мæхицæй фыддæр, мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр, мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..»

Йæ фæстаг ныфсмæ йæхи амонды тыххæй нæ, фæлæ йæ адæмы тыххæй скуывта: “Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..”Æнæ йæ адæм, æнæ йæ Фыдыбæстæ нæ уыдта йæ амонд.

Иугай чи ныввæйынц, уыдонæн фыдызнаг мард нал фæуадзы, сæ хуымтæ сын байсы, стырæй, чысылæй сæ уистæй фæнæмы, æнусты æфсымæртæ кæмæй арæзтам, цыфыддæр тохты нæ удтæ кæй сæрыл хастам, нæ уыцы фыдбоны сыхæгтау. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин æй æргом загъта: “…иууон паддзахады фæлгæтты æрцыдысты ахæм цаутæ – Ирыстоны хуссар хай, куыд паддзахад, афтæ баиу кодтой Тифлисы губернимæ, уæд Гуырдзыстонæн йæ кой дæр нæ уыд, Абхаз та – Уæрæсейы импери куы фехæлд, уæд. 1918 азы Фыццаг дунеон хæсты фæстæ йæ Гуырдзыстон Германы æфсады фарсхæцынады аныхъуырынмæ куы бахъавыд, уæд Абхазы соккупаци кодта, уымæй дæр оккупанттæ сæхи дардтой тынг карз. Бынтон карздæрæй та гуырдзиаг хæстонтæ архайдтой Ирыстоны хуссар хайы ирæтты ныхмæ 1919-1920 азты… уый у, абон геноцид цы хонынц, уый”. Æмæ нын æй дзуры Уæрæсейы президент йæхæдæг. Афтæмæй уыцы геноциды мыггагсафæг фæстиуджытæ махæн нæхицæй, ирæттæй дарддæр ничи ма зоны. Фылдæр уымæн фæмæцæм рæстæгæй-рæстæгмæ нæ туг æмæ рондзы. Уымæн æмæ, æрцæуæг хæддзуйæ æлдар чи кæны йæхицæн, уый, абон куынæ уа, уæддæр райсом æнæмæнг бахъæудзæнис йæ туджы мæцын.

Уыдон Ирыстоны æнусон лыггæнинаг фарстытæ сты. Фæлæ не ‘взаг, нæ сæрыстырдзинад, нæ удтæ æмæ аивады хæзнаты уыйбæрц ферох кодтам, æмæ нал хатæм, иумæ нæ чи хъуамæ рамбырд кæнид, уыцы “арфæйы дзырд”. Æнæ уый та… Дзуццаты Хадзы-Мурат не ˊвзагæй цæйау дзырдта:

Æз æнæ дæу цы дæн?

Æнæхæдзар, искæйон!

                       (“Ме ˊвзаг”)

 Фыдыбæстæ алы æмбаргæ удæн дæр хуызджын бæстæ у. Æмæ Козаты Исидорæн Ирыстоны уыцы кæуинаггаг хъысмæт æнцой никуы лæвæрдта, хордта йын йæ зæрдæ, катайгæнгæ уымæн хъæрзыдта:

Æз хъусын дæ ингæнæй дзурын,

Æвæрд зæххау табу, æвæрд дæ.

Уый доны уыд, сау хъæды, сурыл, –

Кæмдæрид – дæ фыртты уæлмæрдтæ…

Фæцыдтæ ды афтæмæй таугæ

Лæгудтæ æнусты хъæд-доныл.

Гъе, уымæн дыл цæуын æз хъавгæ:

Куы ныллæууон искæй хъæдгомыл…

                    (“Хъуыдытæ Ирыстоныл”)

Ахæм сидтытæ кæмæ нæ фехъуысой, уый йæ адæмы сæргъ никуы слæудзæнис, никуы сын уыдзæн фæндагамонæг. Барахъты Гино нын уымæн амыдта: “Къоста у бафæзминаг, ныры рæс-тæджы цы æвзонг фысджытæ фæзынд не ˊхсæн, уыдонæн”.

Фæлæ йæ, цымæ фæзмæм? Æндæр мæт нæ нæй. Йæ мыггаг æмæ ном нæ раст чи нæ ныффысдзæнис, дыууæ рæнхъы нæ кæрæдзийыл бабæттын чи нæма фæзоны, уымæн дæр йæ иу-уыл стырдæр бæллиц свæййы гæртæмтты, хæлд хъуыддæгты фæрцы дæр кæйдæр æмпъузæнтæй йæхи номыл чиныггонд рауадзын, Фысджыты цæдисмæ багæпп кæнын, стæй сæ айрох вæййы, йæ сæры фæрцы сфыссæг, йæ дзыппы æви… Зæххыл намыс дæр кæй ис, уый бирæ …тæй рох дæр фæвæййы. Стыр премитæ дæр ма фæкурынц… Суанг Къостайæн йæхи номыл паддзахадон преми дæр! Дæлгоммæ митæй. Æмæ сæ сырх дæр мачи фæуа. Чи сын сæ фæдæттын кæны, сæ уыцы “хæстæджытимæ” ныл фæчыр-чыр кæнынц.

Фидиссаг æмæ аллайаг хъуыддæгтæ!..

