Сæумæрайсом сахаты фæрцы мах базонæм куыстмæ цæуыны афон. Хуры скаст мах хъуыды дæр не ‘ркæнæм, уымæн æмæ нæ цард арæзт у сахаты куыстмæ гæсгæ. Ӕхсæв сахаты фæрцы базонæм, сбон кæнынмæ ма нæ цас рæстæг хъæуы, уый. Къæлиндармæ бакæсгæсгæйæ мах базонæм мæйы ном æмæ нымæц. Ӕниу æнæ къæлиндар дæр махæн зымæг æмæ уалдзæг кæрæдзийæ æнцон рахатæн сты, уымæн æмæ мах цæгатæрдыгæй цæрæм. Уынджы цæугæйæ махæй бирæтæ хаттæй-хатт фенæм ног мæй. Уый вæййы махæн ног хабар, уымæн æмæ йæ махæй бирæтæ рагацау нæ фæзонынц мæй кæд сног уыдзæн, уый, уымæн æмæ нæ нæ хъæуы, ницы пайда нын у.

Фæлæ рагзаманы сахат нæ уыди, æмæ рæстæг базонæн уыди æрмæст мæй æмæ стъалыты змæлдмæ цæст даргæйæ. Цæгатварс цæргæйæ мах æнцонæй хицæн кæнæм азы афонтæ сæ кæрæдзийæ. Фæлæ экватормæ æввахс бæстæты, азы афонтæ кæрæдзийæ нæ хицæн кæнынц – уым зымæг дæр, сæрдау, хъарм вæййы.

Рагон Египетаг адæмæн  сæ фæрныгад, сæ хъæздыгдзинад æнгом баст уыди Нилы фурдимæ. Нил-иу куы раивылд, уæд-иу раласта бирæ лами, уыцы ламийæ египетаг адæм зылдысты сæ хуымтæм. Нил алы аз дæр раивылы иу афон. Фæлæ уыцы раивылды рæстæгæн зæххон нысæнттæм гæсгæ рагацау базонæн нæ уыди.

Египетаг арвыл Сириусы стъалы йæхи сисы тынг бæрзонд, нæ сæрмæ арвыл куыд ныллæджыты рацæуы, уым афтæ нæу. Афæдз иу рæстæджы хур рацæуы уыцы стъалыйы рæзты æмæ йын йæ рухс батар кæны. Сириус æнæхъæн мæй нал фæзыны. Ӕнæхъæн мæй сæфт фæуыны фæстæ, Сириус фыццаг хатт куы разыны, уæд уый хонынц Сириусы гелиактикон скаст. Раст уæд ивылын райдайы Нил дæр. Ацы фæзындмæ египетаг адæм сæ хъус дардтой æмæ ахуыр кодтой Сириусы змæлд.

Хъæуты зæрæдты ‘хсæн-иу уыд ахæмтæ, кæцытæ-иу æхсæв арвмæ скæсгæйæ, æнцонæй базыдтой, сбон уæвынмæ ма цас рæстæг ис, уый.

      Рагон скæсæйнаг адæмты астрономи

Азийы, Тигр æмæ Ефраты фурдты тæрфы, цыппар мин азы размæ уыди тыхджын æмæ культурон паддзахад Вавилон. Вавилойнаг ахуыргæндтæ сæрмагонд арæзт бынæттæй  сæ цæст дардтой арвмæ, хорз зыдтой арвыл стъалыты равæрд, æмæ хуымæтæджы цæстæй фенæн кæмæн ис, уыцы фондз планетæйы. Вавилойнæгтæ-иу рагацау зыдтой, мæйы баталынг кæд уыдзæн, уый. Фæлæ æмткæй райсгæйæ дуне куыд арæзт у, уымæн вавилойнæгтæ ницы зыдтой.

Вавилойнæгтæм гæсгæ арв у стыр къусы хуызæн æмæ дæлгоммæ фæлдæхт у дунейыл. Арвæн ис дыууæ дуары: иу скæсæны рдыгæй, иннæ та ныгуылæны рдыгæй. Скæсæны дуарæй хур скæсы æмæ ныгуылæны дуарæй ныххизы.

Египеты иуæй-иу пирамидæтыл цæуы 4000 азы бæрц. Уыцы пирамидæты къултыл нывгонд сты, Орион, стæй Сириус æмæ Бонвæрнон. Афæдзы цал боны ис, уый дæр æппæтæй раздæр уыдон базыдтой.

