Æвæццæгæн нæ чысыл Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, 1920 азты гуырдзиаг меньшевиктæ кæмæн нæ разиан кодтой.

1920-æм азы гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ирон хъæуты зынджы хай куы бакодтой, уæд басыгъдысты 116 хъæуы. Национ хаттмæ гæсгæ скуынæг кодтой Ирыстоны хуссары цæрджыты æртыккæгæм хай. Сæ фылдæр уыдысты сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ. Дæсгай минты бахъуыд Ручъы хохæфцæгыл Цæгат Ирмæ алидзыны сæр. Уыдонæй бирæтæ фæндагыл фæмард сты тиф, æххормаг æмæ уазалæй. Хуссарирыстойнаг ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 1920 азы геноциды рæстæджы фæмардуæвджыты иумæйаг нымæц ахызт 18000 адæймагæй.

1920 азы Хуссар Ирыстоны цы трагикон цаутæ æрцыдысты, уыдоны тыххæй Советон хицауады рæстæджы кæй нæ хъæр кодтой, уымæ гæсгæ бæрæг нæу сæ раст нымæц.

Гуырдзиаг меньшевикты ‘рдыгæй геноциды тыххæй нын бинонты истори радзырдта Цхинвалы районы администрацийы ахуыры хайы хистæр Козаты Олег. Фехъуыста йæ йæ бинонты хистæртæй. Куыд загъта, афтæмæй цаутæ райтынг сты 1919 азы. Уыдонмæ гæсгæ бæлвырд у, 1920 азы 8-æм июны хуссайраг ирæттæ Хуссар Ирыстоны Советон хицауад кæй расидтысты, уый уыд æрмæстдæр æфсон ирæтты геноцидæн.

Олегæн йæ нанайы мад Цхуырбаты Машо æмæ йæ дадайы фыд Козаты Уасил цардысты Цхинвалы районы Брилийы хъæуы. Æвæццæгæн, 20-æм азын Уасил сæрæгас нал уыд, уымæн æмæ-иу ын йæ нана æмæ йæ дада 100 азы размæйы  цауты  тыххæй куы   дзырдтой, уæд-иу йæ кой никуы скодтой.

1917 азы Октябры революцийы фæстæ къласон тох цыд Хуссар Ирыстоны дæр. Гуырдзиæгтæ никуы æмбæхстой, ирон адæммæ сын æнæуынон ахаст кæй уыд æмæ алыварсонæй æфхæрдтой сабыр цæрджыты дæр.

Ноябры мæйы уыцы бон уыд уазал боныгъæд, æруарыд фыццаг мит. Брилийы хъæуы цæрджытæ тагъд кодтой сæ тыллæг бафснайыныл, састой суг, сæхи цæттæ  кодтой зымæгмæ. «Изæрмилты цæрджытæй кæцыдæр бафиппайдта, гуырдзиаг меньшевиктæ Зары хъæуæй Брилимæ куыд æрцæйцыдысты,  уый  æмæ фехъусын  кодта  хъæубæстæн. Гуырдзиæгтæм уыдысты ирон большевикты номхыгъдтæ. Куы-иу сæ æрцахстой, уæд-иу уыдон бирæ хатт æбæрæгæй фесæфтысты. Брилийы хъæуы дæр гуырдзиæгтæ агуырдтой конкретон адæймаджы (Олег ын йæ ном нæ хъуыды кæны). Гуырдзиæгтæ джигул кодтой хæдзæртты, гуымир ахаст дардтой цæрджытæм», – йæ зæрдыл æрлæууыд Козаты Олегæн, йæ фыд Георги йын геноциды тыххæй цы дзырдта, уый.

Уыцы бон гуырдзиаг меньшевиктæ баджигул кодтой  Зары хъæуы цæрджыты хæдзæрттæ дæр. Фæстæдæр Зары цæрджытæ брилийаг зæхкусджытæн радзырдтой гуырдзиаг агрессорты тæппуддзинад æмæ æнæадæймагдзинады тыххæй. Гуырдзиæгтæй сæ иу Тыджытæй иу ацæргæ сылгоймаджы къухыл ауыдта къухæй арæзт рагон къухдарæн æмæ йын бардзырды хуызы загъта, дæ къухæй йæ райс, зæгъгæ. Сылгоймаг афæлвæрдта, фæлæ къухдарæн нæ ракуымдта æнгуылдзæй. Уæд æм гуырдзиаг радта стыр кард: «Алыг кæн де ‘нгуылдз!». Сылгоймаг нæ фæтыхст æмæ йæм йæ къух радаргъ кодта: «Кæд афтæ хъæбатыр дæ, уæд дæ цæстытыл ауайын кæн, цыма дæ разы лæууы дæ мад, æмæ мын уый фæстæ дæхæдæг ралыг кæн ме ‘нгуылдз». Гуырдзиаг хорзау нал фæцис сылгоймаджы ахæм уæндондзинадæй, фелгъыста йæ æмæ ацыд. Ацы цау Олегæн радзырдта хъæуы цæрæг Уанеты Еличка (фæцард 105 азы).

