Æрвылаз дæр 15-æм майы дыууæ Ирыстоны дзыллæттæ банысан кæнынц æппæтадæмон бæрæгбон – ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

Ацы бонты мадæлон æвзаджы бæрæгбоны цытæн гом урок уагъд æрцыд Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы. Йæ темæ уыд: «Къоста – ирон адæмы Бонвæрнон стъа-лы»,зæгъгæ. Гом урок ауагъта ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дзабиты Лорæ 10 «а» æмæ «б» кълæсты ахуыргæнинæгтимæ. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнджытæ уагдоны директор Михаилиди Ольгайы сæргълæудæй, ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, поэт, æхсæнадон архайæг Плиты Серго æмæ æндæр уазджытæ.

Дзабиты Лорæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ ирон æвзаджы боны цытæн бафæндыд гом урочы темæ ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад æмæ цардвæндагимæ сбæттын.

«Алы адæмæн дæр ис, сæрыстыр кæмæй сты, ахæм разагъды лæгтæ: хæстон хъайтартæ, зонадон кусджытæ, аивады дæснытæ, фæлæ уыдонæй æппæты зынаргъдæр вæййы иу ном. Ирон адæмæн ахæм ном у «Къоста». Рагон зондджын лæг загъта: «Зæххыл æнæмæлæт ницы ис, æнæмæлгæ сты æрмæстдæр патриоты сгуыхтдзинæдтæ æмæ куырыхон ныхас. Стыр æмæ кадджын у Къостайы патриотон ныхас. Уый йæ адæмæн скодта кад æмæ ном, тох кодта сæ бартыл, фæндаг сын амыдта рухс фидæнмæ. Нартæ сæ хæзнаты хуыздæрыл нымадтой фæндыр. Къоста махæн радта «Ирон фæндыр». Къоста махæн у Бонвæрнон стъалы – хæссы нын царды фарн, рухс нын кæны нæ зæрдæтæ. «Ирон фæндыр» нын бауарзын кодта мадæлон æвзаг æмæ поэзи», – дзырдта Дзабиты чызг.

Ахуыргæнинæгтæ кастысты Къостайы æмæ æндæр поэтты фыст æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой зарджытæ, акафыдысты цалдæр кафты. 1899 азы Къоста уæззау бонтæ æрвыста Херсоны. Цардис уазал къуымты уæззау уавæрты. Къостайы уыцы хъизæмæрттæ равдыста поэт Кочысаты Мухарбег æмдзæвгæ  «Къоста Херсоны»-йы. Уый фæдыл скъоладзаутæ бацæттæ кодтой инсценировкæ, кæцы рауад цымыдисон. Хорз æй сæххæст кодтой ахуырдзаутæ Бикойты Константин (Къоста) æмæ Томайты Ян.  Къоста бады талынг къуымы мынæг цырагъы рухсмæ æмæ фыссы, арф хъуыдыты аныгъуылы.

1916 азы газет «Терек» фыста: «Цыдæриддæр хорзæй, бæллиццаг æмæ рæсугъдæй ис, уыдон ирон дзыллæ уынынц Къостайы хуызы. Къоста у гени, сфæлдисæг, фæндагамонæг стъалы æфхæрд æмæ фæллойгæнæг адæмтæн». Рухстауæг Цомайты Хадзырæт загъта, зæгъгæ, Къоста у Иры хæрзгæнæг, æмæ йын йæ уæлмæрдмæ хъуамæ цæуой табу кæнынмæ, дзуары бынмæ цæуæгау. Ирон адæм Къостайыл скодтой зарæг. Зарæджы дзырдæуы: «Къоста нын æрцыд, ныр нал тæрсæм Хуыцауæй дæр æмæ паддзахæй дæр».

Гом урочы радзырдтой Колыты Аксо йæ хæдзары чызджыты скъола куыд бакодта æмæ йæ паддзахы хицауад æхгæнынмæ куыд хъавыд, фæлæ йæ Къоста куыд нæ бауагъта, ууыл, афтæ ма йæ хасты хъизæмæртты тыххæй. 1893 азы Къоста суæгъд æмæ æрцард Стъараполы. Куыста газет «Северный Кавказ»-ы редакцийы. Йæ уацты æвдыста паддзахы хицауады æгæнон миты, адæмы æфхæрды тыххæй. 1895 азы  йæ уацмыстæ хицæн чиныгæй мыхуыры рацыдысты уырыссаг æвзагыл. Сæ иу у ирон цард æвдисæг очерк «Особа». Рацыд йæ «Ирон фæндыр» дæр, фæлæ йæ цензурæ бахсæста, дыргъбæласæн йæ хуыздæр къалиутæ куыд ракæна, афтæ: систой дзы «Додой», «Катай», «Азар». Уый Къостайæн уыд тынг зын, йæ мастыл ын æфтыдта маст. Фæлæ уæдмæ уыцы æмдзæвгæты адæм зыдтой æнæкæсгæйæ. Зарæгыл нæй сахсæн сæвæрын, хъуыдыйæн нæй ахæстоны дарæн – уый маргъау ратæхдзæн рухсмæ. 1899 азы майы мæйы «Ирон фæндыр»-ы  фæзынд ирон адæмæн уыд ног хуры скасты хуызæн, уый сын байгом кодта ног дуне – цард æмæ аивады рухс. 1906 азы 1-æм апрелы поэт ахицæн цардæй.

Кæронбæттæны Дзабиты Лорæ загъта, зæгъгæ, ирон номдзыд ахуыргонд Абайты Васо фыста: «Ирон æвзаг у, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнæаипп рæвдз æмæ коммæгæс хотых». Скъоладзаутæн ныффæдзæхста, цæмæй уарзой æмæ кад кæной сæ мадæлон æвзагæн. Банысан кодта, зæгъгæ, Къостайы фыдæбæттæ æнæхъуаджы нæ фесты. Абон цæрæм сæрибар æмæ хæдбар паддзахады.

Мадзал рауад цымыдисон. Хайад дзы райстой 30 ахуыргæнинагæй фылдæр. Фæцыд алкæйы зæрдæмæ дæр. Йæ организаторæн бузныджы ныхæстæ загътой Плиты Серго, Михаилиди Ольга æмæ æндæртæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.