Ахæм адæймаг сæдæгай азты иу хатт райгуыры, куы райгуыры, уæд та никуы амæлы. Къоста махæн у хуыцауы лæвар, нæ рухстауæг, нæ зондамонæг. Уый тынг бирæ уарзта йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмы.

Мах æй не ’ппæт дæр зонæм, куыд уæззау уыдысты йæ сывæллоны бонтæ, уæддæр тырныдта ахуырмæ.

Ирон ахуырад райрæзыны хъуыды æхсæнады размæ чи хаста, уыцы интеллигенцийы ’хсæн, мæнмæ гæсгæ, иууыл егъаудæр бынат ахсы Къостайы архайд. Йæ адæмуарзон зæрдæ кæддæриддæр дзырдта ирон сывæллæтты хъысмæтимæ, йе ’хсæнадон куыст æнгом баст уыд рухстауынимæ, скъолаты уавæр фæхуыздæр кæнынимæ. Къостайыл абон дæр æз тынг фæдис кæнын, уый куыд хорз æнкъардта рæстæджы ивындзинæдтæ. Йæ дунембарынад æмæ йе сфæлдыстадыл фæзынд прогрессивон зонды тæфаг. Йæ уацмыстæ йын куы кæсын, уæд ирдæй фенын, абоны царды дæр тынг актуалон кæй сты. Къостайæн йæ дзырдтæй иуы дæр, нæ дæр баивæн ис æндæр дзырдтæй, нæ дæр аппарæн ис, уый стыр диссаг у! Хетæджы фырт хорз æмбæрста, цавæр ахуыргæнджытæ хъæуы ирон скъолайы, цæуыл хъуамæ ахуыр кæной ирон сывæллæтты.

Къостайæн йе ’мдзæвгæтæ систы ирон поэзийы тæмæнтæкалгæ хæзнатæ. Ирдæй æвдисынц поэты хæлар æмæ уарзæгой зæрдæйы уаг æнусты дæргъы æнæнымæц зынтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæммæ. Зæрдæ ныхъхъæрзы уыдонмæ хъусгæйæ, фæлæ дзы Къостайы хуызæн йæ зарджытæй хæх-тæй бæрзонддæр ничи схызт.

ÆЛБОРТЫ Оксана,
Цхинвалы иумæйагахуырадон скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы 1 категорийы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.