Меньшевиктæ Брилимæ фæзындысты æнæнхъæлæджы, æмæ кæцы большевикы агуырдтой, уымæн йæ бон не ссис афоныл йæхи бамбæхсын. Æрмæстдæр ма йæ бон бацис хæдзæрттæй сæ иуы уæлхæдзармæ сбырын æмæ сæм уырдыгæй йæ хъус дардта. Йæ ном фехъусгæйæ бамбæрста, дарддæр ын хъæуы лæууæн кæй нал ис, уый. Тас уыд æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ йæ бинонтæ æмæ йе ‘мхъæуккæгтæн дæр. Уымæ гæсгæ йын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ уазал ноябры æхсæвы æнæ хъарм уæлæдарæс, бæгъæввадæй     алыгъд хъæдмæ. Хæдзæрттæм се ‘ппæтмæ дæр бацæугæйæ, гуырдзиæгтæ æрæмбырд сты Козаты цæрæнуаты цур æмæ райдыдтой хъæуы цæрджыты фæрсын, æртхъирæн сæм кодтой, зæгъгæ, большевикты куынæ радтой, уæд се     ‘п­пæты дæр амардзысты. Куы ницы сын радзырдтой, уæд гуырдзиæгтæ Козаты бинонты скъæты цур ауыдтой стыр фыр æмæ аскъуыддзаг кодтой баулæфын æмæ бахсæвæр кæнын.

Цхуырбаты Машойы йе ‘мхъæуккæгтæ иууылдæр зыдтой хиуылхæцгæ æмæ куырыхон сылгоймагæй. Фыры æргæвдынмæ куы ракодтой, уæд сæм Машо бахатыд, цæмæй йæ ма аргæвстаиккой, уымæн æмæ йæ сæрмагондæй дардтой нывондæн æрхæссынæн Джиуæргуыбайы боны. Гуырдзиæгтæ бахудтысты: «Сыгъдæг зæдтæ уын ницæмæй уал баххуыс кæндзысты». Агрессортæ аргæвстой фыры æмæ суанг райсоммæ цæл, минас кодтой. Машойы ныхæстæм гæсгæ, фæстæдæр уыцы гуырдзиаг тыхæйисджытæй иу дæр сæрæгасæй нæ аирвæзт, Хуыцауы раз бафыстой сæ тæригъæдты тыххæй.

Гуырдзиаг меньшевиктæ хъæуæй куы цыдысты, уæд скуынæг кодтой, хъæуы цæрджытæ цы тыллæг æрæмбырд кодтой, уый. Басыгътой цъынатæ æмæ скъæттæ, ныццагътой хæдзарон фос æмæ цæрæгойты. Зымæджы къæсæрыл баззадысты афтид армæй, цæмæй фæцардаикой, ахæмæй сын гуырдзиæгтæ ницыуал ныууагътой. Кæй зæгъын æй хъæуы, разиан кодтой Козаты бинонтæн дæр. Басыгътой сын сæ хосдон. Уырдыгæй зынджы æвзæгтæ баирвæзтысты, йæ цуры цы кæрдобæлас уыд, уымæ дæр.

Бæлас басыгъд иуæрдыгæй æмæ раст, цыма, йæхи æмæ ирон адæмы хъысмæтыл куыдта æмæ катай кодта, уыйау йæ сæр æркъул кодта. Фæлæ æрдз диссаг у, бæлас æххæстæй нæ бахус æмæ йæ иннæ хай бирæ азты дæргъы дыргътæ дæтта йæ хицæуттæн.

«Фæстагмæ нæ бинонтæ рацыдысты горæтмæ, мæ фыды хæдзар ныппырх. 2008 азы августы хæсты фæстæ мæ фыд æмæ нæ хиуæттимæ ацыдыстæм  хъæумæ,  цæмæй     асыгъдæг кодтаиккам цæхæрадон. Ралыг кодтам зæронд бæлæсты. Фæлæ мæ фыды дæр æмæ мæхи дæр нæ бафæндыд  кæрдобæласы хус зæнг ралыг кæнын: «Уадз, лæууæд. Ацы бæлас у геноциды, æртæ хæсты æгомыг æвдисæн, ирон адæм цы геноцид бавзæрстой гуырдзиаг агрессорты ‘рдыгæй, уый æвдисæн. Абоны онг дæр ма кæрдобæласы хус зæнг лæууы йæ бынаты», – радзырдта Козаты Олег.

1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд сæ фæндагыл цы æййæфтой, уыдон сыгътой, куынæг кодтой ирон этносы æппæт минæвæртты, уыцы нымæцы    Цхинвалы районы дæр. Кæд 104 азы рацыд уыцы æнамонд бонæй, уæддæр ирон адæмæй макуы хъуамæ ферох уой цæрæнбонты цыфыддæр знаджы æгъатыр æмæ сырдон митæ.

Афтæ рауад æмæ 20-æм азты гуырдзыйæн сæ зæрды цы уыд, ома, ирон адæмы сæ фыдæлты зæххæй фæсурын, уый сæ сæртæй нæ аппæрстой æмæ та сын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ та сфæлхатт кодтой сæ сырдон митæ ирон адæмы ныхмæ. Мардтой нæ, сыгътой нæ, æрмæстдæр ирæттæ кæй стæм æмæ нæ фыдæлты зæххыл кæй цæрæм, уый тыххæй. 1989 азы 23-æм ноябры гуырдзиæгтæ нæ горæтмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ куы цыдысты æмæ сæ нæ хъайтар лæппутæ куы нæ æрбауагътой, уæдæй суанг 2008 азы онг гуырдзы ирон адæмæн арæзтой геноцид. Уал азы дæргъы гуырдзыйы аххосæй цал æмæ цал ирон адæймаджы бабын.  Тынг бирæ сты…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.