Къостамæ куыд хъуыст арфæйы дзырд! Хъуыстис æм тыхджын æмæ зæлланггæнагæй. Нæ йын лæвæрдта æнцой. Йæ зæрдæ йын змæлын кодта уидагмæ, Ирыстоны æгæрон уарзт дзы æрбынат кодта алыварсон æмæ æнусыкконæй. Уый тыххæй бацис йæ бон фыдæлтыккон ирон æвзаджы сусæг æвæрæнтæм ныккæсын, йæ диссаджы рæсугъддзинад ын равдисын, куыд поэзийы бæстæ, афтæ Ирыстоны дунейæн фенын кæнын. Нырма дæр нын уымæн у раздзог. Дзасохты Музаферы хъуыды у:

Уæвгæ, мæлæт æнусмæ

Зæдау дæуæн дæр нæй.

Ирон адæмæн рухсмæ

Кæндзынæ фæд фæрнæй.

                             (“Къоста”)

Къоста у нæ фыццаг стыр поэт, фæлæ у нæ аив литературæйы иууыл бæрзондæр хох: “…йæ алы хъуыдыйад, йæ алы строфа дæр у аив”, – уымæн дзырдта Нигер.

Алы литературæйæн дæр ис йæхи бындурæвæрæг, фæлæ сæ алчи нæ баззайы йæ литературæйы иууыл бæрзондæр хохæй. Нæ литературæйы Къоста у тырысайы хуызæн – ирон литературæ куыд рæзы, бæрзонддæр куыд цæуы, афтæ тырыса дæр исы уæлæмæ.

Уыцы æнтыст йæ къухы бафтыд, Ирыстоны рис йæ рис кæй сси, йæ зæрдæ Ирыстоны сагъæсты хуым кæй фестад, уый тыххæй.

Фыссæг каст, нæ Фыдыбæстæ иууыл тынгдæр цæмæй хъæрзыдта, уыцы ахсджиаг кæуинæггæгтæм, агуырдта сын рæстæгыл сæ аиуварс кæныны проблемæтæ æмæ йæ ахаст, йæ публицистикæ, йæ эпистолярон хъæздыг бынтæ, йæ аивад иумæ куыд æвдисынц, афтæмæй нæ сæйраг фыдтæ сæйраджы цыдысты иу быныдодойаг уавæрæй:

Иугай ныййистæм, ныууагътам нæ бæстæ, –

Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд, –

Фезмæл ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,

Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!..

                                                  (“Додой”)

 Фæлæ йæ ноджы тынгдæр удхарæй мардта, йæ фæдис кæй никæмæ хъуыст, фæзмæг æй кæй нæ уыдис, уыцы судзаггаджы удмарæн хъуыддаг. Æмæ йын нæ уыд уромæн:

Зонын, – æфсæрмæй кæудзыстут,

Бавæрдзыстут мын мæ мард,

“Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут, –

Ницæмæн уал уыд дæ цард!”

Зонын, – æргæвддзыстут исты, –

Мардыл ма чи дары ком? –

Алчи æфсæстæй мæ хисты

Ссардзæн арахъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн,

Ничи уал зондзæн мæ цырт.

                            (“Зонын”)

 Æмæ нæ йæхицæн ницы куырдта. Йæ рæстаг фæдзæхстытæ нæ кæй айрох уыдаиккой, ууыл уыд йе стыр, зæрдæрисгæ катай. Дзыллæмæ æнусы фæстæ Хаджеты Таймураз йæ номæй уымæн сидт:

Хъæбулау уæ иу хорзæх курын:

Уæ кæрæдзи уарзут!

                       (“Къостайы гаджидау”)

Цæмæй Ирыстон йе ‘нусон фыдæй фервæза: æрцæуæг хæддзуйæ æлдар мауал кæнæм, иугай ма уæм æмæ дæлбынты фароны хæтæлтæ мауал уидзæм, нæхицæн сæрфат скæнæм, нæ Фыдыбæстæ, нæ адæмы хъысмæт нæхæдæг скъуыддзаг кæнæм, уый тыххæй Къоста йæхæдæг дæр йæ хуымгæнды хайæн йæ дзыллæйы зæрдæ равзæрста. Æмæ Нафи загъта: “Къостайы зонд, Къостайы пахуымпар хъуыды махæн стыр ахъаз фæуыдзæн нæ абоны катай æмæ фыдæвзарæнæй фервæзынæн”. Кæд ихсыд дзывыр цыргъ æмæ æрттиваг æфсæн у, кæд хуымон фæлдæхт дысæй архайы, уæддæр нæ адæмы зæрдæ афтæ ныддур, æмæ къæрттæй-цъула нал æппары, афтæмæй нæ рухс фидæн нæ къухы ис, æрмæст хъæуы Къостайы амынд фæндагыл цæуын:

Цæйут, æфсымæртау,

Раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!

Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

(“Балцы зарæг”)

Уый у Ирыстоны рис абон дæр. Уый у Къостайы рис. Æндæр фæндаг, æндæр рухс фидæн Ирыстонæн никуы уыд æмæ нæй.

Уый у Ирыстоны, ирон дзыллæйы сиуы фæндаг! Кæмдæриддæр уæм!

Уый у Къостайы амынд фæндаг! Æмæ уый искæмæн фæндон уыдзæнис æви нæ, уæддæр ыл мах хъæуы æмгуырæй фезмæлын нæ фæстагæтты амонды сæрвæлтау.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.