Рагон Китай культурон бæстæ уыди. Астрономон зонæнтæн Китай стыр аргъ кодтой. Китайæгтæ уæлдай зæрдиагæй бæллыдысты хурдалынг рагацау базонынмæ. Китайаг азфысджытæ дзурынц, нæ эрæйы 2137  азы размæ чи уыд, ахæм хурдалынджы тыххæй. Паддзахы галуаны цы сæрмагонд астрономтæ уыди, Хи æмæ Хо, уыдон рагацау  уыцы баталынг хъуамæ базыдтаиккой æмæ йæ адæмæн фехъусын кодтаиккой, фæлæ ницы сарæзтой. Азфыссæг фыссы афтæ: “Астрономтæ Хи æмæ Хо ферох кодтой сæ хæс, æгæр бафтыдысты нозтыл, ныууагътой сæ куыст æмæ сæ кады бынаты аккаг нал сты. Уыдон аххосæй схæмхæццæ ис æрвон стъалыты змæлды афæдзон рахынцыд. Фæззæджы фæстаг мæйæн йæ фыццаг бон  хур æмæ мæй æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл сæмбæлдысты. Куырмытæн уыцы хабар фехъусын кодтой барабаны хъæрæй, хиуылхæцæг адæм схъомпал сты, хуымæтæг адæм фæлыгъдысты. Хи æмæ Хо бадтысты сæ бынаты, – уыдон ницы хъуыстой     æмæ ницы зыдтой”. Ацы ныхæстæй бæрæг у, уыцы хурдалынг адæмæн стыр тасдзинад кæй бавзарын кодта.

   Рагон грекъæгты астрономи

Нæ эрæйæ цалдæр сæдæ азы размæ грекъæгтæ уыдысты дунейы æппæты ахуыргонддæр адæм. Грекъæгтæм уæды рæстæджы уыд алыгъуызон скъолатæ, уыд сæм номдзыд математиктæ, зынгæ физиктæ, поэттæ æмæ æндæртæ. Астрономийæн дæр зонады формæ фыццаг хатт уыдон радтой.

Чысыл Азийы ныгуылæн фарс иу горæт Милеты нæ эрæйы 500 азы размæ царди ахуыргонд Фалес. Фалесы ном тынгдæр айхъуысти, хурдалынг рагацау кæй базыдта æмæ йæ адæмæн кæй фехъусын кодта, уый тыххæй.

Уыцы хурдалынг æрцыдис нæ эрæйы агъоммæ  585 азы 28-æм майы. Историон зонæнты фыст цæуы, зæгъгæ, лидиаг æмæ мидиаг адæм фондз азы хæцыдысты кæрæдзи ныхмæ. Фондз азы цагътой кæрæдзи, басæттыны фæнд сæ никæмæ уыд. Уалынмæ хур баталынг ис. Хæцæг адæм фæтарстысты, акалдтой сæ хæцæнгæрзтæ æмæ фидауынмæ фесты.

Эфесаг Гераклит дунемæ касти диалектикон цæстæнгасæй, уый дзырдта, зæгъгæ, алцыдæр ивгæ кæны, æрдзы мидæг æнусонæй ницы ис.

Грекъаг зонад æмæ культурæ уæлдай тынг райрæзтысты нæ эрæйы размæ  V-æм æнусы. Уыцы заманы грекъæгтæм цы бирæ ахуыргæндтæ уыди, уыдоны ‘хсæн Демокрит нымад у раззагондæр ахуыргондыл. Демокритмæ гæсгæ  дунейы æппæт дæр кæрæдзийыл баст у, æнæаххосæй ницы цау æрцæуы. Мæй Демокритмæ гæгæ Зæххы хуызæн у, ис ыл хæхтæ æмæ тæрфытæ. Уæлдай диссагдæр та сты Демок-риты хъуыдытæ Æрфæныфæды тыххæй. Йæ тыхджын зондæй Демокрит акаст йæ заманы сæрты, расанчъех кодта йæ дугæй дыууæ мин азы раздæр æмæ загъта раст  хъуыды, Æрфæныфæд хицæн стъалытæй конд кæй у, уый.

Уæдæ афтæ, астрономи фæзынди практикон хъæуындзинæдтæ æххæст кæныны фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.